Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ Псаломы 37:25 стихы Давиды ныхӕстӕ ӕмӕ Матфейы 6:33 стихы Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕринагцух уой?

Давид ныффыста: «Никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ». Давид афтӕ уымӕн ныффыста, ӕмӕ йӕ йӕхицӕй зыдта, хабар афтӕ кӕй у, уый. Хуыцау ыл кӕй тыхсы, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта (Пс. 37:25). Фӕлӕ Давиды ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ никуы ницы цух уыдысты кӕнӕ уыдзысты.

Давид йӕхӕдӕг дӕр уӕззау уавӕры иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахауд. Зӕгъӕм, иуафон Саулӕй куы ’мбӕхст, уӕд ӕм хӕринаг нал уыд, ӕмӕ йӕ бахъуыд йӕхицӕн ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдонӕн дӕр къӕбӕр самал кӕнын (1 Сам. 21:1–6). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Давиды бахъуыд «къӕбӕр ракурын». Кӕд ахӕм зын уавӕры уыд, уӕддӕр ӕй зыдта, Йегъовӕйӕ рох кӕй нӕу. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Библийы никуы ис фыст, Давид мӕгуыргур кӕй цыди.

Матфейы 6:33 стихы Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытыл тыхсдзӕн, царды сын Паддзахады хъуыддаг сӕйрагдӕр куы уа, уӕд. Уый загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр [уыимӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм ӕмӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, уыдӕттӕ дӕр] уыдзӕни». Фӕлӕ ма Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй йӕ «гыццыл ӕфсымӕртӕ» хӕринагхъуаг ӕййафдзысты, сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты, уый тыххӕй (Матф. 25:35, 37, 40). Ахӕм уавӕры-иу уыд апостол Павел дӕр – хатт-иу ӕххормаг дӕр уыди ӕмӕ дойны дӕр (2 Кор. 11:27).

Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, алыхуызон ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Мах Хуыцауӕн ӕххуыс кӕнӕм Хӕйрӕджы фауӕн ныхӕстӕн дзуапп раттынӕн, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ хатт ахӕм уавӕртӕ бауадзы, цӕмӕй истӕмӕй цух ӕййафӕм (Иов 2:3–5). Зӕгъӕм, нацистты рӕстӕджы не ’фсымӕртӕ концлагерты ахӕм ӕфхӕрд ӕййӕфтой, ӕмӕ-иу сӕ цард уыди тӕссаг уавӕры. Хӕринаг-иу сын фаг нӕ лӕвӕрдтой, ӕмӕ Хӕйрӕг уыцы уавӕрӕй афтӕ пайда кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ сивтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн сӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕр нӕ ферох кодта. Хуыцау уыцы рӕстӕг куыд бауагъта, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ зын уавӕры бахаудаиккой, афтӕ абон дӕр бауадзы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ’взарӕм. Фӕлӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны, йӕ номы тыххӕй ӕфхӕрд чи баййафы, уыдонӕн (1 Кор. 10:13). Хорз уаид, куы нӕ рох кӕниккам Филиппӕгтӕм 1:29 стихы фыст ныхӕстӕ: «[Сымахмӕ] ӕрмӕст уыцы кад не ’рхауд, цӕмӕй Чырыстийыл баууӕндат, фӕлӕ ма цӕмӕй уый тыххӕй зындзинӕдтӕ дӕр бавзарат».

Йегъовӕ нын зӕрдӕ ’вӕры, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй никуы ныууадздзӕн. Зӕгъӕм, Исайы 54:17 стихы фыст ис: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн». Ацы зӕрдӕвӕрд ӕмӕ ма Хуыцауы иннӕ зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр йӕ адӕмы ныфс уадзынц, кӕй сӕ хъахъхъӕндзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр абон чырыстӕттӕй бирӕтӕ зын уавӕрты бахауынц, чидӕртӕ та дзы суанг сӕ цард дӕр фесафынц.