«Мӕ хӕринаг у» Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын
Царды дын стыр циндзинад цы хӕссы? Чи зоны, дӕ цардӕмбалимӕ амондджынӕй кӕй цӕрыс, дӕ сывӕллӕтты кӕй хъомыл кӕныс йе та дын хорз ӕмбӕлттӕ кӕй ис, уый. Ӕвӕццӕгӕн ма дын ӕхсызгон вӕййы, бирӕ кӕй уарзыс, уыдонимӕ иумӕ фынгыл абадын дӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, уӕлдай стырдӕр цины хос у, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕныс, йӕ Ныхас Библи йын кӕй ахуыр кӕныс ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕныс, уый.
Рагон Израилы паддзах Давид йе Сфӕлдисӕг Хуыцауы скадджын кодта ахӕм зарӕджы ныхӕстӕй: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос. Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Пс. 40:8). Кӕд Давид царды бирӕ зындзинӕдтӕ федта ӕмӕ ӕфхӕрд дӕр баййӕфта, уӕддӕр ын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын уыди стыр цины хос. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕрмӕст Давидӕн нӕ хаста циндзинад.
Апостол Павел 40-ӕм псаломы 8-ӕм стихы фыст ныхӕстӕй спайда кодта, Мессийӕйы, ома Чырыстийы, кой куы кодта, уӕд. Павел ныффыста: «Чырысти, дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, загъта: „Дӕу нывонд ӕмӕ кувинаг нӕ хъуыд, фӕлӕ мын ӕрцӕттӕ кодтай буар. Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ дӕуӕн дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты“. Ӕмӕ уӕд ӕз загътон: „О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ, мӕн тыххӕй чиныджы тыхтоны куыд фыст у, афтӕ“» (Дзут. 10:5–7).
Йесо Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд-иу ын ӕхсызгон уыд ӕрдзы диссӕгтӕм кӕсын, йе ’мбӕлттимӕ иумӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ иннӕтимӕ фынгыл абадын (Матф. 6:26–29; Иоан. 2:1, 2; 12:1, 2). Фӕлӕ йын уӕддӕр царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд йӕ уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын, уымӕй стырдӕр циндзинад ын ницы хаста. Йесо загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:34; 6:38). Чырыстимӕ кӕсгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бамбӕрстой, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый. Ӕмӕ уыдон дӕр хорз хабар цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтой (Лук. 10:1, 8, 9, 17).
«АЦӔУТ ӔМӔ МЫН... ЦӔТТӔ КӔНУТ АХУЫРГӔНИНӔГТӔ»
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Цӕмӕй ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм, адӕмыл кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлӕм, уым, стӕй, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ-иу хъуамӕ ногӕй бацӕуӕм ӕмӕ-иу семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Цӕмӕй нын ацы хъуыддаг циндзинад хӕсса, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?
Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уазал зӕрдӕ нӕм куы фӕдарынц, уӕд дӕр
Адӕм нӕм хъусой ӕви ма хъусой, уӕддӕр нын нӕ лӕггад циндзинад хӕсдзӕн, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ адӕм уазал зӕрдӕ куы фӕдарынц, уӕд дӕр дарддӕр цӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ мах кӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзӕм. Стӕй ӕмбарӕм уый дӕр, ӕмӕ нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр ууыл баст у (Йез. 3:17–21; 1 Тим. 4:16). Фӕлӕ иуӕй-иу рӕтты хъусын кӕнын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕркӕсӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ахӕм рӕтты дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаиккой.
АЛЫ ФАДАТӔЙ ДӔР ПАЙДА КӔН
Хъусын кӕнгӕйӕ фарстатӕй арӕхстджынӕй куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд нын бирӕ бантысы. Нӕ хо Амалия иубон райсомӕй парчы куы фӕцӕйцыд, уӕд федта иу нӕлгоймаджы газет кӕсгӕ. Амалия йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста, зӕгъгӕ дзы исты хорз хабӕрттӕ ис. Нӕлгоймаг загъта, ницы, зӕгъгӕ. Уӕд ын нӕ хо загъта: «Мӕнмӕ ис иу хорз хабар, уый у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй». Уыцы ныхӕстӕ нӕлгоймаджы бацымыдис кодтой ӕмӕ сразы Библи ахуыр кӕныныл. Уый фӕстӕ ма Амалия уыцы парчы Библи ахуыр кӕнын райдыдта ноджыдӕр дыууӕ адӕймагимӕ.
Нӕ хо Дженис, кӕм кусы, уыцы бынат нымайы йӕ участокыл. Хъахъхъӕнӕгӕй сӕм чи куыста, уыцы нӕлгоймаджы, стӕй ма кусджытӕй ноджыдӕр иуы бацымыдис кодта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй кӕцыдӕр статья, ӕмӕ сын нӕ хо дӕр загъта, йӕ бон кӕй у, цӕмӕй сын ӕдзухдӕр журналтӕ хӕсса. Йӕ иннӕ ӕмкусӕгӕн та йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!»-ы бирӕ алыхуызон статьятӕ кӕй вӕййы, уый, ӕмӕ Дженис уымӕн дӕр загъта, журналтӕ йын кӕй хӕсдзӕн. Уый фӕстӕ ма йӕм йе ’мкусджытӕй ноджыдӕр иу бацыд ӕмӕ дзы уый дӕр журналтӕ ракуырдта. Дженис загъта: «Йегъовӕ мын тынг раарфӕ кодта!» Ӕппынфӕстаг хабар афтӕ рауад, ӕмӕ нӕ хо йе ’мкусджытӕй 11 адӕймагӕн райдыдта журналтӕ хӕссын.
ДӔ КЪУХТӔ-ИУ МА ӔРУАДЗ
Иу цӕуӕг цӕстдарӕг загъта, зӕгъгӕ, хуыздӕр уаид, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ-иу нӕ ныхасы кӕрон адӕймагӕн ӕнӕуи афтӕ куы нӕ зӕгъиккам, ӕндӕр бон та дӕм ӕрбацӕудзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу ӕй куы бафӕрсиккам: «Фӕнды дӕ, Библи ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый дын равдисон?» йе та «Иннӕ хатт дӕм хуыздӕр кӕд уыдзӕн ӕрбацӕуын, цӕмӕй нӕ ныхас адарддӕр кӕнӕм?». Уыцы цӕуӕг цӕстдарӕг куыд загъта, афтӕмӕй, иу ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы иу къуыримӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой 44 адӕймагимӕ.
Кӕимӕ аныхас кӕнӕм, уыдонмӕ-иу ногӕй ӕвӕстиатӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, цалдӕр боны фӕстӕ, куы бацӕуӕм, уӕд-иу нын фылдӕр бантысдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдисдзыстӕм, тынг нӕ кӕй фӕнды сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн Библи ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕнын. Иу сылгоймаджы куы бафарстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныныл цӕмӕн сразы дӕ, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Уымӕн ӕмӕ йӕ федтон, зӕрдиагӕй мыл кӕй тыхсынц ӕмӕ мӕ кӕй уарзынц».
Дӕ бон у адӕймаджы бафӕрсын: «Фӕнды дӕ, Библи ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый дын равдисон?»
Нӕ хо Мадаи Пионерты скъолайы куы сахуыр кодта, уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕгмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта 15 адӕймагимӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр 5 адӕймаджы иннӕ хъусынгӕнджытӕн бабар кодта. Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй цалдӕр адӕймаджы райдыдтой ӕмбырдтӕм цӕуын. Мадаи Библи уал адӕймагимӕ ахуыр кӕнын цӕй фӕрцы райдыдта? Пионерты скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: хорз нӕм чи байхъуыста, уыдоны-иу уый фӕстӕ хӕдзары куы нӕ баййафӕм, уӕддӕр-иу сӕм хъуамӕ ногӕй ӕрбацӕуӕм, цалынмӕ сыл нӕ сӕмбӕлӕм, уӕдмӕ. Рӕстдзинад базонынӕн бирӕтӕн чи баххуыс кодта, иу ахӕм хо та загъта: «Ӕз бамбӕрстон уый, ӕмӕ, Йегъовӕйы базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн сӕйрагдӕр у ногӕй ӕмӕ сӕм ногӕй цӕуын».
Адӕммӕ-иу ногӕй ӕвӕстиатӕй куы бацӕуӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Библи ӕмбарын кӕй фӕнды, уыдоныл ӕцӕгдӕр кӕй тыхсӕм
Цӕмӕй адӕммӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕуай ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). Ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад.