НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ
Бирӕты уырнындзинад чи бафидар кодта, уыцы кинонывыл сӕххӕст 100 азы
«Ӕфсымӕр Рассел ам куыд тынг у йӕхи хуызӕн, афтӕ царды дӕр нӕу!» (1914 азы «Фотодрамӕ»-мӕ чи бакаст, иу ахӕм адӕймаджы ныхӕстӕ).
АЦЫ аз ӕххӕст кӕны 100 азы, адӕмӕн «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» фыццаг хатт куы равдыстой, уыцы хабарыл. Уыцы диссаджы драмӕ уый тыххӕй ӕрцыд арӕзт, цӕмӕй адӕм баууӕндой, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл. Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ ӕууӕндыдысты эволюцийыл, ахуыргӕндтӕ Библимӕ фаутӕ хастой, чидӕртӕ та адӕмӕн ахӕм хъуыды хъардтой, зӕгъгӕ, кӕронмӕ ницӕуыл ис ӕууӕндӕн. Ӕмӕ уый аххосӕй бирӕты Хуыцау нал уырныдта. Фӕлӕ «Сфӕлдыстады фотодрамӕ»-йы бӕлвырдӕй ӕвдыст цыди, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у.
Уыцы рӕстӕг Библииртасджытӕн разамынд лӕвӕрдта Чарлз Рассел. Уый ӕдзухдӕр агуырдта, Библийы рӕстдзинад тагъддӕр ӕмӕ хуыздӕр хъусын кӕнӕн кӕй фӕрцы уыдаид, ахӕм мадзӕлттӕ. Библииртасджытӕ уӕдмӕ дӕр 30 азӕй фылдӕр мыхуыр кодтой литературӕ. Ӕмӕ ныр сӕ хъус ӕрдардтой, ӕрӕджы чи фӕзынд, иу ахӕм мадзалмӕ – кинонывтӕм.
ХОРЗ ХАБАР ХЪУЫСТГОНД ЦӔУЫ КИНОНЫВЫ РУАДЖЫ
1890-ӕм азты адӕм фыццаг хатт федтой киноныв ӕнӕ звукӕй. 1903 азы Нью-Йорчы аргъуантӕй сӕ иуы равдыстой Библийы хабӕрттыл арӕзт киноныв. 1912 азы, уыцы хъуыддаг афтӕ парахат куы нӕма уыд, уӕд, Рассел зӕрдиагӕй бавнӕлдта «Фотодрамӕ» цӕттӕ кӕнынмӕ. Уый бамбӕрста, Библийы рӕстдзинад адӕмы зӕрдӕтӕ ацы ног мадзалы фӕрцы литературӕйӕ тынгдӕр кӕй бацагайдзӕн.
«Фотодрамӕ» цыди 8 сахаты, арӕхдӕр-иу ӕй цыппар хайыл адих кодтой ӕмӕ-иу ӕй афтӕмӕй равдыстой. Уыди дзы 96 цыбыр раныхасы, арӕзт уыдысты Библийы фыст хабӕрттыл. Уыцы раныхӕстӕ рагацау ныффыстой грампластинкӕтыл, кӕсгӕ та сӕ кодта, йӕ хъӕлӕс хорз кӕмӕн зыдтой, иу ахӕм хъуыстгонд диктор. «Фотодрамӕ» конд уыд, Библийӕ зындгонд хабӕрттӕ ӕвдыст кӕм цыд, ахӕм хуызджын слайдтӕй ӕмӕ кинокадртӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ ӕвдыст цыдысты классикон музыкӕйы цагъдмӕ. Арӕхстджын оператортӕ-иу раныхӕсты ӕмӕ музыкӕйы запись скусын кодтой, слайдтӕ ӕмӕ кинокадртимӕ иу рӕстӕг куыд хъуыстаид, афтӕ.
«Хуыцау стъалытӕ куыд сфӕлдыста, уымӕй райдай ӕмӕ, Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон цы уыдзӕн, уымӕй фӕу,– ӕппӕт дӕр ӕвдыст ӕрцыд ацы кинонывы» (Ф. Стюарт Барнз, 1914 азы йыл цыди 14 азы)
«Фотодрамӕ»-йы кинокадртӕн сӕ фылдӕр, стӕй авгӕй конд слайдтӕй бирӕтӕ Библииртасджытӕ балхӕдтой кӕцыдӕр студитӕй. Филадельфийы, Нью-Йорчы, Парижы ӕмӕ Лондоны цӕрӕг нывгӕнджытӕ уыцы слайдтыл нывтӕ скодтой ӕмӕ кинокадртӕ дӕр иугай сахуырстой. Вефилы нывгӕнджыты хайады чи лӕггад кодта, уыдон дӕр стыр куыст бакодтой – чи-иу Райд. 22:9–12).
асаст, уыцы слайдты бӕсты-иу ногтӕ сарӕзтой. Ӕфсымӕртӕ, ӕлхӕнгӕ кӕй бакодтой, уыцы кинонывтӕй уӕлдай ма «Фотодрамӕ»-йы кӕцыдӕр хай систой сӕхӕдӕг, уырдӕм хӕстӕг горӕт Йонкерсы (штат Нью-Йорк). Вефилӕгтӕй дзы чидӕртӕ ахъазыдысты Авраам ӕмӕ Исахъы рольтӕ, стӕй, Авраамы йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссын чи нӕ бауагъта, уыцы зӕды роль дӕр (Ӕфсымӕр Расселы ӕмбӕлттӕй иу ацы ног мадзалы тыххӕй журналисттӕн загъта: «Мах фидарӕй уырны... уый фӕрцы мингай адӕймӕгты кӕй бафӕнддзӕн Фыстад хуыздӕр базонын. Ацы ног мадзал, дины ахуырӕдтӕ парахат кӕныны тыххӕй ныронг цы ’рцыд арӕзт, уыдӕттӕй ницӕимӕ уыдзӕн абарӕн». Уыцы ног мадзалы фӕрцы Библииртасджытӕн сӕ бон уыди, Хуыцауы чи агуырдта, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ цымӕ уый сауджынты зӕрдӕмӕ фӕцыд? Кӕцӕй! Чырыстон аргъуанты кусджытӕ «Фотодрамӕ»-мӕ фаутӕ хӕссын райдыдтой. Чидӕртӕ сӕ кӕм хинӕй архайдтой, кӕм та – ӕргом, цӕмӕй йӕм адӕм ма бакастаиккой. Иухатт сауджынтӕ афтӕ бакодтой, цӕмӕй, «Фотодрамӕ» кӕм хъуамӕ равдыстаиккой, уыцы агъуысты рухс ахуыссын кодтаиккой.
Фӕлӕ-иу уӕддӕр, «Фотодрамӕ» кӕм ӕвдыстой, уыцы театрты адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд. Иугонд Штатты-иу алы бон дӕр «Фотодрамӕ» лӕвар равдыстой иу-80 горӕты. Бирӕтӕ уымӕй размӕ никуы федтой, «дзургӕ кӕм кӕнынц», ахӕм киноныв, ӕмӕ-иу сӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Фӕд-фӕдыл тагъд кӕй ӕвдыстой, уыцы къамты руаджы адӕм федтой, цъиу айчы хъузгӕй куыд рабырыд ӕмӕ дидинӕг куыд рӕсугъд райхӕлд, уый. «Фотодрамӕ»-йы ӕвдыстой наукӕимӕ баст хабӕрттӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны фӕрцы адӕм федтой, Йегъовӕ цӕй стыр зонды хицау у, уый. Ӕмӕ ацы статьяйы райдианы куыд фыст уыд, афтӕмӕй, «Фотодрамӕ»-мӕ чи каст, уыдонӕй сӕ иу, экраныл ӕфсымӕр Расселы фенгӕйӕ, йӕхинымӕр загъта: «Ӕфсымӕр Рассел ам куыд тынг у йӕхи хуызӕн, афтӕ царды дӕр нӕу!»
УЫЦЫ ХЪУЫДДАГ АБАРӔН ДӔР НИЦӔИМӔ УЫД
Иу фыссӕг ӕмӕ киноисторик, Тим Деркс, «Фотодрамӕ»-йы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый уыд «фыццаг киноныв, уыцы иу рӕстӕг звук дӕр (рагацау фыст ныхӕстӕ), стӕй кинокадртӕ ӕмӕ хуызджын слайдтӕ дӕр кӕм уыд». «Фотодрамӕ»-йы размӕ иу ахӕм киноныв дӕр нӕ систой, цӕмӕй дзы уыцы мадзӕлттӕй се ’ппӕтӕй дӕр спайда кодтаиккой, уӕлдайдӕр та, Библийы хабӕрттыл арӕзт чи уыд, ахӕм кинонывты кой куы кӕнӕм, уӕд. Стӕй дзы иумӕ дӕр уыйбӕрц адӕм нӕ бакаст – ӕрмӕст фыццаг азмӕ «Фотодрамӕ»-мӕ Цӕгат Америкӕйы, Европӕйы, Австралийы ӕмӕ Ног Зеландийы ӕдӕппӕтӕй бакаст фараст милуан адӕймаджы бӕрц!
«Фотодрамӕ» фыццаг хатт равдыстой Нью-Йорчы 1914 азы 11 январы. Уымӕй авд мӕйы фӕстӕ ӕрцыд ӕвирхъау хабар – райдыдта Фыццаг дунеон хӕст. Фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕм дарддӕр дӕр ӕмбырд кодтой, цӕмӕй-иу «Фотодрамӕ»-мӕ бакастаиккой. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахад фидӕны цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый-иу куы федтой, уӕд-иу сын уый уыди стыр ныфсы хос. Ӕцӕгдӕр, йӕ рӕстӕджы «Фотодрамӕ» уыди, абарӕн дӕр кӕй ницӕимӕ уыд, ахӕм стыр хъуыддаг.