Авд фыййауы ӕмӕ аст кънйазы нӕ рӕстӕджы кӕмӕ амонынц?
«Сӕ ныхмӕ [сын] ракӕндзыстӕм авд фыййауы, аст кънйазы адӕмы ’хсӕнӕй» (МИХ. 5:5).
1. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Израилы ӕмӕ Сирийы паддзӕхтӕн сӕ фӕнд сӕ къухы ницы хуызы бафтыдаид?
ХАБАР уыд нӕ эрӕйы размӕ ӕстӕм ӕнусы (762–759 азты ’хсӕн). Израилы ӕмӕ Сирийы паддзӕхтӕ рацыдысты Иудӕйы паддзахады ныхмӕ. Сӕ нысан цы уыд? Иерусалим бацахсын ӕмӕ паддзах Ахазы бӕсты ӕндӕр адӕймаджы паддзахӕй сӕвӕрын – ӕвӕццӕгӕн, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй чи нӕ уыд, ахӕмы (Ис. 7:5, 6). Фӕлӕ сӕ фӕнд сӕ къухы ницы хуызы бафтыдаид. Йегъовӕ загъта, йӕ паддзахбадӕныл алкӕддӕр Давиды байзӕддӕгтӕ кӕй баддзысты, ӕмӕ Хуыцауы ныхас та никуы фӕмӕнг вӕййы (Йес. Н. 23:14; 2 Сам. 7:16).
2–4. Бамбарын кӕн, Исайы 7:14, 16 стихтӕ куыд сӕххӕст сты а) нӕ эрӕйы размӕ ӕстӕм ӕнусы ӕмӕ ӕ) Йесойы рӕстӕджы?
2 Фыццаг афтӕ зынди, цыма Сири ӕмӕ Израил уыцы хӕсты фӕуӕлахиз уыдзысты. Ӕрмӕстдӕр иу тохы Ахазы ӕфсадӕй фӕхъуыд 120 000 хъӕбатыр ӕфсӕддоны! Паддзахӕн ма йӕ фырт Маасейӕйы дӕр амардтой (2 Аз. 28:6, 7). Фӕлӕ Йегъовӕ хабӕрттӕм йӕ хъус дардта. Рох дзы нӕ уыд, Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Гъемӕ пехуымпар Исайы уылты фехъусын кодта, йӕ адӕмы стыр ныфс чи бауагъта, ахӕм хабар.
3 Исай загъта: «Ӕрыгон сылгоймаг басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ йӕ схондзӕн Еммануил. [...] Лӕппу хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнынхъом нӕма уыдзӕн, афтӕ, тынг кӕмӕй тӕрсыс, уыцы дыууӕ паддзахы [Сирийы ӕмӕ Израилы паддзӕхты] зӕххытӕ дзӕгъӕл баззайдзысты» (Ис. 7:14, 16). Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй уыцы пехуымпарадӕн йӕ фыццаг хай амыдта Мессийӕйы райгуырдмӕ (Матф. 1:23). Фӕлӕ, Йесо куы райгуырд, уыцы рӕстӕг Иудӕйӕн Сирийы ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕй тӕссаг нал уыд. Уӕдӕ, Еммануилы тыххӕй цы пехуымпарад загъд уыд, уый фыццаг хатт хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой Исайы рӕстӕджы.
*. Раджы заманты-иу сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу ыл сӕвӕрдтой, цавӕрдӕр ахсджиаг хабар зӕрдыл чи лӕууын кодтаид, ахӕм ном, фӕлӕ-иу ӕй йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ та ӕндӕр номӕй хуыдтой (2 Сам. 12:24, 25). Йесойы Еммануил кӕй хуыдтой, уымӕн та бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. (Бакӕс Исайы 7:14; 8:3, 4.)
4 Исай уыцы ахсджиаг хабар куы фехъусын кодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ ус басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырди фырт, схуыдтой йӕ Магер-Шелал-Хаш-Баз. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы сывӕллон уыди, Исай цы «Еммануилы» кой кодта, уый5. Паддзах Ахаз цавӕр ӕнӕзонд уынаффӕ рахаста?
5 Израил ӕмӕ Сири сӕ ных Иудӕмӕ куы сарӕзтой, уӕд ма ӕндӕр хӕстмондаг паддзахад дӕр хъавыд Иудӕ бацахсынмӕ. Уый уыд Ассири, фӕстӕдӕр дунеон паддзахад чи сси, уыцы бӕстӕ. Исайы 8:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, цалынмӕ Ассири хуссар паддзахад Иудӕмӕ бабырстаид, уӕдмӕ уал хъуамӕ «Дамаскы исбон» ӕмӕ «Самарийы мулк» ахастаид. Фӕлӕ Ахаз, Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты цы загъта, ууыл баууӕндыны бӕсты бакодта тынг ӕнӕзонд ми – ассириӕгтимӕ бадзырд скодта. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ассириӕгтӕ Иудӕйы адӕмы ӕфхӕрын райдыдтой (2 Пад. 16:7–10). Куыд ӕвзӕр фыййау разынд Ахаз Иудӕйы адӕмӕн! Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын мӕ куы фӕхъӕуы, уӕд мӕ зӕрдӕ Хуыцауыл фӕдарын ӕви адӕймагыл?» (Ӕмб. 3:5, 6).
НОГ ФЫЙЙАУ АРХАЙЫ ӔНДӔРХУЫЗОН
6. Езеки Ахазӕй цӕмӕй хицӕн кодта?
6 Ахаз амард нӕ эрӕйы размӕ 746 азы, ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Езеки. Уыцы рӕстӕг Иудӕйы адӕм уыдысты тынг мӕгуыр, стӕй Йегъовӕйӕн дӕр нал лӕггад кодтой. Цымӕ ӕрыгон паддзах фыццаг цавӕр хъуыддагмӕ бавнӕлдта? Мыййаг, ууыл райдыдта архайын, цӕмӕй та Иудӕ ногӕй хъӕздыг бӕстӕ суыдаид? Нӕ. Езеки уарзта Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмӕн уыд хорз фыййау. Ӕмӕ фыццаджыдӕр бавнӕлдта раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ. Езекийы фӕндыд Иудӕйы адӕмы фӕстӕмӕ сӕ Хуыцаумӕ ӕрбакӕнын. Йегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый куыддӕр бамбӕрста, афтӕ зӕрдиагӕй архайын райдыдта. Ӕмӕ уымӕй махӕн фӕзминаг куыннӕ у! (2 Аз. 29:1–19).
7. Левитты ног паддзахы ӕххуыс цӕмӕн хъуыди?
7 Уыцы рӕстӕг левиттыл уыди стыр хӕс – хъуамӕ адӕмӕн баххуыс кодтаиккой, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйӕн кувын райдыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Езеки ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын йе ’ххуысӕй зӕрдӕ бавӕрдта. Уыцы иузӕрдион левиттӕн, ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй сӕ цӕссыг ӕркалд, паддзах сын афтӕ куы загъта: «Йегъовӕ сымах равзӕрста, цӕмӕй йӕ разы лӕууат ӕмӕ йын лӕггад кӕнат» (2 Аз. 29:11). Афтӕмӕй паддзах левиттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаиккой ӕцӕг Хуыцауӕн кувынӕн.
8. Езеки ма ноджыдӕр цы сарӕзта, цӕмӕй та адӕм Йегъовӕйӕн кувын райдыдтаиккой? Уыцы хъуыддаджы йӕ къухы цы бафтыд?
8 Езеки Иудӕйы ӕмӕ Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынмӕ. Уый фӕстӕ та адӕм сбӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Уыцы бӕрӕгбон-иу ӕнӕуи ахаста авд боны, фӕлӕ адӕм афтӕ цин кодтой, ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр авд боны бӕрӕг кодтой. Библийы фыст ис: «Иерусалимы уыди стыр циндзинад, уымӕн ӕмӕ, Давиды фырт Соломон куы уыди Израилы паддзах, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иерусалимы ахӕм хабар никуы уыд» (2 Аз. 30:25, 26). Уыцы бӕрӕгбон адӕмӕн цӕй стыр ныфсы хос фӕуыдаид! 2 Азфыстыты 31:1 мах кӕсӕм: «Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ... кувӕн дуртӕ... ныссастой, кувӕн цӕджындзтӕ афӕлдӕхтой, ныппырх кодтой кувӕн бынӕттӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ». Афтӕмӕй Иудӕйы адӕм фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Ӕмӕ уый фӕрцы цӕттӕ разындысты, фӕстӕдӕр цы бӕллӕхы бахаудысты, уымӕ.
ПАДДЗАХ ЙӔ ЗӔРДӔ ДАРЫ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ
9. а) Израилы паддзахы фӕндтӕй исты рауад? ӕ) Сеннахиримӕн райдианы Иудӕйы цы бантыст?
9 Исай куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ассириӕгтӕ цӕгат паддзахад Израил бацахстой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары акодтой. Афтӕмӕй Израилы паддзахы фӕндтӕй ницы рауад – Иудӕйы паддзахады йын Давиды байзӕддаджы бӕсты паддзахӕй ӕндӕр адӕймаджы сӕвӕрын нӕ бантыст. Ӕмӕ Ассири та дарддӕр цы фӕнд кодта? Уый йӕ ных сарӕзта Иудӕмӕ. «Езеки цыппӕрдӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Ассирийы паддзах Сеннахирим схӕцыд Иудӕйы фидаргонд горӕттимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр ӕмӕ сӕ бацахста». Сеннахирим Иудӕйы бацахста 46 горӕты. Уыцы рӕстӕг ды Иерусалимы куы цардаис, уӕд куыд кодтаис? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Ассирийы ӕфсӕдтӕ Иудӕйы горӕттыл иу иннӕйы фӕдыл куыд уӕлахиз кодтой ӕмӕ Иерусалиммӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр куыд кодтой, уый! (2 Пад. 18:13).
10. Михейы 5:5, 6 фыст ныхӕстӕ Езекийы ныфс цӕмӕн бауагътаиккой?
10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Езеки зыдта, тӕссаг уавӕры кӕй сты. Фӕлӕ уый йӕ фыд Ахазы нӕ бафӕзмыдта ӕмӕ фыртӕссӕй мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй ӕххуыс курынмӕ нӕ фӕци. Езеки йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл (2 Аз. 28:20, 21). Ӕвӕццӕгӕн, зыдта, пехуымпар Михей ассириӕгты тыххӕй цы загъта, уый дӕр: «Ассириӕгтӕн... сӕ ныхмӕ ракӕндзыстӕм авд фыййауы, аст кънйазы адӕмы ’хсӕнӕй. Ӕмӕ уыдон Ассирийы бӕстӕ... хъамайӕ бафхӕрдзысты» (Мих. 5:5, 6). Уыцы ныхӕстӕ Езекийы стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой. Тугмондаг ассириӕгты ныхмӕ хъуамӕ рацыдаид, адӕймагмӕ тынг ӕнахуыр чи фӕкастаид, ахӕм ӕфсад ӕмӕ сӕ хъуамӕ ныппырх кодтаид!
11. Авд фыййау ӕмӕ аст кънйазы тыххӕй пехуымпарад сӕйраджыдӕр кӕд хъуамӕ сӕххӕст уа?
11 Михейы пехуымпарады Йесойы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый уыдзӕн, Израилы Йегъовӕйы номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый». Фӕлӕ дзы авд фыййауы ӕмӕ аст кънйазы тыххӕй цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон сӕйраджыдӕр Михейы 5:1, 2.) Уыцы хабар уыдзӕн, фидӕны Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн «ассириӕгтӕ» сӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд. Цымӕ уыцы знӕгты ныхмӕ Йегъовӕ йӕ Фырты разамындӕй кӕй ракӕндзӕн? Уый дарддӕр базондзыстӕм. Фӕлӕ уал фыццаг базонӕм, ассириӕгтӕ Иерусалим бацахсынмӕ куы хъавыдысты, уыцы рӕстӕг Езеки цы сарӕзта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм.
хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, Йесо куы райгуырдаид, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр. (БакӕсЕЗЕКИ АРХАЙЫ ЗОНДДЖЫНӔЙ
12. Езеки ӕмӕ иннӕтӕ Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕныны тыххӕй цы сарӕзтой?
12 Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ бӕсты саразынмӕ. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй, нӕ бон цы у, уый та-иу нӕхӕдӕг бакӕнӕм. Езеки дӕр, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта. Уый «йӕ кънйӕзтимӕ ӕмӕ йӕ тыхджын лӕгтимӕ» бауынаффӕ кодта, ӕмӕ «горӕты ӕдде цы суадӕттӕ уыд, уыдон ӕрӕхгӕдтой». Стӕй ма Езеки «ныфсджынӕй бавнӕлдта ӕмӕ пырх къул фӕстӕмӕ сарӕзта, стӕй йыл сарӕзта мӕсгуытӕ, ӕддӕрдыгӕй та ма скодта ӕндӕр къул дӕр... стӕй сарӕзта бирӕ ӕрцытӕ ӕмӕ уартытӕ» (2 Аз. 32:3–5). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ йӕ адӕмы хъахъхъӕдта ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта Езекийы ӕмӕ йӕ кънйӕзты уылты, стӕй иузӕрдион пехуымпарты уылты дӕр.
13. Езеки адӕмӕн ассириӕгты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй баххуыс кодта? Бамбарын ӕй кӕн.
13 Езеки уый фӕстӕ цы сарӕзта, уый суадӕттӕ ӕрӕхгӕнынӕй ӕмӕ горӕты къултӕ фӕфидардӕр кӕнынӕй ноджы ахсджиагдӕр уыд. Езеки Хуыцауы адӕмӕн хорз фыййау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын сӕ ныфс бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ассирийы паддзахӕй... ӕппындӕр ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ, немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, йемӕ чи ис, уыдонӕй. Уый йӕ ныфс адӕймаджы хъаруйыл дары, махимӕ та ис нӕ Хуыцау Йегъовӕ, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ бӕсты тох кӕна». Езеки адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ сӕ сӕрыл кӕй хӕцдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ сӕ ныфс бацыд. Езеки, йӕ кънйӕзтӕ ӕмӕ йӕ тыхджын лӕгтӕ, стӕй пехуымпартӕ Михей ӕмӕ Исай дӕр разындысты хорз фыййӕуттӕ, Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты куыд загъта, раст афтӕ (2 Аз. 32:7, 8; бакӕс Михейы 5:5, 6).
14. Рабсак Иерусалимы цӕрджытӕн цы дзырдта ӕмӕ уыдон та сӕхи куыд дардтой?
14 Ассирийы паддзах йе ’фсадимӕ ӕрбынат кодта Лахисы, Иерусалимӕй хуссар-ныгуылӕнырдӕм. Ӕмӕ уырдыгӕй рарвыста ӕртӕ минӕвары, цӕмӕй Иерусалимы цӕрджытӕн загътаиккой, уӕхи нӕ къухтӕм раттут, зӕгъгӕ. Паддзахы сӕйраг минӕвар, рабсак кӕй хуыдтой, уый, Иерусалимы цӕрджытимӕ барӕй дзуттагау дзырдта. Фыццаг уал сын загъта, цӕмӕй Езекимӕ ма хъуыстаиккой, фӕлӕ сӕхи бакодтаиккой ассириӕгты дӕлбар. Уый фӕстӕ сӕ сайдта ахӕм ныхӕстӕй, зӕгъгӕ уӕ тынг хорз зӕххыл ӕрцӕрын кӕндзыстӕм. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 18:31, 32.) Рабсак ма сын афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, иннӕ адӕмты хуыцӕуттӕн сӕ адӕмы бахъахъхъӕнын сӕ бон куыд нӕ баци, афтӕ уын Йегъовӕ дӕр нӕ баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ зондджын разындысты – уыцы мӕнг ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ рабсакмӕ ӕппындӕр ницы сдзырдтой. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ раст афтӕ фӕархайынц. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 18:35, 36.)
15. Иерусалимы цӕрджытӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой? Йегъовӕ сӕ куыд фервӕзын кодта?
15 Уыцы зын рӕстӕг Езеки куыннӕ тыхстаид. Фӕлӕ уый ӕндӕр бӕстӕйы адӕмӕй нӕ ракуырдта ӕххуыс. Паддзах йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста пехуымпар Исаймӕ. Ӕмӕ йын Исай загъта: «[Сеннахирим] ацы горӕтмӕ нӕ бацӕудзӕн, йӕ фат ардӕм нӕ фехсдзӕн» (2 Пад. 19:32). Иерусалимы цӕрджыты ницы хъуыди аразын, ӕрмӕст хъуамӕ сӕ ныфс сӕттын ма бауагътаиккой. Сӕ бӕсты хъуамӕ Йегъовӕ тох кодтаид. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад! «Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕйы зӕд рацыд ӕмӕ Ассирийы ӕфсадӕй ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин лӕджы» (2 Пад. 19:35). Иерусалимы адӕм фервӕзтысты, Езеки суадӕттӕ кӕй ӕрӕхгӕдта ӕмӕ горӕты къултӕ кӕй фӕфидар кодта, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы.
АЦЫ ХАБАРӔЙ МАХ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ
16. Кӕмӕ амонынц а) Иерусалимы цӕрджытӕ, ӕ) «ассириӕгтӕ» ӕмӕ б) «авд фыййауы» ӕмӕ «аст кънйазы»?
16 Авд фыййауы ӕмӕ аст кънйазы тыххӕй пехуымпарад сӕйраджыдӕр хъуамӕ сӕххӕст уа нӕ рӕстӕджы. Рагон Иерусалимы цӕрджыты ныхмӕ ассириӕгтӕ куыд рацыдысты, афтӕ тагъд рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ дӕр рацӕудзысты, фесафынмӕ сӕ чи хъавдзӕн, уыцы «ассириӕгтӕ», ома се знӕгтӕ. Уӕд знӕгтӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ уыцы адӕмӕн ӕххуысгӕнӕг нӕй. Библийы ма ӕндӕр стихты фыст ис, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог», «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «зӕххон паддзӕхтӕ» (Йез. 38:2, 10–13; Дан. 11:40, 44, 45; Рарг. 17:14; 19:19). Цымӕ ацы стихты алыхуызон хабӕртты кой цӕуы? Уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Библи арӕх уыцы иу хабармӕ фӕамоны алыхуызон ныхӕстӕй. Михейы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Йегъовӕ «ассириӕгты» ныхмӕ кӕй ракӕндзӕн? Адӕймагмӕ тынг ӕнахуыр чи фӕкӕсид, ахӕм ӕфсад – «авд фыййауы» ӕмӕ «аст кънйазы»! (Мих. 5:5). Цымӕ чи сты уыдон? Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (1 Пет. 5:2). Абон Йегъовӕ ӕцӕгдӕр радта бирӕ иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгты, цӕмӕй йын йӕ зынаргъ фысты хизой *. Уыдон ын йӕ адӕмы фидар кӕнынц, цӕмӕй, фидӕны «ассириӕгтӕ» сӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд цӕттӕ разыной. Михейы пехуымпарады фыст ис, уыцы фыййӕуттӕ ӕмӕ кънйӕзтӕ Ассирийы бӕстӕ хъамайӕ кӕй бафхӕрдзысты (Мих. 5:6). Ӕмӕ абон сӕ хӕцӕнгӕрзтӕй иу ӕцӕгдӕр у «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама», ома Хуыцауы Ныхас (2 Кор. 10:4; Еф. 6:17).
17. Ацы статьяйы цы хабармӕ ӕркастыстӕм, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр цыппар хъуыддагыл ахуыр кӕнынц?
17 Ацы статьяйы цы хабармӕ ӕркастыстӕм, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахуыр кӕнынц цыппар ахсджиаг хъуыддагыл: 1) Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, «ассириӕгтӕ» Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд цӕттӕ разыной, уый тыххӕй сӕйраджыдӕр хъуамӕ сӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл дарой ӕмӕ ӕмбырды иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕной. 2) «Ассириӕгтӕ» нӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕной, Йегъовӕ нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. 3) Уыцы рӕстӕг, чи зоны, искӕмӕ афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕйы организаци цы разамынд дӕтты, уый ӕнахуыр у. Фӕлӕ хъуамӕ не ’ппӕт дӕр цӕттӕ уӕм, цы разамынд нын лӕвӕрд цӕуа, уымӕ гӕсгӕ архайынмӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ цард ууыл баст уыдзӕн. 4) Кӕд нӕ исчи йӕ зӕрдӕ уӕлдӕр ахуырадыл, мулкыл кӕнӕ адӕмы организацитыл дары, уӕд ныр хъуамӕ йӕ зондахаст фӕива. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн нӕу, уыдонӕн.
18. Кӕуыл аныхас кодтам, уыцы хабар нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый фидӕны куыд баххуыс кӕндзӕн?
18 Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм уыдзысты, Езекийы рӕстӕджы Иерусалимы цӕрджытӕ цы уавӕры уыдысты, ахӕм уавӕры – афтӕ зындзӕн, цыма сын фервӕзӕн нӕй. Ӕмӕ нын уыцы рӕстӕг Езекийы ныхӕстӕ уыдзысты стыр ныфсы хос. Рох нӕ ма уӕд, «не знӕгтӕ сӕ ныфс адӕймаджы хъаруйыл дарынц, махимӕ та ис нӕ Хуыцау Йегъовӕ, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ бӕсты тох кӕна»! (2 Аз. 32:8).
^ 4 абз. Исайы 7:14 «ӕрыгон сылгоймаг»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны моймӕдзыд сылгоймагмӕ кӕнӕ ӕнӕвнӕлд чызгмӕ. Уӕдӕ уыцы иу дзырд ахӕссӕн ис Исайы усмӕ дӕр ӕмӕ дзуттаг чызг Марийӕмӕ дӕр.
^ 16 абз. Нымӕц авд Библийы арӕх фӕамоны ӕххӕст цӕмӕдӕр. Нымӕц аст та, авдӕй фылдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фӕамоны, тынг бирӕ цы у, уымӕ.