Де ’мбырды хорз «зӕрдӕйы уаг» хъахъхъӕн
«Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут» (ФИЛ. 4:23).
1. Павел ӕмӕ Йесо Чырысти Филиппты ӕмӕ Фиатирӕйы ӕмбырдтӕй цӕмӕн раппӕлыдысты?
ФИЛИППТЫ фыццаг ӕнусы цы чырыстӕттӕ царди, уыдон кӕд мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр уыдысты рӕдау, стӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты тынг уарзтой (Фил. 1:3–5, 9; 4:15, 16). Павел дӕр сӕм уый тыххӕй ныффыста афтӕ: «Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут» (Фил. 4:23). Фиатирӕйы ӕмбырды чырыстӕттӕн дӕр ахӕм зӕрдӕйы уаг кӕй уыд, уый тыххӕй сын Йесо Чырысти загъта: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад, дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ фидардзинад, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый дӕр» (Рарг. 2:19).
2. Алкӕмӕн дӕр нӕ цы зӕрдӕйы уаг ис, уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр куыд фӕзыны?
2 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕй алкӕцыйӕн дӕр ис йӕхи «зӕрдӕйы уаг», кӕнӕ зондахаст. Иуӕй-иу ӕмбырдты чырыстӕттӕ уӕлдай цингӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ вӕййынц. Иннӕтӕ зынгзӕрдӕйӕ фӕархайынц хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ дзы бирӕтӕ фӕлӕггад кӕнынц пионертӕй. Алчидӕр нӕ куы архайа, цӕмӕй йын хорз зӕрдӕйы уаг уа, уӕд ӕмбырд рӕздзӕн, фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ дзы уыдзӕн иудзинад (1 Кор. 1:10). Фӕлӕ ӕмбырды искӕмӕн ӕвзӕр зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд уый иннӕтыл дӕр фӕзындзӕн: Хуыцауӕн къаддӕр лӕггад кӕндзысты, уацамынды афтӕ зынгзӕрдӕ нал уыдзысты ӕмӕ ма суанг уӕззау тӕригъӕдтӕм дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсдзысты (1 Кор. 5:1; Рарг. 3:15, 16). Уе ’мбырдӕн та цавӕр «зӕрдӕйы уаг» ис? Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй де ’мбырдӕн хорз «зӕрдӕйы уаг» уа?
АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ДЕ ’МБЫРДЫ УА ХОРЗ «ЗӔРДӔЙЫ УАГ»
3, 4. Нӕ бон куыд у ӕмбырды Йегъовӕйы кадджын кӕнын?
3 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕн зарыд: «Ӕз дӕ Пс. 35:18). Уый Йегъовӕйы кадджын кодта Хуыцауы лӕггадгӕнджытимӕ иумӕ. Алы къуыри дӕр нын цы ӕмбырдтӕ вӕййы, зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр, уыдоны фӕрцы нын вӕййы фадат, цӕмӕй-иу нӕ зынгзӕрдӕдзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад нӕ дзуаппытӕй равдисӕм. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Мӕ бон цас у, уыйбӕрц дзуаппытӕ фӕдӕттын? Мӕхи афтӕ бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй мӕ бон уа хорз дзуаппытӕ дӕттын? Куыд бинонты хистӕр, афтӕ мӕ сывӕллӕттимӕ ӕмбырдтӕм рагацау бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын, цӕмӕй дзуапп сӕхи ныхӕстӕй дӕттой?»
бӕрзонд кӕндзынӕн стыр ӕмбырды, бирӕ адӕмы ’хсӕн дӕ кадджын кӕндзынӕн» (4 Нӕ зӕрдӕ фидар кӕй у, ома, раст цы у, уый нӕ кӕй фӕнды аразын, уый нӕ бон у ӕвдисын, ӕмбырды куыд фӕзарӕм, уымӕй. Давид загъта: «Мӕ зӕрдӕ фидар у, о Хуыцау, мӕ зӕрдӕ фидар у. Ӕз цӕгъддзынӕн ӕмӕ зардзынӕн» (Пс. 57:7). Махӕн дӕр ӕмбырды вӕййы хорз фадат, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зарӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, нӕ зӕрдӕ фидар кӕй у. Кӕд кӕцыдӕр зарджытӕ хорз нӕ зонӕм, уӕд сӕ нӕ бон у бинонты ахуыры рӕстӕджы ахуыр кӕнын. Мах дӕр фӕнды псаломзарӕггӕнӕджы фӕзмын. Уый загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕн зардзынӕн цӕрӕнбонты. Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн» (Пс. 104:33).
5, 6. Уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг ӕмӕ уый ӕмбырды иннӕты цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?
5 Уазӕгуарзон куы уӕм, уӕд не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарздзысты. Павел дзуттӕгтӕм ӕрвыст фыстӕджы фӕстаг сӕры ныффыста: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут. Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый» (Дзут. 13:1, 2). Нӕ уазӕгуарзондзинад равдисынӕн иу хорз фадат у цӕуӕг цӕстдарӕджы ӕмӕ йӕ цардӕмбалы кӕнӕ, ӕмбырды ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕй искӕй нӕхимӕ фӕхонын. Нӕ бон ма у ӕнӕуи кӕнӕ та нӕ бинонты ахуырмӕ фӕхонын идӕдзты, йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы хо кӕнӕ ӕфсымӕры йӕ сывӕллӕттимӕ кӕнӕ иннӕты дӕр.
6 Павел Тимофейӕн загъта, цӕмӕй иннӕты разӕнгард кодтаид хорз хъуыддӕгтӕм. Павел ӕм ныффыста: «Амон сын, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой, хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй, уой цӕстуарзон ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхицӕн ӕмбырд кӕной, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцой 1 Тим. 6:17–19). Павел йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй рӕдаудзинадыл ахуыр кодтаиккой. Экономикӕйы уавӕр ӕвзӕр куы уа, уӕд дӕр нӕ бон у, ӕмӕ рӕдау уӕм. Зӕгъӕм, машинӕ кӕмӕ ис, уымӕн йӕ бон у иннӕты уацамындмӕ кӕнӕ ӕмбырдтӕм ласын. Кӕй фӕласынц, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр сӕ бон у архайын, цӕмӕй се ’мбырды уа хорз «зӕрдӕйы уаг». Куыд? Бензиныл бонӕй-бонмӕ фылдӕр хӕрдзтӕ кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ-иу машинӕйы хицауӕн, сӕ бон цас у, уыйас ӕхца куы авӕрой, уӕд равдисдзысты, бузныг кӕй сты. Нӕ бон ма у нӕ хотимӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын, ӕмӕ сӕм уӕд ахӕм хъуыдытӕ никуы фӕзындзӕн, зӕгъгӕ, никӕй хъӕуын, ничи мӕ уарзы. «Уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» хорздзинад куы аразӕм ӕмӕ сын нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕм цы ис, уый куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ иннӕты дӕр разӕнгард кӕндзыстӕм, цӕмӕй сын хорз зӕрдӕйы уаг уа (Гал. 6:10).
ӕцӕг цардыл» (7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ искӕй сусӕг ныхас куы никӕмӕн дзурӕм, уӕд не ’мбырды хорз «зӕрдӕйы уаг» кӕй уыдзӕн?
7 Хорз ӕмбал куы уай ӕмӕ дыл ӕууӕндӕн куы уа, уӕд уый фӕрцы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн уыдзӕн фылдӕр уарзондзинад. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 18:24.) Де ’мбал дын йӕхи тыххӕй цы радзура, уый куы никӕмӕн радзурай, уӕд равдисдзынӕ, ӕцӕг ӕмбал кӕй дӕ. Адӕймаг дын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ куы раргом кӕна ӕмӕ йӕ куы зона, иннӕтыл сӕ кӕй нӕ ахъӕр кӕндзынӕ, уӕд, уе ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый ноджы фидардӕр кӕндзӕн. Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн уӕм, ӕууӕнк кӕуыл ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Афтӕмӕй ӕмбырды уыдзӕн уарзондзинад ӕмӕ уыдзыстӕм иу бинонтау ӕнгом (Ӕмб. 20:19).
ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ХЪУСЫН КӔН
8. Йесо Лаодикийы ӕмбырдӕн цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?
8 Йесо Лаодикийы ӕмбырдӕн загъта: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ: ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. Бӕргӕ, уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис. Уӕдӕ тӕвд кӕнӕ уазал кӕй нӕ дӕ, фӕлӕ хъӕрмуст, уый тыххӕй дӕ мӕ дзыхӕй ракалдзынӕн» (Рарг. 3:15, 16). Лаодикийы ӕмбырд Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кодта. Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кастысты, ууыл дӕр фӕзынд. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта: «Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын. Уӕдӕ зынгзӕрдӕ у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн» (Рарг. 3:19).
9. Уацамынды зынгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уый ӕмбырдыл куыд фӕзындзӕн?
9 Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ не ’мбырды хорз «зӕрдӕйы уаг» уа, уӕд хъуамӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайӕм. Ӕмбырд хъӕуы, цӕмӕй уацамынды сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы агурӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы уӕм зынгзӕрдӕ (Матф. 28:19, 20; Лук. 4:43). Уыцы хъуыддаджы нӕ зӕрдӕйы зынг цас тынгдӕр судза, уыйас кӕрӕдзимӕ дӕр уыдзыстӕм ӕнгомдӕр, «Хуыцауы ӕмкусджытӕн» куыд ӕмбӕлы, афтӕ (1 Кор. 3:9). Иннӕтимӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд фӕуынӕм, сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом кӕй дзурынц, стӕй Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинад кӕй уарзынц. Афтӕмӕй сӕ тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ сын райдайӕм тынгдӕр аргъ кӕнын. Уацамынды «уӕхски-уӕхск» кӕй фӕлӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы ӕнӕхъӕн ӕмбырды дӕр вӕййы иудзинад. (Бакӕс Софонийы 3:9.)
10. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл куы архайӕм, уӕд уый ӕмбырды иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?
10 Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл куы архайӕм, уӕд уый дӕр иннӕтыл хорзырдӕм фӕзындзӕн. Цы адӕмыл фембӕлӕм, уыдоныл фылдӕр куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг арыныл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзыстӕм (Матф. 9:36, 37). Зынгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд, немӕ чи уа, уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы зынг ссудздзӕн. Зӕгъӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ иугӕйттӕй не ’рвыста, фӕлӕ дыгӕйттӕй (Лук. 10:1). Уый фӕрцы-иу кӕрӕдзийы бафидар кодтой ӕмӕ-иу кӕрӕдзийӕ сахуыр сты. Уымӕй уӕлдай ма-иу сыл уый афтӕ бандӕвта, ӕмӕ-иу кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнын райдыдтой. Уӕдӕ махӕн дӕр ӕхсызгон куыннӕ вӕййы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытимӕ лӕггад кӕнын! Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ махыл дӕр базыртӕ базайы ӕмӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕфӕнды дарддӕр хъусын кӕнын (Ром. 1:12).
ХЪУЫР-ХЪУЫР МА КӔН, УӔЗЗАУ ТӔРИГЪӔД МА ӔМБӔХС
11. Моисейы рӕстӕджы израилӕгтӕн цавӕр зондахаст уыд? Уый сӕ цӕмӕ ӕркодта?
11 Йегъовӕ израилӕгтӕй ног адӕм куы скодта, уымӕй цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын ӕмӕ хъаст кӕнын райдыдтой. Уый сӕ уымӕ ӕркодта, ӕмӕ рацыдысты Йегъовӕйы ныхмӕ, стӕй Хуыцауы ӕвӕрд лӕгтӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ (Рац. 16:1, 2). Египетӕй чи рацыд, уыдонӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ ӕрмӕст иуӕй-иутӕ бацыдысты. Суанг ма Моисей дӕр нӕ бацыд уыцы зӕхмӕ, израилӕгтӕм се ’взӕр зондахасты тыххӕй кӕй смӕсты ӕмӕ кӕй фӕрӕдыд, уый тыххӕй! (Дык. з. 32:48–52). Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕвзӕр зондыл ма ныххӕцӕм?
12. Нӕхи хъуыр-хъуыр кӕнынӕй куыд хиздзыстӕм?
12 Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм хъуыр-хъуыр кӕнынӕй. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдонӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд хъуырхъуыргӕнаг не суыдзыстӕм. Стӕй ма-иу хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм, не ’мбӕлттӕ чи сты ӕмӕ нӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитӕм, ууыл. Зӕгъӕм, ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ куы ӕвзарӕм, стӕй скъолайы кӕнӕ куысты, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонимӕ ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы ӕрвитӕм, уӕд нӕ уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Хорз уаид, хъуыр-хъуыр кӕнын чи уарзы кӕнӕ хивӕнд чи у, ахӕмтимӕ куы нӕ лымӕн кӕниккам (Ӕмб. 13:20).
13. Ӕмбырды исчи хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдайы, уӕд уый ноджыдӕр цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕркӕны?
13 Исчи хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдайы, уӕд уый ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм дӕр ӕркӕны. Зӕгъӕм, уый тыххӕй ӕмбырды нал вӕййы фарн ӕмӕ иудзинад. Уымӕй уӕлдай, адӕймаг йе ’мчырыстӕттӕй куы хъаст кӕна, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕриссын кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма, гӕнӕн ис, фыдкой кӕнын ӕмӕ ӕфхӕрын дӕр райдайа. Уый та у тӕригъӕд (Лев. 19:16; 1 Кор. 5:11). Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды, хъуыр-хъуыр чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ «сӕ сӕргълӕуджыты ницӕмӕ дардтой ӕмӕ фаудтой кадджынты» (Иуд. 8, 16). Ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕртӕй кӕй хъаст кодтой, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цыди.
14, 15. а) Уӕззау тӕригъӕдмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд уый ӕмбырдыл куыд фӕзындзӕн? ӕ) Чидӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы базонӕм, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?
Еф. 5:11, 12). Уӕззау тӕригъӕдмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд Йегъовӕ ӕмбырдӕй йӕ сыгъдӕг тых айсдзӕн ӕмӕ дзы иудзинад нал уыдзӕн (Гал. 5:19–23). Павел коринфаг чырыстӕттӕн загъта, «уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй», зӕгъгӕ. Абон мах дӕр хъуамӕ ӕмбырдмӕ ӕвзӕрдзинад хӕстӕг дӕр ма уадзӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырдӕн йӕ хорз «зӕрдӕйы уаг» хъахъхъӕнӕм. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн уа?
14 Куы йӕ базонай, ӕмӕ чидӕр уӕззау тӕригъӕд ӕмбӕхсы, зӕгъӕм, ӕгӕр бирӕ нуазы, порнографимӕ кӕсы кӕнӕ ӕнӕгъдау цард кӕны, уӕд куыд бакӕндзынӕ? (15 Ацы статьяйы уӕлдӕр куыд фыст уыд, афтӕмӕй тынг ахсджиаг у, искӕй сусӕг ныхас-иу куы нӕ радзурӕм, уый, уӕлдайдӕр та нын адӕймаг йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ куы раргом кӕна. Адӕймаг нын цы радзырдта, уый иннӕтӕн куы радзурӕм, уӕд уый раст нӕ уыдзӕн, стӕй ма йын йӕ зӕрдӕ дӕр фӕриссын кӕндзыстӕм. Фӕлӕ кӕд исчи уӕззау тӕригъӕд ракодта, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ базоной ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдоныл Библимӕ гӕсгӕ ис уыцы хӕс, цӕмӕй ахӕм хъуыддӕгтӕм сӕ хъус дарой. (Бакӕс Левит 5:1.) Уӕдӕ кӕд базыдтам, хо кӕнӕ ӕфсымӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уӕд ын хъуамӕ зӕгъӕм, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуа ӕмӕ сӕ ӕххуыс ракура (Иак. 5:13–15). Фӕлӕ йӕ куы уынай, рӕстӕг цӕуы, ӕмӕ уый та фӕстӕ-фӕстӕ кӕны, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хабар хъуамӕ дӕхӕдӕг радзурай.
16. Уӕззау тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы радзурӕм, уӕд ӕмбырд куыд бахъахъхъӕндзыстӕм?
16 Ӕмбырд у хъарм къонайы хуызӕн, ӕмӕ цӕмӕй йӕ фарн ма фехӕла, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ не ’ппӕт дӕр хъахъхъӕнӕм, ома кӕд исчи уӕззау тӕригъӕд ракодта, уӕд уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъын. Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ рӕдыд бамбарынӕн куы баххуыс кӕной ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ӕмбырды «зӕрдӕйы уагӕн» тӕссаг нал уыдзӕн. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕна ӕмӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнӕй цы уынаффӕ радтой, уымӕ куы нӕ байхъуса, уӕд та? Уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды «хорз зондахаст» бахъахъхъӕндзысты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 5:5.) Алкӕуыл дӕр нӕ ис уыцы хӕс, цӕмӕй-иу уӕззау тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзура ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ хъуса. Уӕдӕ, нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ-иу бакӕнӕм ӕмӕ не ’мбырды фарн хъахъхъӕнӕм.
АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ДЕ ’МБЫРДЫ УА, «ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХ КӔЙ ДӔТТЫ, УЫЦЫ ИУДЗИНАД»
17, 18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕнынӕн?
17 Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ, «апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй хъуыстой», ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырды уыди иудзинад (Хъуыд. 2:42). Уыдон аргъ кодтой, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын Фыстадмӕ гӕсгӕ цы разамынд лӕвӕрдтой, уымӕн. Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары разамындмӕ кӕй хъусынц, уый фӕрцы ӕмбырд у фидар ӕмӕ дзы ис иудзинад (1 Кор. 1:10). Йегъовӕйы организаци нын Библимӕ гӕсгӕ цы амоны ӕмӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы разамынд дӕттынц, уымӕ куы хъусӕм, уӕд равдисдзыстӕм, «зӕрдиагӕй [кӕй] архайӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст [кӕй] стӕм фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:3).
18 Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй не ’мбырды уа хорз «зӕрдӕйы уаг» ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм. Ӕмӕ уӕд, «ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг [нын] кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм» (Фил. 4:23).
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 19 фарсыл]
Рагацау хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕныс?
[Ныв 20 фарсыл]
Ӕмбырды цы зарджытӕ фӕзарӕм, уыдон сахуыр кӕн