Нӕ историйы хӕзнадонӕй
«Адӕмы цӕсты бахаудтӕн»
Ӕххӕстрӕстӕг пионер Шарлоттӕ Уайт горӕт Луисвиллмӕ (штат Кентукки, АИШ) куы ’рцыд, уӕд ӕм адӕм дисгӕнгӕ кастысты – йӕ къухы уыди цалхджын чемодан.
УЫЙ уыди 1908 азы. Нӕ хо Шарлоттӕ Уайт уыцы цалхджын чемоданимӕ, хуыдтой йӕ «Миназы чемодан», горӕты уынгты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззад, уымӕн ӕмӕ ахӕм дзаума уый размӕ никуы ничи федта. «Иууылдӕр уый кой кодтой,– дзырдта Шарлоттӕ,– ӕмӕ адӕмы цӕсты бахаудтӕн».
Библииртасджытӕ * бамбӕрстой, Библи лӕмбынӕг ахуыргӕнгӕйӕ цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтой, уыдоны тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй хъӕуы дзурын. Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ рӕстдзинад базыдтой, «Миназы райдиан» * чи хуынди, уыцы чингуыты фӕрцы. Уыцы чингуытӕ бирӕтӕ хуыдтой «Библииртасджыты рахиз къух». Ӕмӕ чырыстӕттӕй дард рӕттӕм – горӕттӕм ӕмӕ хъӕутӕм – йӕ бон цӕуын кӕмӕн уыд ӕмӕ уымӕ цӕттӕ чи уыди, уыдон чингуытӕ хастой, нӕ литературӕ зӕрдиагӕй чи касти, уыдонӕн.
Уыцы чингуытӕ уыдысты ӕхсӕз томы ӕмӕ сӕ цъар уыди хъуымацӕй конд. 1908 азы сӕ аргъ уыди 1 доллӕр ӕмӕ 65 центы, ӕмӕ сӕ нӕ хо Шарлоттӕ ӕмӕ иннӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ парахат кодтой. Ӕцӕг-иу адӕймагӕн чингуытӕ уайтагъд нӕ радтой, фӕлӕ уал-иу заказтӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ-иу сӕ стӕй ӕрбахастой, адӕмӕн мызд цы бон лӕвӕрдтой, уыцы бон. Чингуытӕн сӕ аргъ, сӕ ныммыхуыр кӕнынӕн-иу цас бахардз, уымӕй фылдӕр нӕ уыди. Ӕмӕ Библииртасджыты ныхмӕ чи дзырдта, иу ахӕм профессор ма сыл худгӕ дӕр кодта, сӕ чингуытӕн сын адӕм афтӕ гыццыл ӕхца кӕй лӕвӕрдтой, уый тыххӕй.
Нӕ хо Малиндӕ Кифер дзырдта, зӕгъгӕ-иу мӕм хатт къуыримӕ заказтӕ ӕрӕмбырд 200–300 чиныгӕн.
Чингуытӕ афтӕ бирӕ адӕм кӕй заказ кодтой, уымӕ гӕсгӕ Библииртасджыты хъуыди исты ӕрымысын, уыйбӕрц чингуытӕ куыд хӕсдзысты, уымӕн. Ӕрмӕст ӕхсӕзӕм томы уыди 740 фарсы! «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, зӕгъгӕ, «фӕндзай чиныгӕн сӕ уӕз уыди 18 килӕйы» ӕмӕ сӕ хӕссын «тынг зын уыд», уӕлдайдӕр та хотӕн.Гъемӕ иу ӕфсымӕр, Джеймс Коул, зӕгъгӕ, диссаджы дзаума ӕрымысыд. Уый сарӕзта, дыууӕ резинӕ цалхы кӕуыл уыд, ахӕм ӕфсӕйнаг рамӕ ӕмӕ йыл чемодан шуруптӕй бафидар кодта, рамӕ та уыди уӕлӕмӕ исгӕ. Ныр ӕй чингуытӕ къоппы хӕссын кӕй нал хъӕудзӕн, ууыл цингӕнгӕйӕ загъта: «Ныр ме ’уӕхсчытӕй уӕззау голлаг ахауд». 1908 азы горӕт Цинциннатийы (штат Огайо) Библииртасджыты конгрессы ӕфсымӕр Джеймс уыцы чемодан сценӕйӕ равдыста, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Чемоданы ӕфсӕйнаг ӕхгӕнӕнтыл фыст уыди, «Миназы чемодан», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ дзы сӕйраджыдӕр «Миназы райдиан»-ы чингуытӕ хастой. Библииртасджытӕ уыцы чемодантыл цыбыр рӕстӕгмӕ ацахуыр сты, ӕмӕ дзы кӕд бирӕ чингуытӕ цыди, уӕддӕр ӕнцонласӕн уыди – иу къухӕй йеддӕмӕ йыл нӕ хъуыди хӕцын. Чемодан уыди бӕрзонддӕр кӕнӕ ныллӕгдӕр фӕкӕнӕн, суанг ӕй хъӕууон фӕндӕгтыл дӕр уыди ласӕн. Йӕ цӕлхытӕ йын уӕлӕмӕ сисӕн ӕмӕ сӕ чемоданы фарсыл бафидар кӕнӕн кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уацамынды фӕстӕ хӕдзармӕ фистӕгӕй кӕнӕ трамвайыл куы цыдысты, уӕд-иу афтид чемодан ласгӕ нал кодтой, фӕлӕ-иу ӕй сӕ къухы хастой.
Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, уыцы хотӕн-иу «Миназы чемодан» лӕвар радтой. Иннӕтӕ та-иу ӕй ӕлхӕнгӕ бакодтой 2 доллӕры ӕмӕ 50 центӕй. Нӕ хо Малиндӕ Кифер (йӕ къам ис ацы фарсыл) уыцы чемоданимӕ афтӕ арӕхстджынӕй архайын сахуыр, ӕмӕ йӕ иу къухы чингуытӕй йедзаг чемодан ласта, иннӕйы та хаста, ноджыдӕр чингуытӕ кӕм уыд, ахӕм хызын. Штат Пенсильванийы (АИШ), шахтӕтӕ кӕм уыд, иу ахӕм горӕты бирӕтӕ хорз хъуыстой хорз хабармӕ, ӕмӕ-иу Малиндӕ бон ӕртӕ кӕнӕ цыппар хатты дӕр ацыди уырдӕм. Цӕуын та-иу ӕй хъуыди хидыл, стыр цӕугӕдоны сӕрты.
1987 азы иу пилот сарӕзта цалхджын хызын, ӕмӕ йӕ абон фенӕн ис алы аэропорты дӕр ӕмӕ стыр горӕтты уынгты дӕр. Фӕлӕ иу-сӕдӕ азы размӕ зынгзӕрдӕ Библииртасджытӕ дӕр «Миназы чемоданимӕ» уынгты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уыдон дӕр цӕсты хаудысты. Ӕмӕ сын уый цины хос куыннӕ уыдаид – уый фӕрцы сӕ бон фылдӕр уыди рӕстдзинады царддӕттӕг мыггӕгтӕ тауын.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 5 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ раздӕр афтӕ хуындысты.
^ 5 абз. Фӕстӕдӕр хуынди «Фыстад иртасын».
[Хицӕнгонд текст 32 фарсыл]
Малиндӕ Кифер-иу цӕугӕдоны сӕрты бон ӕртӕ-цыппар хатты дӕр ахызти
[Хицӕнгонд текст 32 фарсыл]
Чингуытӕ хӕссынӕн – диссаджы дзаума