Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Табуафси, саккаг нӕм кӕн!

Табуафси, саккаг нӕм кӕн!

Табуафси, саккаг нӕм кӕн!

ТАБУАФСИ, саккаг нӕм кӕн. Кӕдӕм? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй искӕцымӕ. Уыцы филиалтӕ хонынц Вефилтӕ ӕмӕ сты 118 бӕстӕйы. Вефилмӕ экскурсимӕ чи ӕрбацӕуы, уыдон куы фенынц, цы куыст дзы цӕуы, уый, уӕд тынг фӕбузныг вӕййынц.

Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм ӕрыгон лӕппу уыд Мексикӕйы филиалы. Ӕмӕ дзы уыйбӕрц адӕм Йегъовӕйӕн куыд зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ куыд амондджын сты, уый куы федта, уӕд бафарста: «Цы мӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй ӕз дӕр ам лӕггад кӕнон?» Лӕппуйӕн загътой: «Фыццаджыдӕр дӕ хъӕуы донаргъуыд райсын. Уый фӕстӕ та хорз уаид, пионерӕй куы лӕггад кӕнис, ома Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕххӕстрӕстӕг куы хъусын кӕнис». Уый дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ дыууӕ азы фӕстӕ фӕхуыдтой Мексикӕйы Вефилмӕ. Ныр 20 азы дӕргъы уым лӕггад кӕны.

Цы у Вефил?

Дзуттагау «Вефил» нысан кӕны «Хуыцауы хӕдзар» (Райд. 28:19, фип.). Вефилтӕ сты Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕмӕ парахат кӕнынӕн, стӕй ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнынӕн. Ахӕм ӕмбырдтӕ ӕгас дунейы сты 100 минӕй фылдӕр. Ӕнӕхъӕн дунейы Вефилты кусы 20 мин адӕймаджы бӕрц – алыхуызон бинонты ’хсӕн чи схъомыл ӕмӕ алы адӕмыхӕттытӕй чи у, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Уыдон сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Вефилы бирӕ азты дӕргъы чи фӕлӕггад кодта, уыдон фӕрсӕй-фӕрстӕм лӕггад кӕнынц ӕрыгон ӕмӕ хъаруджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон изӕрӕй ӕмӕ улӕфты бонты фӕцӕуынц, хӕстӕгдӕр сӕм чи у, уыцы ӕмбырдты фембӕлдтӕм ӕмӕ се ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ фӕцӕуынц хорз хабар хъусын кӕнынмӕ дӕр. Сӕрибар рӕстӕг ма фӕахуыр кӕнынц Библи, стӕй сӕхи дӕр аирхӕфсынц, сӕ фӕллад суадзынц ӕмӕ фӕкӕнынц сӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ дӕр.

Вефилы бинонтӕй алчи дӕр алы мӕй дӕр райсы иуцасдӕр ӕхца. Уыдон хӕрынц хӕрзад ӕмӕ пайда хӕринӕгтӕ, цӕрынц сыгъдӕг ӕмӕ райдзаст уӕтты. Вефилтӕ зынаргъ гостиниццӕты хуызӕн не сты. Фӕлӕ дзы, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый ис. Вефилмӕ экскурсимӕ чи ӕрбацӕуы, уыдоны дисы бафтауы, Вефилы мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр куыд ӕфснайд ӕмӕ рӕсугъд у ӕмӕ дзы алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй ис, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ дзы чи лӕггад кӕны, уыдон куыд хӕларзӕрдӕ сты ӕмӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куыд кусынц, уый дӕр. Алчи дӕр дзы йӕ куыст кӕны ӕнӕзӕрдӕхудтӕй, фӕлӕ дзы афтӕ ӕнӕвдӕлон ничи вӕййы, цӕмӕй иннӕтӕм хорз цӕстӕй ма ракӕса. Вефилы нӕ дихтӕ кӕнынц хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл, стӕй дзы йӕхи уӕлдӕр ничи ӕвӕры, цы куыст кӕны, уый тыххӕй. Вефилы алы куыст дӕр у ахсджиаг, уӕлдай нӕу, адӕймаг ӕфснайгӕ кӕна, цӕхӕрадоны куса, хӕринаг кӕна, типографийы куса ӕви офисы. Вефилӕгтӕ (афтӕ хонынц, Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдоны) иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕнынц иумӕйаг куыст – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц (Кол. 3:23).

Базонгӕ уӕм иуӕй-иу вефилӕгтимӕ

Ныр та гыццыл хуыздӕр базонгӕ уӕм, Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутимӕ. Цӕмӕн сӕ бафӕндыд Вефилы лӕггад кӕнын? Ӕркӕсӕм Мариойы цӕвиттонмӕ. Марио Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд ын уыди ӕхцаджын куыст. Куыста, машинӕтӕ кӕм аразынц, ахӕм зындгонд немыцаг компанийы. Ӕмӕ йын фадат уыди, цӕмӕй уый фӕстӕ уӕлдӕр бынат дӕр бацахстаид. Донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ иу къуыри балӕггад кодта, йӕ бӕстӕйы чи ис, уыцы Вефилы. Куыста литературӕ кӕм мыхуыр кодтой, уым. Марио уыдта, Вефилы кӕимӕ лӕггад кодта, уыдон куыд тынг хицӕн кӕнынц, компанийы кӕимӕ куыста, уыдонӕй. Бафӕндыд ӕй Вефилы лӕггад кӕнын ӕмӕ анкетӕ байдзаг кодта. Йӕ хиуӕттӕй ӕмӕ йе ’мкусджытӕй бирӕтӕ нӕ бамбӕрстой, ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахаста, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Марио зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕны Германийы Вефилы.

Вефилмӕ кӕй фӕхонынц, уыдонӕй бирӕтӕм сӕрмагонд ахуырад кӕнӕ исты дӕсныйад нӕ вӕййы. Афтӕ уыди Абелы хабар дӕр. Абел 15 азы лӕггад кӕны Мексикӕйы Вефилы. Уый дзуры: «Вефил мӕнӕн скъолайӕ уӕлдай нӕу, ам ӕз бирӕ хъуыддӕгтыл сахуыр дӕн. Ӕз сахуыр дӕн, ӕнцонархайӕн чи нӕ уыд, ахӕм мыхуыргӕнӕн станокыл кусын. Ӕз ӕй зонын, ахӕм зонындзинӕдтимӕ мӕ бон уаид ӕндӕр ран стыр ӕхцатӕ кусын, фӕлӕ уӕд мӕ цард, ам куыд у, ахӕм нӕ уаид. Бирӕ куыстуӕтты кусджытӕ сагъӕсты бын фӕвӕййынц, стӕй, ӕз хуыздӕр дӕн, зӕгъгӕ, ахӕм зондӕй фӕархайынц. Ӕз та уыдӕттӕй сӕрибар дӕн ӕмӕ мӕ сабыр цардӕй мӕ зӕрдӕ райы. Вефилы райстон ӕппӕты хуыздӕр ахуырад, уый фӕрцы фылдӕр базыдтон ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы сдӕн фӕлтӕрдджын. Ӕппӕты хуыздӕр университеты куы ахуыр кодтаин, уӕддӕр ахӕм арфӕдзинӕдтӕй нӕ уыдаин хайджын».

Ныфсыл ныфс бафтауы

Адӕймаг Вефилмӕ ӕрмӕст цӕугӕ дӕр куы ’рбакӕны, уӕд дӕр йӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Афтӕ уыди йӕ хабар Омарӕн, цӕры Мексикӕйы. Йӕ мад ӕй ахуыр кодта, Библийы цы фыст ис, ууыл. Фӕлӕ йыл 17 азы куы цыди, уӕд чырыстон ӕмбырдтӕм нал цыд ӕмӕ хорз хабар дӕр нал хъусын кодта. Омар ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыд ӕмӕ фылдӕр ӕхца куыд бакуыстаид, ууыл сси. Бастдзинады компанийы куы куыста, уӕд иухатт сӕ кусджытӕ Мексикӕйы Вефилмӕ ацыдысты, цӕмӕй бастдзинады фӕрӕзтӕ куыд кусынц, уый равдыстаиккой. Ӕмӕ семӕ уыд Омар дӕр. Омар загъта: «Вефилы нын экскурси скодтой. Цы дзы федтон ӕмӕ мӕм хорз цӕстӕй кӕй ракастысты, уый фӕрцы ахъуыды кодтон, ӕнӕ Йегъовӕйӕ куыд цардтӕн, ууыл. Ӕмӕ та ногӕй райдыдтон ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын. Вефилы куы уыдтӕн, уымӕй 6 мӕйы куы рацыд, уӕд донаргъуыд райстон. Йегъовӕйӕ стыр бузныг дӕн, Вефилмӕ кӕй ӕрбацыдтӕн ӕмӕ мӕ цард уый фӕрцы кӕй фӕивта, уый тыххӕй».

Масахико цӕры Японийы. Уый дӕр схъомыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, цыма Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын тынг зын у. Уый скъолайы хъуыддӕгты се ’ппӕты дӕр архайын райдыдта ӕмӕ ӕмбырдтӕм нал цыд, стӕй хорз хабар дӕр нал хъусын кодта. Масахико загъта: «Иу хатт нӕ бинонтӕ ӕмӕ ӕмбырдӕй ме ’мбӕлттӕ цалдӕрӕй сфӕнд кодтой Вефилмӕ экскурсимӕ ацӕуын. Мӕ бинонтӕ мӕ нал ӕмӕ нал уагътой, цом ды дӕр, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕз дӕр семӕ ацыдтӕн. Экскурсийы рӕстӕджы тынг бафидар дӕн. Иннӕ чырыстӕттимӕ кӕй уыдтӕн, уый мын стыр циндзинад ӕрхаста. Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыцы ӕмбӕлттимӕ-иу куы ’рвыстон мӕ рӕстӕг, уӕд мын афтӕ ӕхсызгон никуы уыди. Бафӕндыд мӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ мӕхицӕн загътон, Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзынӕн». Ныр Масахико у ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг.

Иу хо Францийӕ ӕрцыд Мӕскуымӕ кусынмӕ. Мӕскуыйы Йегъовӕйы адӕмы кӕм ис ссарӕн, уый нӕ зыдта, ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Гыццылгай ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыд ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕммӕ смой кодта. Цасдӕры фӕстӕ йӕм Францийӕ ӕмбырдӕй иу хо ӕрцыд абӕрӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Санкт-Петербургмӕ, Вефил фенынмӕ. Уый фӕстӕ ныффыста: «Вефилы ныл тынг баузӕлыдысты, ӕмӕ мын уый мӕ зӕрдӕ бацагайдта. Афтӕ сабыр, афтӕ хорз дзы уыди, ӕмӕ диссаг. Уым ӕз банкъардтон Йегъовӕйы тых. Куыд ӕруагътон ахӕм рӕдыд ӕмӕ Йегъовӕйы организацийӕ куыд адард дӕн! Вефилы куы уыдтӕн, уый фӕстӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдтон, ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты зӕрдиагӕй райдыдтон ахуыр кӕнын, Библийы цы фыст ис, ууыл». Афтӕ, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыцы хо тынг бафидар, Вефилы кӕй уыдис, уый фӕрцы, стӕй ма йын ӕмбырды дӕр баххуыс кодтой, ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоныл та куыд фӕзыны, Вефил куы фенынц, уый? Альберто раздӕр тынг архайдта политикӕйы хъуыддӕгты. 1988 азы уыди Бразилийы Вефилы экскурсийы. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Вефилы куыд сыгъдӕг у, алцыдӕр дзы уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй у, уый. Уӕлдай дисы та йӕ бафтыдта, Вефилы цы куыст кӕнынц, уый кӕй никӕмӕй ӕмбӕхсынц. Альбертойӕн йӕ каис семинарийы лӕггад кодта сауджынӕй, ӕмӕ Альберто цалынмӕ Вефилмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ уым абӕрӕг кодта. Альберто федта, Вефил уыцы семинарийӕ куыд тынг хицӕн кӕны, уый. «Семинарийы цы кусынц, уый никӕмӕн хъӕр кӕнынц»,– загъта Альберто. Вефилы куы уыд, уый хӕдфӕстӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ политикӕйы хабӕрттӕ ныууагъта. Ныр Альберто у хистӕр нӕлгоймаг.

Дӕу дӕр хонӕм!

Бирӕтӕ тынг бацархайынц, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы цы Вефилтӕ ис, уыдон феной. Зӕгъӕм, Бразилийы Паулу ӕмӕ Эужения цыппар азы ӕхца фембырд кодтой, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы Вефилмӕ ацыдаиккой. Автобусыл сӕ цӕуын хъуыди дыууӕ боны, 3 мин километры. Уыдон загътой: «Вефилмӕ ацӕуыны тыххӕй цас ӕхца, тыхтӕ ӕмӕ рӕстӕг бахардз кодтам, уый дзӕгъӕлы нӕ уыди. Ныр хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕйы организаци куыд архайы, уый. Вефилы цы куыст кӕнынц, уый, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн куы фембарын кӕнӕм, уӕд нӕ арӕх фӕфӕрсынц, искуы дзы уыдыстут, зӕгъгӕ. Ныр нӕ бон у зӕгъын, о, зӕгъгӕ».

Кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйы кӕнӕ уӕм хӕстӕг бӕстӕтӕй искӕцыйы Вефил ис? Зӕрдиагӕй дӕ хонӕм. Вефилы дыл тынг бацин кӕндзысты ӕмӕ дын уый дӕ ныфсыл ныфс бафтаудзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай.

[Ныв 18 фарсыл]

Марио

[Ныв 18 фарсыл]

Абел

[Ныв 18 фарсыл]

Герман

[Ныв 18 фарсыл]

Япон

[Ныв 18 фарсыл]

Бразили