Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕсджыты фарстатӕ
Йезекилы 18:20 фыст ис, зӕгъгӕ, «фырт йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтдзӕн», Рацыды 20:5 та – Йегъовӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй кӕй «бафхӕрдзӕн сӕ фыртты». Цымӕ ацы дыууӕ стихы кӕрӕдзийы ныхмӕ не сты?
Не сты. Сӕ иуы дзырд цӕуы, алы адӕймаг дӕр йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй дӕтты, иннӕйы та – адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕ йӕ цотыл дӕр кӕй фӕзынынц.
Йезекилы 18 сӕры контекстӕй хорз зыны, адӕймаг йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йӕхӕдӕг кӕй дӕтты дзуапп. 4 стихы фыст ис: «Тӕригъӕд чи аразы, уыцы уд амӕлдзӕн». «Рӕстӕй чи цӕры, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ чи архайы», ахӕм адӕймагӕй та цы зӕгъӕн ис? «Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн» (Йез. 18:5, 9). Уӕдӕ адӕймаг йӕхи тыххӕй дзуаппдӕттынхъом куы свӕййы, уӕд ын Хуыцау фӕтӕрхон кӕны «йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ» (Йез. 18:30).
Ацы уагӕвӕрд хорз зыны левит Корейы хабарӕй. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд Корей разы нал уыд, Йегъовӕ йын цы кадджын хӕстӕ радта, уыдонӕй. Корей ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕхицӕн сауджынты бартӕ ’рдомдтой ӕмӕ Йегъовӕйы минӕвӕрттӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ рацыдысты. Цы сӕм не ’мбӕлд, уый кӕй домдтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ амардта (Ным. 16:8–11, 31–33). Фӕлӕ Корейы фырттӕ сӕ фыдимӕ Хуыцауы ныхмӕ нӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ Хуыцау сӕ фыды тӕригъӕды тыххӕй нӕ бафхӕрдта. Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ кӕй не сивтой, уымӕ гӕсгӕ удӕгасӕй баззадысты (Ным. 26:10, 11).
Цы зӕгъӕн ис, Рацыды 20:5 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕй та? Ногӕй та контекстмӕ ’ркӕсӕм. Йегъовӕ бадзырд скодта Израилы адӕмимӕ. Израилӕгтӕ уыцы бадзырды ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:5–8). Афтӕмӕй израилӕгтӕ систы Йегъовӕйы адӕм. Уӕдӕ Рацыды 20:5 цы фыст ис, уый хауд ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр.
Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу йӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕфсӕст уыдысты (Лев. 26:3–8). Фӕлӕ-иу ӕй куы ныууагътой ӕмӕ-иу мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой, уӕд-иу сӕ уый дӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй фӕцух кодта, нал-иу сӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ-иу уӕд израилӕгтӕ бӕллӕхты хай фесты (Тӕрх. 2:11–18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕмтӕ дӕр уыди, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи не сивта, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кодта ӕмӕ иннӕтау мӕнгхуыцӕуттӕн чи нӕ куывта (1 Пад. 19:14, 18). Уыцы иузӕрдион адӕм-иу иннӕ израилӕгты тӕригъӕдты тыххӕй зындзинӕдтӕ ’взӕрстой, фӕлӕ сын уӕддӕр Йегъовӕ йе ’нувыд уарзтӕй хай кодта.
Израилӕгтӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ бынтондӕр куы ницӕмӕуал дардтой ӕмӕ йын йӕ ном иннӕ адӕмты раз куы фӕхудинаг кодтой, уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ вавилойнӕгтӕ уацары акодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕфхӕрд баййӕфта израилӕгтӕй алкӕйдӕр (Йер. 52:3–11, 27). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Израил цы стыр тӕригъӕд сарӕзта, уый фӕзынд ӕртыккаг, цыппӕрӕм ӕмӕ ма, чи зоны, ноджы иннӕ фӕлтӕртыл дӕр, Рацыды 20:5 стихы куыд фыст ис, афтӕ.
Библийы ма фыст ис, фыдӕлты рӕдыд-иу ӕппӕт хӕдзарвӕндагыл куыд фӕзынд, ахӕм хабӕртты тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр сауджын Илийӕн йӕ фырттӕ «уыдысты ӕнаккаг адӕм», ӕгъдаухӕлд. Ӕмӕ сӕ дарддӕр сауджынтӕй лӕггад кӕнын кӕй уагъта, уый тыххӕй Йегъовӕйы зӕрдӕхудты цыди (1 Сам. 2:12–16, 22–25). Илий йӕ фыртты Йегъовӕйӕ уӕлдӕр кӕй ӕвӕрдта, уый тыххӕй Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, йӕ хӕдзарвӕндагӕй хистӕр сауджын кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы ныхас сӕххӕст Илийы цыппӕрӕм фӕлтӕрыл, Авиафарыл (1 Сам. 2:29–36; 1 Пад. 2:27). Рацыды 20:5 цы хъуыды ис, уый ма бӕлвырд кӕны Гиезийы хабарӕй дӕр. Уый фагыл нӕ банымадта, Елисейы лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уый. Бафӕндыд ма йӕ, сириаг ӕфсады хицау Нееман йӕ низӕй фервӕзыны тыххӕй цы лӕвар ӕрхаста, уый дӕр йӕхи бакӕнын. Елисейы уылты йын Йегъовӕ стӕрхон кодта: «Нееманы хъотыр дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл уӕд ӕнустӕм» (2 Пад. 5:20–27). Уӕдӕ Гиезийы тӕригъӕды тыххӕй йӕ цот дӕр ӕлгъыст ӕрцыдысты.
Йегъовӕ Сфӕлдисӕг ӕмӕ Царддӕттӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын уый бар ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, кӕмӕн цавӕр тӕрхон ӕмбӕлы, уый. Уӕлдӕр цы хабӕртты кой кодтам, уыдонӕй зыны, фыдӕлты тӕригъӕдтӕ сӕ байзӕддӕгтыл дӕр кӕй фӕзынынц. Фӕлӕ Йегъовӕ, «ӕфхӕрд чи у, уыдоны дзыназын фехъусы» ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй чи раздӕхы, уыдоны йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕны ӕмӕ ма сын ӕххуыс дӕр бакӕны (Иов 34:28).
[Ныв 29 фарсыл]
Корей ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп радтой