Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕсджыты фарстатӕ
Цавӕр зондзонӕн ис Ӕмбисӕндты 24:27?
Ӕмбисӕндты чиныджы ӕрыгон лӕппу ссардзӕн ахӕм уынаффӕ: «Хӕдзары ӕдде дын цы куыстытӕ ис, уыдон бакӕн ӕмӕ дӕ хуымы куыстытӕ кӕронмӕ фӕу. Уый фӕстӕ дӕ бинонты дӕр бафидар кӕн» («Ног дунейы тӕлмац»). Ацы стихы дыккаг хай ӕндӕр тӕлмацты та комкоммӕ у афтӕ: «Уый фӕстӕ дӕхицӕн хӕдзар сараз» («Рагон Фӕдзӕхст. Рагон дзуттаг ӕвзагӕй тӕлмац»). Ацы ӕмбисонды дзырд цӕуыл цӕуы?
Ацы стих-иу хатт ӕмбарын кодтой афтӕ: бинонты хистӕр ӕрмӕст йӕ куысты мӕт хъуамӕ ма кӕна, фӕлӕ ма хъуамӕ йӕ бинонты дӕр фидар кӕна, зӕгъӕм, Хуыцауы закъӕттӕ сын амона. Кӕд ацы хъуыды раст у ӕмӕ ма Библийы ӕндӕр рӕтты дӕр уый кой цӕуы, уӕддӕр ацы стихӕн, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр хъуыды дӕр ис: нӕлгоймаг цалынмӕ бинонтӕ не скӕна, уӕдмӕ уал хъуамӕ йӕхи хорз бацӕттӕ кӕна, стӕй ма хъуамӕ ’мбара, цавӕр хӕстӕ йӕ хъӕудзӕн ӕххӕст кӕнын, уый дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм дыууӕ аххосагмӕ.
Фыццаг, Библи цы ’взагыл фыстой, уым ацы стихы дзырд нӕ цӕуы бинонты фидар кӕныны тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн, уым дзырдӕуы ӕнӕуи хӕдзар амайыны тыххӕй. Иуӕй-иу тӕлмацты дзырд «амайын»-ӕй цы дзырд раивтой, уый ма ахӕссӕн ис бинонтӕ скӕнынмӕ дӕр, ома ус курынмӕ ӕмӕ цот рауадзынмӕ дӕр.
Дыккаг, стихы дзырд цӕуы, нӕлгоймаг йӕ хъуыддӕгтӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ араза, ӕндӕр ныхасӕй, ацы стих комкоммӕ дзуры: «Фыццаг уал афтӕ бакӕн, стӕй та афтӕ». Уӕдӕ цымӕ ацы ӕмбисонд афтӕ дзуры, ӕмӕ уал нырма ӕнӕуи куыстытӕ хъӕуы бакӕнын, уый фӕстӕ та Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын? Нӕ, афтӕ нӕ дзуры.
Рагзаманты-иу бинонтӕ скӕнын кӕй фӕндыд, уыцы ӕрыгон лӕппу-иу хъуамӕ ахъуыды кодтаид ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон суыдзӕн мӕ ус ӕмӕ мӕ сывӕллӕттыл тыхсын?» Ус ракурыны размӕ уый хъуамӕ йӕ хуымтӕ куыстаид ӕмӕ йӕ тыллӕг ӕфснайдтаид. Ӕндӕр тӕлмацы та ацы стих у афтӕ: «Цалынмӕ дӕ быдыр ӕфснаинаг уа ӕмӕ цалынмӕ дӕ бинонты дарынхъом ма фӕуай, уӕдмӕ дӕ хӕдзар ма сараз ӕмӕ бинонтӕ ма скӕн» («Today’s English Version»). Ацы уагӕвӕрд абон дӕр ахады?
Куыннӕ ма. Бинонтӕ скӕныныл чи хъуыды кӕны, уыцы нӕлгоймаг хъуамӕ йӕхи бӕстон бацӕттӕ кӕна. Кӕд йӕ бон кусын у, уӕд хъуамӕ фӕллой кӕна. Фӕлӕ нӕлгоймаг ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма архайа, цӕмӕй йӕ бинонтӕ хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй хъуаг ма ӕййафой. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ йӕ бинонты хӕрзӕбоныл ӕмӕ уырнындзинадыл чи нӕ тыхсы, уыцы нӕлгоймаг у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй ӕвзӕрдӕр! (1 Тим. 5:8). Уӕдӕ уал бинонты хъуыддаг бакӕныны размӕ ӕрыгон нӕлгоймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Мӕ бинонты фӕдарын мӕ бон суыдзӕн? Куыд бинонты хистӕр, афтӕ сын Хуыцауы хъуыддӕгты разамынд дӕтдзынӕн? Мӕ ус ӕмӕ мын мӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕнын ӕнтысдзӕн? Хуыцауы Ныхас бӕлвырд дзуры, уыцы хӕслӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын (Дык. з. 6:6–8; Еф. 6:4).
Уӕдӕ ус ракурын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна Ӕмбисӕндты 24:27 уагӕвӕрдыл. Раст афтӕ чызг дӕр чындзы цӕуыны размӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна, хӕдзары мидӕг ус ӕмӕ ныййарӕг мадыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ. Ӕрыгон къай цот рауадзыныл куы хъуыды кӕной, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон у сӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын (Лук. 14:28). Хуыцауы адӕм Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд хызт уыдзысты бирӕ зындзинӕдтӕй ӕмӕ сӕ бинонты цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн.
[Хицӕнгонд текст 12 фарсыл]
Ус ракурыны размӕ уал лӕппу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?