Кӕсджыты фарстатӕ
Кӕсджыты фарстатӕ
Библи кӕны «Йашары чиныджы» ӕмӕ «Йегъовӕйы хӕстыты чиныджы» кой (Йес. Н. 10:13; Нымӕц. 21:14). Ацы дыууӕ чиныджы Библийы каноны не сты. Мыййаг, Хуыцауы комытӕфӕй фыст чингуытӕ уыдысты ӕмӕ стӕй фесӕфтысты?
Ацы чингуытӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ фӕстӕдӕр кӕй фесӕфтысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Хуыцау Библи кӕмӕн фыссын кодта, уыдон пайда кодтой ӕндӕр фыстытӕй дӕр. Иуӕй-иутӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, Библимӕ дӕр бахаудтой ӕмӕ систы йӕ хӕйттӕ. Куыд хуындысты, уый абоны кӕсджытӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Зӕгъӕм, 1 Азфысты 29:29 дзырд цӕуы «пехуымпар Самуилы фыстыты», «пехуымпар Нафаны фыстыты» ӕмӕ «пехуымпар Гады фыстыты» тыххӕй. Чи зоны, афтӕ хуындысты, абон мах 1 ӕмӕ 2 Самуилы чингуытӕ кӕй хонӕм, уыдон, кӕнӕ та уыцы фыстытӕ амонынц Тӕрхонгӕнджыты чиныгмӕ.
Иннӕрдыгӕй та, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзырд цӕуа, Библийы чингуыты нӕмтты хуызӕн нӕмттӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ Библийы хай чи нӕу, ахӕм чингуыты тыххӕй. Уымӕн хорз цӕвиттон сты цыппар рагон чиныджы: «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныг», «Иудейаг ӕмӕ израилаг паддзӕхты чиныг», «Израилаг паддзӕхты чиныг», «Израилаг ӕмӕ иудейаг паддзӕхты чиныг». Ацы чингуыты нӕмттӕ сты Библийы чингуыты нӕмтты хуызӕн, зӕгъӕм, 1 Паддзӕхты ӕмӕ 2 Паддзӕхты чингуытӕ. Фӕлӕ уыцы цыппар чиныджы Хуыцауы комытӕфӕй фыст не ’рцыдысты ӕмӕ Библийы канонмӕ дӕр нӕ бахаудысты (1 Пад. 14:29; 2 Аз. 16:11; 20:34; 27:7). Ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты историкон фыстытӕ ӕмӕ сӕфт нӕ уыдысты, пехуымпартӕ Йереми ӕмӕ Ездрӕ сӕ чингуытӕ куы фыстой, уыцы рӕстӕг. Йереми ӕмӕ Ездрӕйы чингуытӕ та бахаудысты Библимӕ.
Библи чи фыста, уыдонӕй чидӕртӕ пайда кодтой, уӕд чи уыд, фӕлӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст чи не ’рцыд, ахӕм историкон фыстытӕ ӕмӕ документтӕй, йе та сӕ кой кодтой. Есфиры 10:2 дзырд цӕуы «Мидиаг ӕмӕ Персаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы» тыххӕй. Лука цалынмӕ йӕ Евангели нӕ ныффыста, уӕдмӕ «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд кодта». Ацы ныхӕстӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Йесойы хӕдзарвӕнданджы номхыгъд ныффыссыны тыххӕй кӕй спайда кодта, уӕды рӕстӕджы чи уыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕй. Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд та ис йӕ Евангелийы (Лук. 1:3; 3:23–38). Кӕд, уый кӕмӕй пайда кодта, уыцы фыстытӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст нӕ уыдысты, уӕддӕр Лукайы Евангели Библийы канонмӕ бахауд. Ӕмӕ абон махӕн дӕр у стыр пайда.
Фарсты цы дыууӕ чиныджы кой цӕуы,– «Йашары чиныг» ӕмӕ «Йегъовӕйы хӕстыты чиныг» – уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕджы дӕр уыдысты, фӕлӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст не ’рцыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йегъовӕ нӕ бахъахъхъӕдта. Ацы дыууӕ чиныджы кой Библийы кӕй ис, уый иуӕй-иу ахуыргӕндты ахӕм хъуыдымӕ ’ркодта, зӕгъгӕ, дам, уыдон уыдысты, Израил йе знӕгтимӕ куыд тох кодта, уый тыххӕй фыст чи ’рцыд, ахӕм ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ зарджыты ӕмбырдгонд (2 Сам. 1:17–27). Иу библион энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, ӕвӕццӕгӕн, «уыцы фыстытӕ сты, рагон израилаг зарӕггӕнджытӕ дзыхӕй-дзыхмӕ кӕй лӕвӕрдтой, ахӕм зындгонд зарджытӕ. Уыцы зарӕггӕнджытӕ та сафын нӕ уагътой Израилы адӕмон эпос ӕмӕ поэзи». Хуыцау-иу йӕ пехуымпар-ныхӕстӕ кӕмӕн арвыста, уыдонӕй-иу чидӕртӕ хатт уыцы ныхӕстӕ фысгӕ дӕр ныккодтой. Фӕлӕ-иу уыцы фыстытӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕр нӕ бахаста, абон «адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ сраст кӕнынӕн» пайда чи у, уыцы Фыстытӕм (2 Тим. 3:16; 2 Аз. 9:29; 12:15; 13:22).
Библи кӕд иуӕй-иу чингуыты кой кӕны ӕмӕ сӕ кӕд рагзаманты арӕх пайда кодтой, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы чингуытӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст сты. Фӕлӕ Йегъовӕ бацархайдта, цӕмӕй, «нӕ Хуыцауы ныхас» фыст кӕм ис, уыцы фыстытӕ ма фесӕфой, ӕмӕ «уыдон уыдзысты ӕнустӕм» (Ис. 40:8). О, Йегъовӕйы фӕндӕй Библийы канонмӕ бахаудысты 66 чиныджы, ӕмӕ сӕ абон махӕн дӕр нӕ бон у кӕсын. Библийы уыцы чингуыты ис, «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уӕм», уымӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ (2 Тим. 3:16, 17).