Алкӕддӕр рӕстӕй цӕрдзынӕ?
Алкӕддӕр рӕстӕй цӕрдзынӕ?
«Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ уыдзынӕн ӕнаипп!» (ИОВ 27:5).
1, 2. Цавӕр «арӕзтадон проектыл» нӕ хъӕуы бакусын ӕмӕ цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?
ЗӔГЪӔМ, дӕ къухы ис хӕдзары проект, алцыдӕр дзы у, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ тынг цӕуы дӕ зӕрдӕмӕ. Дӕ цӕстытыл уайы, дӕ бинонтимӕ дзы куыд цӕрдзынӕ ӕмӕ иууылдӕр куыд райгонд уыдзыстут. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, проект цыфӕнды хорз ма уа ӕмӕ дӕ фӕндтӕ цыфӕнды райдзаст ма уой, уӕддӕр уыдӕттӕй бирӕ пайда кӕй нӕ уыдзӕн, хӕдзар куы нӕ саразай, куы нӕ дзы ӕрцӕрай ӕмӕ йӕм стӕй куы нӕ зилай, уӕд.
2 Афтӕ у йӕ хабар ӕнаипдзинадӕн дӕр, рӕстӕй кӕй цӕрыс, уымӕн. Мах ӕмбарӕм, уыцы миниуӕг куыд ахсджиаг у ӕмӕ цы пайда хӕссы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ кӕй уарзӕм, уыдонӕн дӕр. Фӕлӕ рӕстӕй цӕрын хорз кӕй у, ууыл ӕрмӕст хъуыды кӕнынӕй бирӕ пайда нӕ уыдзӕн, рӕстӕй цӕрын куы нӕ сахуыр уӕм ӕмӕ куы нӕ архайӕм, цӕмӕй нӕм уыцы миниуӕг алкӕддӕр уа, уӕд. Абон хӕдзар саразын ӕнцон нӕу, тынг бирӕ йын бахъӕуы (Лук. 14:28, 29). Уӕдӕ адӕймаг рӕстӕй цӕрын сахуыр уа, уымӕн дӕр хъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ хъарутӕ. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Ӕркӕсӕм ӕртӕ фарстмӕ: куыд ис рӕстӕй цӕрӕн? Цы аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр ӕнаипп уӕм? Цасдӕр рӕстӕг рӕстӕй чи нал цӕры, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон цы у бакӕнын?
Куыд ис рӕстӕй цӕрӕн?
3, 4. а) Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй рӕстӕй цӕрын сахуыр уӕм? ӕ) Йесо Чырыстийы фӕзмгӕйӕ рӕстӕй цӕрын куыд ахуыр кӕнӕм?
3 Фыццаг статьяйы дзырд цыдис, Йегъовӕ нын бар кӕй радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, рӕстӕй цӕрдзыстӕм ӕви нӕ. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр ӕнӕ ’ххуысӕй нӕ ныууагъта. Йегъовӕ нын амоны, уыцы диссаджы миниуӕг нӕ удыхъӕды куыд ӕрфидар кӕнӕм, ӕмӕ нӕ рӕдауӕй хайджын кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй – уый та нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн (Лук. 11:13). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ хъахъхъӕны, рӕстӕй цӕрыныл чи архайы, уыдоны уырнындзинад (Ӕмб. 2:7).
4 Йегъовӕ нӕ рӕстӕй цӕрын куыд ахуыр кӕны? Фыццаджыдӕр, йӕ Фырт Йесо Чырыстийы рарвыста зӕхмӕ. Йесойы хуызӕн коммӕгӕс никуы ничи уыд. Уый «коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр» (Фил. 2:8). Алы хъуыддаджы дӕр – суанг-иу тынг зын куы уыди, уӕддӕр – Йесо каст йӕ уӕларвон Фыды коммӕ. «Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд»,– куывта Йесо Йегъовӕмӕ (Лук. 22:42). Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕз дӕр афтӕ коммӕгӕс дӕн?» Йегъовӕ Хуыцауы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ нын раст зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд рӕстӕй цӕрдзыстӕм. Ӕркӕсӕм, уӕлдай тынгдӕр цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм коммӕгӕс, уымӕ.
5, 6. а) Куы ничи нӕ уына, уӕд дӕр ӕнаипп кӕй хъуамӕ уӕм, уый Давид куыд равдыста? ӕ) Чырыстӕттӕ иунӕгӕй куы вӕййынц, уӕд сын се ’наипдзинадӕн фӕлварӕн цы вӕййы?
5 Афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ничи уыны, уӕд дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм. Псаломзарӕггӕнӕг Давид фыста, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг ӕнаипп, рӕстзӕрдӕ уа, йӕ разы куы ничи уа, уӕд. (Бакӕс Псалом 101:2.) Давид паддзах кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕдзух уыд адӕмы ’хсӕн. Бирӕ хӕттыты-иу йӕ алыварс уыди сӕдӕгай кӕнӕ та суанг мингай адӕймӕгтӕ. (Абар Псалом 26:12.) Уыцы рӕстӕджыты уӕлдай ахсджиаг уыд, цӕмӕй ӕнаипп уыдаид, уымӕн ӕмӕ паддзах хъуамӕ йӕ адӕмӕн уыдаид фӕзминаг (Дык. з. 17:18, 19). Фӕлӕ Давид зыдта, ӕнаипп кӕй хъуамӕ уа «хӕдзары мидӕг» дӕр,– иунӕг куы уа, уӕд дӕр. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм мах уымӕй?
6 Псаломы 101:3 кӕсӕм Давиды ныхӕстӕ: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕстыты раз ницы ӕрӕвӕрдзынӕн». Абон дӕр «ницӕйаг цы у», ахӕм цыдӕртӕ фенын тынг ӕнцон у, уӕлдайдӕр та иунӕгӕй куы аззайӕм, уӕд. Бирӕтӕн фӕлварӕн свӕййы, Интернетӕй сӕ бон пайда кӕнын кӕй у, уый. Адӕймаджы бирӕ нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй ӕнӕгъдау кӕнӕ суанг хӕлд цӕмӕдӕрты кӕсын райдайа. Фӕлӕ цымӕ уыдӕттӕм куы кӕса, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕсы – абзацы райдианы цы ныхӕстӕ ис, уыдон Давидӕн чи ныффыссын кодта, уый коммӕ? Хӕлд нывтӕ сты тӕссаг, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цырен кӕнынц ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕфсис монцтӕ, чъизи йын кӕнынц йе ’фсарм, халынц бинонты цард, ӕмӕ сыл чи фӕцахуыр вӕййы, уымӕн йӕ сӕрызонд баталынг кӕнынц (Ӕмб. 4:23; 2 Кор. 7:1; 1 Фес. 4:3–5).
7. Цавӕр уагӕвӕрд нын баххуыс кӕндзӕн нӕ хӕрзӕгъдау, не ’наипп цард бахъахъхъӕнынӕн, иунӕгӕй куы уӕм, уӕд?
7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иунӕгӕй ӕппындӕр никуы ничи вӕййы. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нӕм алкӕддӕр йӕ хъус дары. (Бакӕс Псалом 11:4.) Куыд фӕцин кӕны, цыбӕлдзинады ныхмӕ фидар куы фӕлӕууыс, уӕд! Афтӕмӕй ды феххӕст кӕныс Матфейы 5:28 фыст Йесойы ныхӕстӕ. Ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй ма кӕсай, ӕвзӕр ми бакӕнынмӕ дӕ чи сцыбӕл кӕна, ахӕм нывтӕм! Дӕ хӕрзӕгъдау, ӕнаипп цард тынг зынаргъ у Хуыцауы цӕсты ӕмӕ йӕ макуы баив худинаг митыл, зӕгъӕм, хӕлд нывтӕм кӕсыныл, стӕй хӕлд чингуытӕ, журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр исты ахӕмтӕ кӕсыныл.
8, 9. а) Данел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ рӕстӕй кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ сын фӕлварӕн цы сси? ӕ) Ӕрыгон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у цин хӕссын Йегъовӕйӕн ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕн?
8 Ӕнӕуырнджыты ’хсӕн куы уӕм, уӕд дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм. Ахъуыды-ма кӕн Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалыл. Хӕрзӕрыгонӕй сӕ Вавилонмӕ уацары акодтой. Вавилоны уыцы цыппар дзуттаджы уыдысты, Йегъовӕйы хорз кӕнӕ ӕппындӕр чи нӕ зыдта, уыцы ӕнӕуырнджыты ’хсӕн. Уым сын, Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ цы не ’мбӕлд, ахӕм хӕринӕгтӕ хӕрын кодтой. Уыцы лӕппутӕн сӕ бон уыд бирӕ ӕфсӕнттӕ ссарын, цӕмӕй дзы бахордтаиккой. Уымӕй уӕлдай, цы арӕзтой, уый Дан. 1:3–9).
нӕдӕр сӕ ныййарджытӕ уыдтой, нӕдӕр хистӕртӕ ӕмӕ нӕдӕр сауджынтӕ. Уӕдӕ йӕ чи базыдтаид? Йегъовӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыдон фидар фӕлӕууыдысты ӕмӕ йӕ коммӕ бакастысты, кӕд сын ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ сӕ цардӕн тӕссаг уыди, уӕддӕр (9 Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ сӕхи дарынц Данел ӕмӕ йе ’мбӕлттау: Хуыцау чырыстӕттӕн цы уагӕвӕрдтӕ дӕтты, уыдоныл фидар хӕцынц ӕмӕ се ’мгӕртты ӕвзӕр зондыл нӕ цӕуынц. Ӕрыгӕттӕ, кӕд наркотиктӕ нӕ кӕнут, уӕ къух никӕмӕ исут, ӕвзӕр дзыхӕй нӕ дзурут, ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнут, уӕд сымах кӕсут Йегъовӕйы коммӕ. Афтӕмӕй рӕстӕй цӕрут. Уый пайда у уӕхицӕн, стӕй ма стыр цин хӕссы Йегъовӕйӕн ӕмӕ уе ’мчырыстӕттӕн! (Пс. 110:3).
10. а) Хӕтындзинады тыххӕй цавӕр ӕнӕраст хъуыдытӕ ӕркодтой ӕрыгӕттӕй кӕйдӕрты алыхуызон ӕлгъаг митӕм? ӕ) Рӕстӕй цӕрын нӕ кӕй фӕнды, уый нӕ хӕтындзинадӕй куыд хъахъхъӕны?
10 Хуыцауы коммӕ ма кӕсын хъӕуы, нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгтимӕ, сылгоймӕгтӕ та нӕлгоймӕгтимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уыцы хъуыддаджы дӕр. Мах хорз зонӕм, Хуыцауы Ныхас хӕтындзинады ныхмӕ кӕй у. Фӕлӕ тынг ӕнцон у, цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы коммӕ мауал кӕса ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый кӕнын райдайа. Зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ кӕнынц алыхуызон ӕлгъаг митӕ (оральный ӕмӕ анальный секс) кӕнӕ кӕрӕдзийы ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм ӕвналынц ӕмӕ уый ӕвзӕрыл нӕ нымайынц, уымӕн ӕмӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ӕмуат не ’рцӕуынц». Ахӕм ӕрыгӕттӕ ферох кӕнынц – кӕнӕ та, чи зоны, барӕй ницӕмӕ дарынц – Библийы дзырд «хӕтындзинад» ӕппӕт уыцы митӕм кӕй амоны, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр уагахасты тыххӕй чырыстоны, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбырдӕй дӕр ацух кӕной *. Фӕлӕ ноджы ӕвзӕрдӕр та у, рӕстӕй цӕрыныл кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, уый. Мах рӕстӕй цӕрыныл кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕр ми бакӕнынӕн ӕфсӕнттӕ нӕ агурӕм. Мах нӕхи ахӕм хъуыдытӕй нӕ сайӕм, зӕгъгӕ, мӕнӕ ай куы саразон, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис, уый тыххӕй мӕ нӕ бафхӕрдзысты. Уӕвгӕ, нӕхи ӕвзӕр митӕй цӕмӕн хизӕм? Ӕфхӕргӕ нӕ бакӕндзысты, уымӕй кӕй тӕрсӕм, уымӕн? Нӕ, сӕйраг уый нӕу. Сӕйраг у, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын нӕ кӕй фӕнды. Мах нӕхи хизӕм, йӕ зӕрдӕ йын цы фӕриссын кӕндзӕн, уыдӕттӕй. Тӕригъӕдджын хъуыддагмӕ нӕ бон цас хӕстӕг у бацӕуын, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты дзы нӕхи хизӕм ӕмӕ «дард лидзӕм хӕтындзинадӕй» (1 Кор. 6:18). Афтӕмӕй ӕвдисӕм, ӕцӕгдӕр рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕй стӕм.
Цы аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр ӕнаипп уӕм?
11. Коммӕ цы хъуыддӕгты бакӕсӕм, уыдонӕй алкӕцыдӕр ахсджиаг цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
11 Мах ӕнаипп стӕм нӕ коммӕгӕсдзинады фӕрцы. Ӕмӕ ӕдзух коммӕгӕс куы уӕм, уӕд та алкӕддӕр уыдзыстӕм ӕнаипп. Иу хатт коммӕ куы бакӕсӕм, уӕд уыцы хъуыддаг чи зоны мацӕуыл банымайӕм, стыр хъуыддаг нӕм ма фӕкӕса. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕндзысты фылдӕр. Зӕгъӕм, иу агуыридурӕй ницы сараздзынӕ, фӕлӕ иу агуыридур иннӕйыл ӕвӕргӕйӕ саразӕн ис рӕсугъд хӕдзар. Уӕдӕ ӕнаипдзинады хабар дӕр афтӕ у: нӕ коммӕгӕсдзинадыл дзурӕг чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕдзух куы кӕнӕм, уӕд алкӕддӕр рӕстӕй цӕрдзыстӕм (Лук. 16:10).
12. Иннӕтӕ нӕм хорз цӕстӕй куы нӕ фӕкӕсынц ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр не ’наипдзинад нӕ бон бахъахъхъӕнын кӕй у, уымӕн нын Давид фӕзминаг куыд у?
12 Ӕнаипп стӕм ӕви нӕ, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг вӕййы, уӕззау уавӕры куы бахауӕм, иннӕтӕ нӕм хорз цӕстӕй куы нӕ фӕкӕсынц кӕнӕ исты ӕнӕраст хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Ӕркӕсӕм Давиды хабармӕ. Давид ӕрыгон куы уыд, уӕд йӕ фӕдыл зылд паддзах Саул – Йегъовӕйы номӕй чи хъуамӕ хицауиуӕг кодтаид, уый. Фӕлӕ Саул Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци ӕмӕ тынг хӕлӕг кодта Давидмӕ – Хуыцауы зӕрдӕ чи ссардта, уымӕ. Цасдӕр рӕстӕг ма Саулӕн паддзахы бартӕ уыдысты йӕ къухы ӕмӕ йе ’фсадимӕ Давиды фӕстӕ зылди. Уыцы ӕнӕраст хъуыддагмӕ Йегъовӕ фӕкаст цалдӕр азы. Цымӕ уый тыххӕй Давид Хуыцаумӕ смӕсты? Мыййаг афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ фӕразын ницы пайда у? Ахӕмӕй дзы ницы уыд. Саулы паддзахӕй сӕвӕрдта Хуыцау, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн Давид алкӕддӕр стыр аргъ кодта. Ӕмӕ-иу ын кӕд фадат фӕзынд йӕ маст райсынӕн, уӕддӕр афтӕ никуы бакодта (13. Исчи нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн не ’наипдзинад бахъахъхъӕнын?
13 Уӕдӕ куыннӕ у Давид абон махӕн фӕзминаг! Мах стӕм ӕппӕтдунеон ӕмбырды ӕмӕ иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст. Уымӕ гӕсгӕ нӕ, гӕнӕн ис, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чифӕндыдӕр фӕхъыг кӕна. Ӕмӕ сӕ кӕмӕнфӕндыдӕр йӕ бон у рӕстдзинады фӕндаг ныууадзын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн стыр арфӕдзинад у, Йегъовӕйы адӕмӕн иууылдӕр се ’гъдау фехӕла, уымӕн гӕнӕн куы нӕй, ахӕм рӕстӕджы кӕй цӕрӕм (Ис. 54:17). Фӕлӕ куыд хъуамӕ бакӕнӕм, исчи нӕ фыдӕнхъӕл куы фӕкӕна кӕнӕ та нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд? Не ’мчырыстонмӕ куы мӕсты кӕнӕм ӕмӕ уыцы мастӕн нӕ зӕрдӕ фӕхъӕстӕ кӕнын куы бауадзӕм, уӕд нын тӕссаг у, Хуыцауы раз рӕстӕй куы нал цӕрӕм, уымӕй. Хуыцаумӕ куы фӕхӕрам уӕм кӕнӕ рӕстдзинады фӕндаг куы ныууадзӕм, уӕд, иннӕтӕ цы аразынц, уымӕй нӕхи не сраст кӕндзыстӕм (Пс. 119:165). Зын уавӕрты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр ӕнаипп уӕм.
14. Рӕстӕй чи цӕры, уыдон сӕхи куыд фӕдарынц, организацийы хъуыддӕгты кӕнӕ, Библийӕ стихтӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, уым исты куы фӕивы, уӕд?
14 Цӕмӕй ӕнаипп уӕм, уый тыххӕй ма хъуамӕ нӕхи хизӕм хъуыр-хъуыр кӕнынӕй ӕмӕ фаутӕ хӕссынӕй дӕр. Уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон куыд арфӕ кӕны, афтӕ никуы. Раст дин зӕххыл абонау бӕрзонд никуыма уыди (Ис. 2:2–4). Библийӕ цавӕрдӕр стихтӕ, раздӕр сӕ куыд ӕмбарын кодтой, афтӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕрхуызон куы фембарын кӕнынц, кӕнӕ организацийы хъуыддӕгты исты куы фӕивы, уӕд-иу хъуамӕ сразы уӕм. Уыцы ивындзинӕдтӕ бӕлвырд кӕнынц, Хуыцауы хъуыддӕгтӕм рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕлы, ӕмӕ нын уый у тынг ӕхсызгон (Ӕмб. 4:18). Кӕцыдӕр ивындзинад цӕмӕн скодтой, уый кӕд не ’мбарӕм, уӕд Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй йӕ бамбарӕм. Фӕлӕ уӕдмӕ дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ алкӕддӕр ӕнаипп уӕм, рӕстӕй цӕрӕм.
Рӕстӕй чи нӕ цӕры, уымӕн йӕ бон цы у бакӕнын?
15. Рӕстӕй цӕрын дӕ йӕ бон бахъыгдарын кӕмӕн у, уыцы иу чидӕр чи у?
15 Ацы фарстыл хъӕуы дзӕбӕх ахъуыды кӕнын? Иов 27:5). Кӕд дӕуӕн дӕр уый у дӕ фидар фӕнд ӕмӕ кӕд Йегъовӕйы хӕлар дӕ, уӕд алкӕддӕр уыдзынӕ ӕнаипп (Иак. 4:8).
Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, рӕстӕй цӕрын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй у. Ӕнӕ уымӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ нӕ уыдзыстӕм, стӕй нӕ фидӕнӕй дӕр ныфс нӕ уыдзӕн. Рох дӕ ма уӕд: Дун-дунейы ис ӕрмӕстдӕр иу чидӕр, рӕстӕй цӕрын дӕ йӕ бон бахъыгдарын кӕмӕн у – ды дӕхӕдӕг. Уый хорз ӕмбӕрста Иов. Уый загъта: «Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ уыдзынӕн ӕнаипп!» (16, 17. а) Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза? ӕ) Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ӕй цы хъӕуы кӕнын?
16 Фӕлӕ иуӕй-иутӕ рӕстӕй цӕрын нӕ бафӕразынц, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл бафтынц. Афтӕ уыд хабар, апостолтӕ ма ӕгас куы уыдысты, уыцы рӕстӕджы дӕр. Кӕд уый дӕумӕ дӕр хауы, уӕд дын цымӕ ницыуал баххуыс уыдзӕн? Нӕ, хъуыддаг къухауигъинаг нӕу. Цы ис бакӕнӕн? Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, ууыл. Адӕймаг афтӕ у, ӕмӕ ӕвзӕр ми куы бакӕны, уӕд ӕй фембӕхсы йӕ ныййарджытӕй, йе ’мчырыстӕттӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Фӕлӕ нын Библи нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмб. 28:13). Стыр рӕдыд кӕны, йӕ тӕригъӕд чи ӕмбӕхсы, уый, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй бамбӕхсӕн ницы ис. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:13.) Иуӕй-иутӕ та сӕхи афтӕ дарынц, цыма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц, фӕлӕ ма уыциу рӕстӕг тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ дӕр аразынц. Уыцы адӕмӕй, рӕстӕй цӕрынц, зӕгъгӕ, ницы хуызы ис зӕгъӕн. Йӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уыдоны лӕггад Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Ӕмӕ дзырд ӕрмӕст зӕрдӕмӕ цӕуыныл нӕ цӕуы – сӕ цӕстмӕхъус митӕм йӕ маст фыцы (Ӕмб. 21:27; Ис. 1:11–16).
17 Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ӕй цы кӕнын хъӕуы, уый хорз зонӕм. Хъуамӕ ӕххуыс ракура хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Йегъовӕ уыдоны снысан кодта, цӕмӕй ӕххуыс кӕной, «рынчын» чи у, ома йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн. (Бакӕс Иаковы 5:14.) Бафхӕрдзысты дӕ кӕнӕ дын исты уынаффӕ ратдзысты, уымӕй ма тӕрс – бацархай дӕ «низӕй» фервӕзыныл. Ӕмбаргӕ адӕймаг, йӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕй у, ахӕм низӕй рынчын куы уа, уӕд цымӕ уколӕй кӕнӕ суанг операцийӕ дӕр «нӕ» зӕгъдзӕн, фӕрисдзӕн мын, зӕгъгӕ? (Дзут. 12:11).
18, 19. а) Давиды цӕвиттонӕй куыд зыны, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ та ногӕй рӕстӕй цӕрын райдайа? ӕ) Рӕстӕй цӕрыны тыххӕй дӕ фидар фӕнд цы у?
18 Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг уыцы «низӕй» фервӕза? Йӕ бон та раздӕрау рӕстӕй цӕрын суыдзӕн? Ногӕй та ӕркӕсӕм Давиды цӕвиттонмӕ. Давид ракодта уӕззау тӕригъӕд – сусӕгӕй каст кӕйдӕр усмӕ, йемӕ ӕмуат ӕрцыд ӕмӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй йын йӕ лӕджы амардтаиккой. Уыцы рӕстӕджы Давидӕй зынтӕй уыдис зӕгъӕн, рӕстӕй цӕры, зӕгъгӕ, афтӕ нӕу? Фӕлӕ йын цымӕ йӕ уавӕры ницыуал баххуыс уыдаид? Давиды хъуыди карзӕй бафхӕрын ӕмӕ йӕ Хуыцау ӕфхӕргӕ дӕр бакодта. Уӕдӕ зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта. Давид ӕфхӕрд кӕй баййӕфта, уый йын зондзонӕн фӕци ӕмӕ та ногӕй рӕстӕй цӕрын райдыдта – Хуыцауы коммӕ кӕсын та райдыдта ӕмӕ стӕй дарддӕр дӕр коммӕгӕс уыди. Давиды цард хорз цӕвиттон у, Ӕмбисӕндты 24:16 цы фыст ис, уымӕн: «Рӕстгӕнӕг авд хатты куы ахауа, уӕд дӕр сыстдзӕн». Ӕмӕ дарддӕр цы уыдзӕн? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Давиды мӕлӕты фӕстӕ Йегъовӕ Соломонӕн йӕ фыды тыххӕй цы загъта, уымӕ. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 9:4.) Хуыцау бахъуыды кодта Давиды, рӕстӕй чи цард, ахӕм адӕймагӕй. О, Йегъовӕйӕн йӕ бон у, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕнын, кӕд йӕ тӕригъӕдтӕ тынг уӕззау уыдысты, уӕд дӕр (Ис. 1:18).
19 О, рӕстӕй цӕрдзынӕ, ӕнаипп уыдзынӕ, Хуыцауы куы уарзай ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсай, уӕд. Хуыцауыл иузӕрдион у ӕмӕ фидар лӕуу. Уӕззау тӕригъӕд куы ракӕнай, уӕд та зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕн. Ӕнаипдзинад стыр хӕзна у! Цӕй ӕмӕ нӕ алкӕмӕндӕр Давидау йӕ фидар фӕнд уӕд: «Ӕз та – ӕз цӕрдзынӕн рӕстӕй» (Пс. 26:11).
[Фиппаинаг]
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Дӕ бон куыд у рӕстӕй цӕрын?
• Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй алкӕддӕр ӕнаипп уай?
• Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй та адӕймаг рӕстӕй цӕрын райдайа?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Фыст, 8 фарсыл]
«УЫЙ УЫДИ СТЫР ДИССАГ»
Ацы ныхӕстӕ загъта иу сывӕрджын сылгоймаг, иу ӕнӕзонгӕ сылгоймаг цы хорз хъуыддаг бакодта, уый тыххӕй. Сывӕрджын сылгоймаг кафемӕ бацыд ӕмӕ фӕстӕмӕ куы рацыд, уӕд цалдӕр сахаты фӕстӕ бафиппайдта, йе ’хцадон йӕхимӕ кӕй нӕй – кафейы йӕ ферох кодта. Йе ’хцадоны уыд 2 мин доллӕры, ӕнӕуи йӕм цас вӕййы, уымӕй бирӕ фылдӕр. «Тынг фӕмаст кодтон»,– загъта уый фӕстӕдӕр бынӕттон газеты журналистӕн. Фӕлӕ ӕхцадон ссардта иу ӕрыгон сылгоймаг ӕмӕ йын йӕ хицауы агурын райдыдта. Йӕ бон ӕй ссарын куы нӕ баци, уӕд ӕй бахаста пъӕлицӕмӕ. Уыдон сылгоймаджы ссардтой ӕмӕ йын йе ’хцадон радтой. «Уыцы сылгоймаг цы сарӕзта, уый ӕцӕгдӕр уыди стыр диссаг»,– загъта ӕхцадоны хицау. Цымӕ цӕмӕн бакодта афтӕ уыцы ӕрыгон сылгоймаг? Газеты фыст уыд, уый кӕй уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ цы диныл хӕст у, уый кӕй амоны, цӕмӕй адӕймаг рӕстӕй цӕра».
[Ныв 9 фарсыл]
Фӕлварӕнты ӕрыгӕттӕн сӕ бон у се ’наипдзинад бахъахъхъӕнын
[Ныв 10 фарсыл]
Давид цасдӕр рӕстӕг рӕстӕй нал цард, фӕлӕ та Хуыцауы хорзӕх ссардта