Уӕхи хизут «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй»
Уӕхи хизут «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй»
«Ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл чи цӕуы, уый... у ӕнӕзонд» (ӔМБ. 12:11).
1. Хорзӕй нӕм цы ис ӕмӕ йӕ нӕ бон хуыздӕр цӕуыл у хардз кӕнын?
АЛЫ адӕймаджы дӕр хорзӕй цыдӕр ис. Зӕгъӕм, чидӕр у ӕнӕниз ӕмӕ тыхджын, кӕмӕдӕр ис цавӕрдӕр диссаджы курдиӕттӕ, чидӕр та у хъӕздыг. Не ’ппӕтдӕр Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нын ӕхсызгон у, хорзӕй нӕм цы ис, уымӕй йӕ кӕй кадджын кӕнӕм, ӕмӕ йын афтӕмӕй кӕй ӕххӕст кӕнӕм йӕ фӕдзӕхст: «Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый» (Ӕмб. 3:9).
2. Ӕнӕпайда хъуыддӕгты тыххӕй Библи цы дзуры ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц?
2 Фӕлӕ ма Библи дзуры ӕнӕпайда хъуыддӕгты тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕм цы ис, уый уыдӕттыл ма хардз кӕнӕм. Ӕркӕсӕм, Ӕмбисӕндты 12:11 уый фӕдыл цы фыст ис, уымӕ: «Йӕ зӕхх чи бакусы, уый дзулӕй бафсӕддзӕн, ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл чи цӕуы, уый та у ӕнӕзонд». Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы аразын хъӕуы, уый зын бамбарӕн нӕу. Адӕймаг йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ тыхтыл куы нӕ ауӕрда, уӕд йӕ бинонтӕ ницӕуыл тыхсдзысты (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ йӕ рӕстӕг дӕр ӕмӕ йӕ тыхтӕ дӕр ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл куы цӕуой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, «ӕнӕзонд» ӕмӕ ӕнӕмбаргӕ кӕй у ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уаг раст кӕй нӕу. Ахӕм адӕймӕгтӕ арӕх смӕгуыр вӕййынц.
3. Библийы ӕнӕпайда хъуыддӕгты тыххӕй цы уагӕвӕрд ис, уымӕй нӕ бон куыд у Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы спайда кӕнын?
3 Ӕмбисӕндты 12:11 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕй нӕ бон куыд у спайда кӕнын Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы? Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уый ӕцӕгдӕр ницӕуыл тыхсдзӕн. Ахӕм адӕймаг нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуыцау ын ныр дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн, стӕй йӕ фидӕнӕй дӕр фидар ныфс ис (Матф. 6:33; 1 Тим. 4:10). Фӕлӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл чи адзӕгъӕл, уыцы чырыстон гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕ дӕр адард уа ӕмӕ йӕ ӕнусон царды ныфс дӕр мауал уа. Куыд бахизӕм уымӕй нӕхи? Хъуамӕ ӕмбарӕм, «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм» цы хауы, ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй сыл ма бафтӕм. (Бакӕс Титмӕ 2:11, 12.)
4. Ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ цы сты?
4 Цымӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ цы сты? Ӕмткӕй райсгӕйӕ, уыдон сты, Йегъовӕйӕн нӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнын цы хъыгдары, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр. Уыдонмӕ хауынц, зӕгъӕм, алыхуызон хиирхӕфсӕнтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, улӕфын дӕр хъӕуы. Фӕлӕ нын хиирхӕфсыныл уыйбӕрц рӕстӕг куы цӕуа, ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ мауал ӕвдӕла, уӕд улӕфт дӕр суыдзӕн ӕнӕпайда хъуыддаг, ӕмӕ нӕ Хуыцауӕй адард кӕндзӕн (Еккл. 2:24; 4:6). Уымӕ гӕсгӕ чырыстон хъуамӕ архайа, цӕмӕй ӕмбаргӕ уа ӕмӕ лӕмбынӕг кӕса, йӕ зынаргъ рӕстӕгӕй куыд пайда кӕны, уымӕ. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:5.) Фӕлӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст хиирхӕфсӕнтӕ не сты. Уыдонӕй бирӕ тӕссагдӕр сты, зӕгъӕм, мӕнгхуыцӕуттӕ.
Уӕхи хизут ӕнӕпайда хуыцӕуттӕй
5. Библийы дзырд «ӕнӕпайда» арӕхдӕр кӕм ӕмбӕлы?
5 Хуыцауы Ныхсы дзырд Лев. 26:1). Паддзах Давид фыста: «Йегъовӕ у бӕрзонд ӕмӕ у стыр кады аккаг, ӕмӕ дзы тӕрсын хъӕуы ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕй тынгдӕр. Уымӕн ӕмӕ адӕмы хуыцӕуттӕ иууылдӕр сты ӕнӕпайда хуыцӕуттӕ. Йегъовӕ та уӕлӕрвтӕ сфӕлдыста» (1 Аз. 16:25, 26).
«ӕнӕпайда» арӕхдӕр ӕмбӕлы, мӕнгхуыцӕутты кой кӕм цӕуы, уым. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Израилы адӕмӕн загъта: «Ма кӕнут уӕхицӕн ӕнӕпайда хуыцӕуттӕ, ма ӕвӕрут сурӕт ӕмӕ ныв кӕнӕ цӕджындз, ӕмӕ ма ӕвӕрут уӕ зӕххыл дур нывтимӕ, цӕмӕй йын куват» (6. Мӕнгхуыцӕуттӕ ӕнӕпайда цӕмӕн сты?
6 Давид куыд дзырдта, афтӕмӕй, нӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон дзурӕг сты Йегъовӕйы хъомыс ӕмӕ зондыл (Пс. 139:14; 148:1–10). Уӕдӕ цӕй стыр кад уыд израилӕгтӕн, Йегъовӕ семӕ бадзырд кӕй скодта, уый! Фӕлӕ куыд ӕнӕзонд ми бакодтой, сӕ Хуыцауӕй куы аздӕхтысты ӕмӕ сурӕттӕ ӕмӕ нывтӕн, стӕй цӕджындзтӕн кувын куы райдыдтой, уӕд! Исты бӕллӕх-иу куы ’рцыд, уӕд-иу рабӕрӕг, сӕ мӕнгхуыцӕуттӕ ӕцӕгдӕр ӕнӕпайда кӕй уыдысты: чи сын куывта, уыдоны фервӕзын кӕнын нӕ, фӕлӕ сӕхи фервӕзын кӕнын дӕр сӕ бон нӕ уыд (Тӕрх. 10:14, 15; Ис. 46:5–7).
7, 8. «Хъӕздыгдзинад» хуыцау куыд свӕййы?
7 Абоны онг дӕр бирӕ бӕстӕты адӕм кувынц къухӕй конд сурӕттӕ ӕмӕ нывтӕн. Ахӕм хуыцӕуттӕ раздӕр куыд ӕнӕпайда уыдысты, афтӕ ӕнӕпайда сты ныр дӕр (1 Иоан. 5:21). Фӕлӕ Библи хуыцӕуттӕ ӕрмӕст сурӕттӕ ӕмӕ нывтӕ нӕ хоны. Ӕркӕсӕм, Йесо цы загъта, уымӕ: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24).
8 «Хъӕздыгдзинад» хуыцау куыд свӕййы? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Рагон Израилы быдыры ссарӕн уыд ахӕм дур, хӕдзар кӕнӕ сис аразгӕйӕ чи бабӕззыдаид. Фӕлӕ дзы исчи «цӕджындз» кӕнӕ «дур нывтимӕ» куы скодтаид, уӕд уый Йегъовӕйы адӕмӕн цӕлхдур суыдаид (Лев. 26:1). Афтӕ у йӕ хабар ӕхцайӕн дӕр. Мах ӕхца ӕрмӕст уымӕн хъӕуы, цӕмӕй нӕхи дарӕм. Ӕхца ма нӕ бахъӕуы, цӕмӕй нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уа (Еккл. 7:12; Лук. 16:9). Фӕлӕ нын ӕхца бакусын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр куы суа, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ хуыцау сси ӕхца. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.) Ацы мулкылмард дунейы хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм (1 Тим. 6:17–19).
9, 10. а) Чырыстӕттӕ ахуырадмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Уӕлдӕр ахуырад тӕссаг цӕмӕй у?
9 Пайда хъуыддаг ӕнӕпайда куыд свӕййы, уымӕн ма иу цӕвиттон у ахуырад. Чырыстӕтты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕм хорз ахуырад уа ӕмӕ сӕхи дарынхъом уой. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ хорз ахуырад чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи хуыздӕр ӕмбарой, раст хатдзӕгтӕ кӕной ӕмӕ зындзинӕдты сӕрты хизын зоной, адӕмӕн Библи хуымӕтӕг ӕвзагӕй амоной ӕмӕ сын сӕ ныхасӕй сӕ зӕрдӕтӕ агайой. Хорз ахуырад райсынӕн хъӕуы рӕстӕг, фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы рӕстӕг дзӕгъӕлы ацӕуы.
10 Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис уӕлдӕр ахуырадӕй та? Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕнӕ уымӕй адӕймагӕй никуы ницы рауайдзӕн. Фӕлӕ университетты ӕмӕ институтты чи фӕахуыр кӕны, уыдон фӕхъӕстӕ вӕййынц дунейы зондахастӕй. Уыцы ахуырадыл адӕймагӕн ацӕуынц йӕ царды хуыздӕр азтӕ – йе ’рыгон бонтӕ. Афтӕмӕй та сӕ йӕ бон уыдаид бахардз кӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагыл – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл (Еккл. 12:1). Уӕдӕ диссаг нӕу, уӕлдӕр ахуырад бирӕтӕм кӕм ис, уыцы бӕстӕты къаддӕрӕй-къаддӕр кӕй кӕны, Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕмы нымӕц. Фӕлӕ чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ се ’нӕмӕт сомбон уӕлдӕр ахуырадӕй кӕнгӕ у. Уыдон сӕ ныфс дарынц Йегъовӕйыл (Ӕмб. 3:5).
Тӕригъӕдджын буары монцтӕ дӕ хуыцау ма суӕнт
11, 12. Павел кӕмӕйдӕрты афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «сӕ хуыцау у сӕ гуыбын»?
11 Апостол Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕтты хъус ӕрдардта, адӕймагӕн ма хуыцау цы свӕййы, уымӕ. Раздӕр йе ’мчырыстӕттӕ чи уыдысты, уыдоны тыххӕй загъта: «Бирӕтӕ Фил. 3:18, 19). Адӕймагӕн йӕ гуыбын йӕ хуыцау куыд свӕййы?
(сӕ кой уын арӕх кодтон ӕмӕ та уын ныр дӕр сӕ кой кӕнын цӕссыгкалгӕйӕ) сӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц, Чырыстийы хъизӕмӕртты хъӕды знӕгтӕ кӕй сты. Уыдонӕн сӕ кӕрон цӕуы сӕфтмӕ, сӕ хуыцау у сӕ гуыбын... сӕ хъуыдытӕ сты зӕххон хъуыддӕгтыл» (12 Уыцы чырыстӕттӕн Павелимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр сси сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл цӕуын. Иуӕй-иутӕ хӕрд ӕмӕ нозтӕй бӕрц нӕ зыдтой, ӕмӕ-иу расыггӕнджытӕ ӕмӕ гуыбындзӕлтӕ систы. (Ӕмб. 23:20, 21; абар Дыккаг закъон 21:18–21.) Иннӕтӕ та архайдтой, цӕмӕй, фыццаг ӕнусы дунейы цы гӕнӕнтӕ уыд, уыдӕттӕй ӕппындӕр мацы ауагътаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕ адард сты. Уӕдӕ ныл макуы ’рцӕуӕд афтӕ, ӕмӕ, хорз цард кӕй хонынц, уымӕ тырнын райдайӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй мауал лӕггад кӕнӕм (Кол. 3:23, 24).
13. а) Цы у зыд кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй Павел цы дзуры? ӕ) Зыд кӕнынӕй нӕхи куыд бахиздзыстӕм?
13 Павел скодта, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынмӕ ма ноджыдӕр цы хауы, уый кой: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй уӕд зыд, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцауӕн кувын» (Кол. 3:5). Зыд кӕнын у, адӕймагӕн йӕхи цы нӕу, уымӕ тынг куы бӕлла. Гӕнӕн ис, бӕлла цавӕрдӕр дзаумӕттӕм кӕнӕ та суанг искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынмӕ дӕр (Рац. 20:17). Ахӕм монцтӕ мӕнгхуыцауӕн кувыныл нымад кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг, цӕмӕ бӕллы, ууыл тынг куыннӕ хъуамӕ ныхъхъуыды кӕна? Йесо ирдӕй равдыста, цыфӕнды зын нын куы уа, уӕд дӕр куыд ахсджиаг у ахӕм монцты рохтыл хӕцын. (Бакӕс Марчы 9:47; 1 Иоан. 2:16.)
Дӕхи хиз ӕнӕпайда ныхӕстӕй
14, 15. а) Йеремийы рӕстӕджы бирӕтӕн цӕлхдур цавӕр ӕнӕпайда ныхӕстӕ систы? ӕ) Моисейы ныхӕстӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты?
14 Ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм ма хауынц ныхӕстӕ дӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Йеремийӕн загъта: «Пехуымпартӕ мӕ номӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ кӕнынц, уыдон мӕнг сты. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бахӕс кодтон ӕмӕ сын ницы дзырдтон. Пехуымпарӕдты хуызы уын дзурынц сӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, дӕсныфӕрсынтӕ, ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хин фӕндтӕ» (Йер. 14:14). Уыцы мӕнг пехуымпартӕ сӕхи афтӕ ’вдыстой, цыма Йегъовӕйы номӕй дзырдтой, фӕлӕ ӕцӕгӕй та хъардтой сӕхи хъуыдытӕ, сӕхи зонд. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхӕстӕ уыдысты «ӕнӕпайда», афтид, уымӕй уӕлдай ма тӕссаг уыдысты, адӕмы Хуыцауӕй кӕй аздӕхтаиккой, уымӕй. Ахӕм ӕнӕпайда ныхӕстӕм чи байхъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ н. э. размӕ 607 азы сӕ мӕлӕт ссардтой вавилойнӕгты къухӕй.
15 Мӕнӕ цы загъта Моисей та израилӕгтӕн: «Абон уын цы фӕдзӕхсын, уый уӕ зӕрдӕмӕ айсут... Уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн ӕнӕпайда ныхӕстӕ не сты; уыдонӕй кӕнгӕ у уӕ цард ӕмӕ уыдоны фӕрцы бирӕ рӕстӕг фӕцӕрдзыстут, Иорданы цӕугӕдоны сӕрты кӕдӕм хизут, уыцы зӕххыл, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат» (Дык. з. 32:46, 47). О, Моисейӕн уыцы ныхӕстӕ зӕгъын кодта Хуыцау. Уымӕ гӕсгӕ уыдысты ахсджиаг, ӕнӕхъӕн Израилы адӕмӕн сӕ цард уыдонӕй кӕнгӕ уыд. Уыцы ныхӕстӕм чи байхъуыста, уыдон сӕ цардӕй райгонд уыдысты ӕмӕ бирӕ фӕцардысты. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр нӕхи ӕнӕпайда ныхӕстӕй хизӕм ӕмӕ Хуыцауы ахсджиаг ныхӕстӕм хъусӕм!
16. Ахуыргӕндты ныхӕстӕй Хуыцауы Ныхасы ныхмӕ чи у, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?
16 Цымӕ абон ӕнӕпайда ныхӕстӕ хъусӕм? Куыннӕ ма! Зӕгъӕм, ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, эволюци ӕмӕ, ахуыргӕндты къухы цы бафтыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Хуыцауыл ӕууӕндын кӕй нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр бамбарын кӕнӕн ис ӕрдзы сконды фӕрцы. Ахӕм ныхӕстӕ ныл бандавой, уый хъуамӕ бауадзӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Адӕймаджы зонд ӕмӕ Хуыцауы зонд иу не сты (1 Кор. 2:6, 7). Фӕлӕ йӕ мах зонӕм: адӕймаджы ахуырӕдтӕ Хуыцауы ахуырӕдты ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд алы хатт дӕр раст разынынц Хуыцауы ахуырӕдтӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:4.) Кӕд ахуыргӕндтӕн иуӕй-иу хъуыддӕгты бирӕ бантыст, уӕддӕр, Библийы адӕймаджы зонды тыххӕй цы фыст ис, уый абоны онг дӕр у раст: «Ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад». Хуыцауы ӕгӕрон зондимӕ абаргӕйӕ адӕймаджы хъуыдытӕ ӕппындӕр ницы сты (1 Кор. 3:18–20).
17. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, чырыстон динты разамонджытӕ ӕмӕ, Хуыцауӕй чи аздӕхт, уыдон цы дзурынц, уымӕ?
17 Ӕнӕпайда ныхӕстӕ ма фӕкӕнынц чырыстон динты разамонджытӕ дӕр. Уыдон сӕхи афтӕ ӕвдисынц, цыма Хуыцауы номӕй дзурынц, фӕлӕ сӕ ахуырӕдтӕй сӕ фылдӕрӕн Фыстадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ иууылдӕр, зӕгъӕн ис, сты афтид. Ӕцӕг Хуыцауӕй чи аздӕхт, уыдон дӕр кӕнынц афтид ныхӕстӕ. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, Хуыцау кӕй снысан кодта, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» зондджындӕр сты (Матф. 24:45–47). Хъарынц сӕхи зонд, сӕ ныхӕстӕ сты афтид, чи сӕм хъусы, уыдонӕн сты цӕлхдур (Лук. 17:1, 2). Куыд сӕ бахизӕм нӕхи?
Куыд бахизӕм нӕхи ӕнӕпайда ныхӕстӕй
18. 1 Иоанны 4:1 цы уынаффӕ ис, уымӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын?
18 Ахӕм уавӕры цы кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй апостол Иоанн радта хорз уынаффӕ. (Бакӕс 1 Иоанны 4:1.) Иоанны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕн фӕдзурӕм, цӕмӕй, цы базонынц, уый Библиимӕ барой. Афтӕ кӕнын хъӕуы мах дӕр. Исчи ӕцӕгады ныхмӕ куы дзура кӕнӕ ӕмбырдыл, хистӕр нӕлгоймӕгтыл, йе та нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй искӕуыл фаутӕ куы ӕвӕра, уӕд-иу сын сӕ ныхӕстыл разы кӕныны бӕсты ахъуыды кӕндзыстӕм: «Афтӕтӕ чи дзуры, уый йӕхӕдӕг Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕры? Йӕ ныхӕстӕ Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ сты? Ӕмбырды фарнӕн ахъаз кӕнынц?» Ӕмбырды фарн фидар нӕ, фӕлӕ халгӕ цы кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр сты ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ (2 Кор. 13:10, 11).
19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у сбӕлвырд кӕнын, сӕ ныхӕстӕ афтид кӕй не сты, уый?
19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр уымӕй сӕ бон у хорз зонд райсын. Уынаффӕ дӕттын сӕ куы фӕхъӕуы, уӕд сӕ зӕрдыл фӕдарынц, уыдон дӕр алцы кӕй нӕ зонынц ӕмӕ, сӕхиуыл цы бавзӕрстой ӕмӕ цы зонынц, ӕрмӕст уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕархайынц. Уыдон хъуамӕ алкӕддӕр сӕ хъус дарой, Библи цы дзуры, уымӕ. Иу ахсджиаг уагӕвӕрд ис апостол Павелы ныхӕсты: «Фыст цы у, уымӕй уӕлдай мацы дзурут» (1 Кор. 4:6). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Библийы цы фыст ис, уымӕй уӕлдай ницы фӕдзурынц. Ӕмӕ ацы уагӕвӕрдӕй уӕрӕхдӕр куы спайда кӕнӕм, уӕд, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уагъд литературӕйы Библийы бындурыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй уӕлдай ницы фӕдзурынц.
20. Цы нын ӕххуыс кӕны нӕхи ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй хизынӕн?
20 Ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ – «хуыцӕуттӕ» уой, ныхӕстӕ кӕнӕ ӕндӕр исты – сты тынг тӕссаг. Уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй-иу нын баххуыс кӕна, ӕнӕпайда цы у, уый бамбарынӕн. Уымӕй уӕлдай ма дзы разамынд курӕм, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд мах дӕр, зӕгъӕн ис, псаломзарӕггӕнӕгау дзурӕм: «Аздах мын мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уынон, ӕнӕпайда цы у, уый; бахъахъхъӕн мӕ, цӕмӕй удӕгас уон дӕ фӕндагыл» (Пс. 119:37). Иннӕ статьяйы дарддӕр аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын цы пайда у, ууыл.
Куыд бамбарын кӕнис?
• Цавӕр «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй» хъуамӕ хизӕм нӕхи?
• Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕхца нӕ хуыцау ма суа?
• Тӕригъӕдджын буары монцтӕ мӕнгхуыцау куыд свӕййынц?
• Ӕнӕпайда ныхӕстӕй нӕхи куыд бахизӕм?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 3 фарсыл]
Израилӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕхх куыстаиккой ӕмӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгты фӕдыл ма цыдаиккой
[Ныв 5 фарсыл]
Хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын дын макуы суӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр
[Ныв 6 фарсыл]
Хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕ дын тынг фӕпайда уыдзысты