Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Де ’фсарм дын куыд дзуры, афтӕ кӕн

Де ’фсарм дын куыд дзуры, афтӕ кӕн

Де ’фсарм дын куыд дзуры, афтӕ кӕн

«Сыгъдӕг чи у, уыдонӕн алцыдӕр сыгъдӕг у. Сыгъдӕг чи нӕу ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыдонӕн та сыгъдӕг ницы у» (ТИТМӔ 1:15).

1. Павел Криты ӕмбырдтӕн куыд ӕххуыс кодта?

АПОСТОЛ Павелы йе ’ртыккаг балцы фӕстӕ ӕрцахстой, ӕмӕ йӕ Роммӕ арвыстой. Уым ахӕстоны фӕцис дыууӕ азы бӕрц. Куы йӕ суӕгъд кодтой, уӕд цы куыста? Иуцасдӕры фӕстӕ Титимӕ ацыд Криты сакъадахмӕ. Фӕстӕдӕр Павел Титмӕ ныффыста ацы ныхӕстӕ: «Ныууагътон [дӕ] Криты, цӕмӕй, раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕнай ӕмӕ... сӕвӕрай хистӕр нӕлгоймӕгты» (Титмӕ 1:5). Уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн Титы хъуыдис ӕмгуыст кӕнын алыхуызон адӕмимӕ. Уыдонӕй иутӕн се ’фсарм иу дзырдта, иннӕтӕн та ӕндӕр цыдӕр.

2. Тит Криты сакъадахыл цавӕр зын хъуыддаг хъуамӕ сӕххӕст кодтаид?

2 Павел Титмӕ ныффыста, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй, ӕмӕ стӕй загъта, уым кӕй уыд «бирӕ хивӕнд адӕймӕгтӕ, дзӕгъӕлдзырд чи кӕны ӕмӕ иннӕты зонд чи зыгъуыммӕ кӕны». Уыдон, «цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ амонынц ӕмӕ ӕнӕхъӕн бинонты уырнындзинад халынц». Тит сын хъуамӕ «уайдзӕф кодтаид» (Титмӕ 1:10–14; 1 Тимофеймӕ 4:7). Павел загъта, сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом дӕр кӕй уыдысты «чъизи». Ам Павел цы дзырдӕй спайда кодта, уый хъуыды у «амӕст», ӕмӕ адӕймаджы цӕстытыл ауайы, ахорӕнӕй чи самӕсти, ахӕм рӕсугъд дзаума (Титмӕ 1:15). Уыцы нӕлгоймӕгтӕй иутӕ раздӕр уыдысты иудейты диныл хӕст ӕмӕ «сунӕты ӕгъдауыл фидар... хӕцыдысты». Абон ӕмбырдты ахӕм нӕлгоймӕгтӕ нӕй, сунӕт кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, уымӕй иннӕты уырнындзинад чи халы. Фӕлӕ уӕддӕр, Павел Титӕн цы уынаффӕтӕ радта, уымӕй нӕ бон у фылдӕр базонын ӕфсармы, цӕсгомы тыххӕй.

Сӕ цӕсгом чъизи кӕмӕн у, ахӕм адӕм

3. Павел Титмӕ цӕсгомы тыххӕй цы фыста?

3 Нӕ хъус ма ӕрдарӕм, Павел цӕсгомы кой цӕмӕн ракодта, уымӕ. «Сыгъдӕг чи у, уыдонӕн алцыдӕр сыгъдӕг у. Сыгъдӕг чи нӕу ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыдонӕн та сыгъдӕг ницы у, фӕлӕ сӕ зонд дӕр ӕмӕ сӕ цӕсгом дӕр у чъизи. Уыдон стыр дзыхӕй дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдисынц, кӕй йӕ нӕ зонынц». Бӕрӕг у, уӕды рӕстӕджы иуӕй-иуты кӕй хъуыд аивын, цӕмӕй «уырнындзинады фидар... уыдаиккой» (Титмӕ 1:13, 15, 16). Уыдонӕн сӕ цӕсгом «чъизи» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ не ’взӕрстой, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый.

4, 5. Ӕмбырдты иуӕй-иутӕ цӕмӕй рӕдыдысты ӕмӕ сыл уый куыд фӕзынд?

4 Дӕс азӕй фылдӕр рацыд, разамонӕг совет куы аскъуыддзаг кодта, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг суа, уый тыххӕй сунӕт кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыддаг кӕй нал у. Уыцы уынаффӕ фехъусын кодтой ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр (Хъуыддӕгтӕ 15:1, 2, 19–29). Фӕлӕ критӕгтӕй иуӕй-иутӕ нырма «сунӕты ӕгъдауыл фидар... хӕцыдысты». Уыдон ӕргом дзырдтой разамонӕг советы уынаффӕйы ныхмӕ ӕмӕ «цы не ’мбӕлд, уыдӕттӕ амыдтой» (Титмӕ 1:10, 11). Уыцы адӕм раст нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй чырыстӕттӕ ӕххӕст кодтаиккой, Закъоны хӕринаджы ӕмӕ сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ уыд, уыдон. Уый гӕнӕн дӕр ис, ӕмӕ уыдон дӕр кодтой, Йесойы рӕстӕджы сӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ – суанг Закъонмӕ дӕр сӕхи хъуыдытӕ ӕфтыдтой, стӕй ма иннӕтӕн дзуттаг аргъӕуттӕ ӕмӕ адӕмы ныхӕстӕ хъардтой (Марчы 7:2, 3, 5, 15; 1 Тимофеймӕ 4:3).

5 Уыцы зондахаст сӕ хъыгдардта раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын, ома се ’фсармыл ӕвзӕрырдӕм зынд. Павел фыста: «Сыгъдӕг чи нӕу ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыдонӕн... сыгъдӕг ницы у». Се ’фсарм афтӕ фӕивта, ӕмӕ сын нал дӕр, кӕм куыд бакӕной, уый ӕмбарынӕн ӕххуыс кодта, нал дӕр хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн. Уымӕй уӕлдай ма-иу уыдон се ’мчырыстӕттӕн сӕхи тӕрхонгӕнӕг скодтой сӕрмагонд хъуыддӕгты дӕр, зӕгъӕм, чи куыд бакӕндзӕн, уый алкӕмӕндӕр йӕхи бар кӕм уыд, ахӕм хъуыддӕгты. Иудзырдӕй, уыцы критӕгтӕ, чъизи цы нӕ уыд, уый дӕр нымадтой чъизийыл (Ромӕгтӕм 14:17; Колоссӕгтӕм 2:16). Кӕд дзургӕ кодтой, Хуыцауыл ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ митӕ бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр дзурӕг уыдысты (Титмӕ 1:16).

«Сыгъдӕг чи у, уыдонӕн алцыдӕр сыгъдӕг у»

6. Цавӕр дыууӕ къорды кой кодта Павел?

6 Павел Титмӕ цы фыста, уый махӕн цы пайда у? Ӕркӕсӕм, ацы ныхӕсты ныхмӕвӕрд цы цӕуы: «Сыгъдӕг чи у, уыдонӕн алцыдӕр сыгъдӕг у. Сыгъдӕг чи нӕу ӕмӕ уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уыдонӕн та сыгъдӕг ницы у, фӕлӕ сӕ зонд дӕр ӕмӕ сӕ цӕсгом дӕр у чъизи» (Титмӕ 1:15). Цымӕ Павелы афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хӕрзӕгъдау чырыстонӕн алцыдӕр у сыгъдӕг ӕмӕ йын алцы кӕныны бар дӕр ис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр фыстӕджы Павел дзуры, зӕгъгӕ, хӕтгӕ чи кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдон «Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (Галатӕгтӕм 5:19–21). Уӕдӕ нӕ бон у ахӕм хатдзӕг скӕнын, ӕмӕ Павел адӕмы адих кодта дыууӕ къордыл – иутӕ сты Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ ӕмӕ кӕнынц хӕрзӕгъдау цард, иннӕтӕ та сты, уый зӕгъӕн кӕмӕй нӕй, уыдон.

7. Дзуттӕгтӕм 13:4 гӕсгӕ цы не ’мбӕлы кӕнын, фӕлӕ цавӕр фарст ӕвзӕры?

7 Сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕттӕ, Библи комкоммӕ кӕй ныхмӕ у, ӕрмӕст уыцы хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ма хизой сӕхи. Зӕгъӕм, Библи ӕргом дзуры: «Йӕ бинонты цард сымахӕй алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзуттӕгтӕм 13:4). Чырыстон чи нӕу ӕмӕ Библийӕ ӕппындӕр чи ницы зоны, суанг уыдон дӕр ацы стих куы бакӕсой, уӕд бамбардзысты, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын раст кӕй нӕу. Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр стихтӕй Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы цӕсты стыр тӕригъӕд кӕй у, бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм лӕг кӕнӕ ус ӕндӕр искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуы, уый. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус чи не сты, дыууӕ ахӕм адӕймаджы ӕмуат куы не ’рцӕуой, фӕлӕ кӕрӕдзийы ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм куы ’вналой ӕмӕ алыхуызон ӕлгъаг митӕ куы кӕной, уӕд уый дӕр (оральный секс) тӕригъӕд у? Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, зӕгъгӕ, иугӕр ӕмуат никӕимӕ ӕрцыдтӕн, уӕд уым ӕнӕгъдауӕй ницы ис. Цымӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ уый хъуамӕ сыгъдӕг хъуыддагыл нымайой?

8. Лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, дыууӕ ахӕм адӕймаджы алыхуызон ӕлгъаг митӕ кӕной, уымӕ дунейы адӕм цы цӕстӕй кӕсынц? Чырыстӕттӕ та?

8 Дзуттӕгтӕм 13:4 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 6:9 хорз зыны, Хуыцауӕн ӕнӕуынон кӕй у цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын дӕр ӕмӕ хӕтын дӕр (грекъагау порни́а). Цы хауы хӕтындзинадмӕ? Грекъаг ӕвзагӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уымӕн йӕ хъуыды у, буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕй хӕлд митӕ кӕнынӕн пайда кӕнын. Уымӕ хауынц, ӕмкъайады ӕдде адӕймаг цыдӕриддӕр хӕлд митӕ кӕны, уыдон. Уыцы хӕлд митӕй иу у, лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, дыууӕ ахӕм адӕймаджы кӕрӕдзийы ӕфсӕрмыйаг буары уӕнгтӕм куы ’вналой ӕмӕ алыхуызон ӕлгъаг митӕ куы кӕной (оральный секс). Фӕлӕ ӕгас дунейы дӕр ӕрыгӕттӕн дзурынц кӕнӕ сӕхимӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕцӕг чырыстӕттӕ, «дзӕгъӕлдзырд чи кӕны ӕмӕ иннӕты зонд чи зыгъуыммӕ кӕны», уыдоны зондмӕ нӕ хъусынц ӕмӕ уыдонау нӕ кӕнынц (Титмӕ 1:10). Уыдон цӕрынц Сыгъдӕг Фыстады раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕцӕг чырыстӕттӕ ахӕм ӕнӕгъдау митӕ кӕныны фарс нӕ хӕцынц, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, уый кӕй у хӕтындзинад, порни́а, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕной * (Хъуыддӕгтӕ 21:25; 1 Коринфӕгтӕм 6:18; Ефесӕгтӕм 5:3).

Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи ӕфсарм – алчи дӕр ӕвзары йӕхӕдӕг

9. «Алцыдӕр сыгъдӕг [куы] уа», уӕд адӕймагӕн йе ’фсарм куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

9 Фӕлӕ цы зӕгъынмӕ хъавыд Павел, «сыгъдӕг чи у, уыдонӕн алцыдӕр сыгъдӕг у», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд? Павел кодта, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йӕ зондахаст чи сраст кодта ӕмӕ ӕгъдау цы у, уый чи бамбӕрста, уыцы чырыстӕтты кой. Уыцы чырыстӕттӕ зонынц, Фыстады, ӕвзӕр сты, зӕгъгӕ, комкоммӕ цы хъуыддӕгты тыххӕй нӕй фыст, уыцы хъуыддӕгты алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, куыд бакӕна, уый. Уыдон сӕхи иннӕтӕн тӕрхонгӕнӕг нӕ кӕнынц, ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты чъизи цы нӕу, уый «сыгъдӕгыл» нымайынц. Афтӕ сӕм нӕ кӕсы, ӕмӕ Библийы цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд амындтӕ куы нӕ уа, уӕд иннӕттӕ дӕр хъуамӕ хъуыды кӕной, уыдон куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ. Уый тыххӕй ӕркӕсӕм иу-цалдӕр хабармӕ.

10. Чындзӕхсӕвмӕ (кӕнӕ зианмӕ) ацӕуын зын уавӕр схонӕн цӕмӕн ис?

10 Бирӕ бинонтӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси ӕрмӕстдӕр иу – кӕнӕ ус, кӕнӕ лӕг (1 Петры 3:1; 4:3). Уыцы Ӕвдисӕнтӕ бахауынц бирӕ зын уавӕрты, сӕ хӕстӕджытӕй исчи чындзӕхсӕв куы фӕкӕны кӕнӕ сын исчи куы амӕлы, уӕд. Зӕгъӕм, ус у чырыстон, лӕг та нырма нӕу. Лӕгӕн йӕ хӕстӕджытӕй чидӕр чындзӕхсӕв кӕны бынӕттон дины ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. (Кӕнӕ йын чидӕр амард, зӕгъӕм, йӕ фыд кӕнӕ йӕ мад, ӕмӕ йӕ ныгӕндзысты бынӕттон дины ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ.) Лӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ ус дӕр йемӕ ацӕуа. Цымӕ усмӕ йе ’фсарм цы дзуры, ацӕуа ӕви нӕ? Куыд бакӕндзӕн? Йӕ бон у, ӕмӕ ацӕуа, йӕ бон у, ӕмӕ ма ацӕуа. Аныхас кӕнӕм дыууӕ хабарыл дӕр.

11. Радзур, чындзӕхсӕвмӕ ацӕуыны тыххӕй, хойӕн йӕ бон цӕуылты у ахъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ бон цавӕр хатдзӕгмӕ у ӕрцӕуын.

11 Марийӕ зоны Библийы фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, Стыр Вавилонӕй, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонӕй, рацӕут (Раргомад 18:2, 4). Чындзӕхсӕв уыдзӕн, йӕхӕдӕг раздӕр цы диныл хӕст уыд, уыцы дины ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ йӕ зоны, алкӕмӕ дӕр кӕй хатдзысты, цӕмӕй, бынӕттон ӕгъдӕуттӕ цы домынц, уыдӕттӕ кӕной, зӕгъӕм, искӕй цӕрӕнбоны тыххӕй нуазой, сидтытӕ уадзой ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Марийӕ аскъуыддзаг кодта, кӕй нӕ ацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уым Хуыцауы ныхмӕ рӕдийын кӕной. Уый йӕ лӕджы нымайы ӕмӕ йӕ фӕнды, алы хъуыддаджы дӕр-иу йӕ фарсмӕ куы балӕууид, уымӕн ӕмӕ уый, Библимӕ гӕсгӕ, у йӕ хицау. Фӕлӕ йӕ Хуыцауы закъӕттӕ халын нӕ фӕнды (Хъуыддӕгтӕ 5:29). Уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕгӕн уӕзданӕй ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, кӕд ды цӕуыс, уӕд уый дӕхи бар у, фӕлӕ мӕнӕн мӕ бон ацӕуын нӕу. Йӕ бон ын у зӕгъын, зӕгъгӕ, ӕз демӕ куы ацӕуон ӕмӕ, бынӕттон ӕгъдӕуттӕ цы домынц, уыдӕттӕ куы нӕ кӕнон, уӕд дӕм уый, мыййаг, хардзау куы фӕкӕса, ӕмӕ куы нӕ ацӕуон, уӕд дӕхицӕн уыдзӕн хуыздӕр. Афтӕ куы аскъуыддзаг кӕна, уӕд Хуыцауы раз йӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг.

12. Искӕй чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхоной, уӕд йӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын ӕмӕ куыд у йӕ бон бакӕнын?

12 Верӕ дӕр бахауд раст ахӕм уавӕры. Уый аргъ кӕны йӕ лӕгӕн, йӕ чырыстон ӕфсарм ын цы дзуры, уымӕ хъусы ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивдзӕн. Марийӕ цӕуыл ахъуыды кодта, уыдӕттыл ахъуыды кодта Верӕ дӕр. Стӕй Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ лӕмбынӕг бакаст 2002 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй «Кӕсджыты фарстытӕ» (уыр.). Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы кӕй ацыдысты, дурцырт кӕм сӕвӕрдтой, уырдӕм, фӕлӕ сӕ иузӕрдиондзинад бахъахъхъӕдтой ӕмӕ дурцыртӕн нӕ бакуывтой (Данел 3:15–18). Верӕ аскъуыддзаг кодта: йӕ лӕгимӕ ацӕудзӕн, фӕлӕ, бынӕттон ӕгъдӕуттӕ цы домынц, уыдӕттӕ нӕ кӕндзӕн – йе ’фсармы коммӕ кӕсдзӕн. Уӕзданӕй ӕмӕ комкоммӕ ӕмбарын кӕны йӕ лӕгӕн, йе ’фсарм ӕй цы кӕнын уадзы, цы та – нӕ. Ныфс ӕй ис, ӕмӕ йӕ лӕг фендзӕн, раст дин ӕмӕ мӕнг дин кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый (Хъуыддӕгтӕ 24:16).

13. Дыууӕ чырыстоны иу уавӕры ӕмхуызон куы нӕ бакӕной, уӕд ууыл дис кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

13 Дыууӕ чырыстоны дӕр уыдысты иу уавӕры, фӕлӕ иухуызон нӕ бакодтой. Цымӕ уӕд хъуамӕ афтӕ ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ чи куыд кӕны, уый уӕлдай нӕу, йе та сӕ дыууӕйӕ иу раст нӕ кӕны? Нӕ. Марийӕ раздӕр фидар хӕцыд йӕ дины ӕгъдӕуттыл, ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, куы ацӕуа, уӕд уый йӕхицӕн уыдзӕн тӕссаг. Уымӕй уӕлдай ма Марийӕйы ӕфсармыл ӕндавдзӕн, уымӕй размӕ дӕр йӕ лӕгимӕ динимӕ баст фарстатыл кӕй ныхас кодта, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уый бакодта, йӕ уавӕры йӕм растдӕр бакӕнын куыд каст, афтӕ.

14. Алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, уыцы хъуыддӕгты фӕдыл чырыстӕтты сӕ зӕрдыл дарын цы хъӕуы?

14 Уӕдӕ уӕд Верӕ раст нӕ бакодта? Афтӕ никӕй бон у зӕгъын. Чындзӕхсӕвмӕ ацӕудзынӕн, фӕлӕ, бынӕттон дины ӕгъдӕуттӕ не ’ххӕст кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, кӕй аскъуыддзаг кодта, уый тыххӕй йыл иннӕтӕ хъуамӕ тӕрхон ма кӕной ӕмӕ йын ма уайдзӕф кӕной. Ам зӕрдыл дарын хъӕуы Павелы уынаффӕ. Уый дзырдта, чи куыд бакӕндзӕн, уый алчидӕр йӕхӕдӕг кӕм скъуыддзаг кӕны, иу ахӕм хъуыддагыл, бӕлвырддӕр та, цавӕрдӕр хӕринӕгтӕ хӕрӕн ис ӕви нӕ, ууыл: «Уӕдӕ, чи хӕры, уый уӕлейӕ дӕлӕмӕ ма кӕсӕд, чи нӕ хӕры, уымӕ. Чи нӕ хӕры, уый та тӕрхон ма кӕнӕд, чи хӕры, уымӕн... Лӕууы ӕви хаугӕ акодта, уый йӕ хицау равзардзӕн. Кӕд ахауд, уӕддӕр фӕстӕмӕ слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цӕмӕй йӕ слӕууын кӕна» (Ромӕгтӕм 14:3, 4). Иунӕг ӕцӕг чырыстоны дӕр нӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй искӕй йӕ чырыстон ӕфсармы сӕрты хизын кӕна, уымӕн ӕмӕ уый, йӕ бон цард фервӕзын кӕнын кӕмӕн у, уыцы хъӕлӕс ныхъхъус кӕнынӕй уӕлдай нӕу.

15. Цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм иннӕты ӕфсармыл ӕмӕ ӕнкъарӕнтыл?

15 Дыууӕ хойы дӕр ма хъӕуы ахъуыды кӕнын иу цӕуылдӕр: куыд бакӕндзысты, уый иннӕтыл куыд бандавдзӕн. Павел нын дӕтты ахӕм уынаффӕ: «Алчидӕр йӕхицӕн зӕгъӕд, ӕфсымӕры рӕдийын кӕй нӕ кӕндзӕн кӕнӕ йын фӕкӕлыны хос кӕй нӕ уыдзӕн» (Ромӕгтӕм 14:13). Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, зоны, ахӕм хабӕрттӕ-иу ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕнӕ йӕ бинонтӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцыдысты. Зоны ма, куыд бакӕндзӕн, уый йӕ сывӕллӕттыл тынг кӕй бандавдзӕн. Верӕ та зоны, исчи-иу ахӕм чындзӕхсӕвмӕ куы ацыд, уӕд-иу ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, стӕй сыхӕгтӕ дӕр ууыл никуы бадис кодтой. Уыцы дыууӕ хойы дӕр, ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕцӕг чырыстон ӕфсарм кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг кӕй хъуыды кӕны, цы аразы, уый иннӕтыл куыд бандавдзӕн, ууыл. Йесо загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уыцы гыццылтӕй иуы дӕр чи фӕрӕдийын кӕна, уымӕн та хуыздӕр уаид, йӕ хъуырыл ын, хӕрӕг кӕй фӕзилы, ахӕм куыройыдур куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызӕн йӕ тӕккӕ арфмӕ куы ныппариккой» (Матфейы 18:6). Адӕймаг, йӕ бон иннӕты фӕрӕдийын кӕнын кӕй у, ууыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ цӕсгом счъизи уа, Криты чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн куыд счъизи, афтӕ.

16. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ чырыстон куыд хъуамӕ ива?

16 Чырыстон хъуамӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна Хуыцаумӕ ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр хъуса, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ, ӕмӕ йын куыд дзуры, афтӕ кӕна. Ӕркӕсӕм Андрейы хабармӕ. Андрей ӕрӕджы райста донаргъуыд. Йе ’фсарм ын уый бар нал дӕтты, раздӕр цытӕ кодта, уыдӕттӕ кӕнын, зӕгъӕм, йӕхи хизы мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ тугӕй (Хъуыддӕгтӕ 21:25). Уый ныр лӕмбынӕг кӕсы алцӕмӕдӕр, ӕмӕ йӕхи хъахъхъӕны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгты ӕнгӕс гыццыл дӕр цы у, ӕппӕт уыдӕттӕй. Фӕлӕ Андрей не ’мбары, йе ’мчырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ ӕвзӕрыл цӕмӕн нымайынц, уымӕ ӕвзӕр цы нӕ кӕсы, уыдӕттӕ, зӕгъӕм, кӕцыдӕр телералӕвӕрдтӕ.

17. Радзур, чырыстоны ӕфсармыл ӕмӕ уынаффӕтыл рӕстӕг ӕмӕ, Хуыцаумӕ кӕй баввахсдӕр вӕййы, уый куыд бандавы.

17 Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ Андрей хуыздӕр ӕмбары Библи ӕмӕ ӕввахсдӕр кӕны Хуыцаумӕ (Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Куыд ыл зыны уый? Хуыздӕр ӕмбарын райдыдта раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Ныр Андрей тынгдӕр хъусы, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ ӕмӕ лӕмбынӕгдӕр иртасы Библийы уагӕвӕрдтӕ. Уый бамбӕрста, йӕ къух кӕуыл систа, уыцы хъуыддӕгты «ӕнгӕс гыццыл дӕр» чи у, уыдон Хуыцау ӕвзӕрыл кӕй нӕ нымайы. Уымӕй уӕлдай ма Андрей, Библийы уагӕвӕрдтӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдыдта ӕмӕ йын йӕ чырыстон ӕфсарм куыд дзуры, афтӕ кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нал кӕсы, раздӕр ӕвзӕр кӕй нӕ хуыдта, уыцы телералӕвӕрдтӕм. О, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йе ’фсарм сфӕлтӕрдта (Псалом 37:31).

18. Цӕуыл цин кӕнӕм?

18 Ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕрты иуӕй-иу чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад куыд фидар у, иннӕтӕн афтӕ фидар нӕу. Чидӕртӕ нырма ӕрӕджы базыдтой ӕцӕг Хуыцауы. Кӕцыдӕр хъуыддӕгты фӕдыл уыдонӕн се ’фсарм, чи зоны, нырма ӕппындӕр ницы дзуры, кӕцыдӕр хъуыддӕгты фӕдыл та сӕ мидхъӕлӕс дзуры хъӕрӕй. Ахӕм адӕмы бахъӕудзӕн рӕстӕг ӕмӕ ӕххуыс, цӕмӕй лӕмбынӕгдӕр хъусой Йегъовӕйы разамындмӕ ӕмӕ сӕ чырыстон ӕфсарммӕ (Ефесӕгтӕм 4:14, 15). Фӕлӕ уыцы ӕмбырдты ис, Библи хорз чи зоны, йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йын чи цӕры ӕмӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын чи сахуыр, ахӕм чырыстӕттӕ. Цӕй стыр амонд у, кӕй стӕм ахӕм сыгъдӕг адӕмы ’хсӕн, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр хӕрзӕгъдауыл ӕмӕ сыгъдӕгыл чи нымайы (Ефесӕгтӕм 5:10). Раст афтӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм мах не ’ппӕт дӕр. Уӕдӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын не ’фсарм амӕй фӕстӕмӕ дӕр дзура, «бӕлвырдӕй кӕй зонӕм, ӕмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уыимӕ баст чи у, уыцы ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» (Титмӕ 1:1).

[Фиппаинаг]

^ 8 абз. 1984 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 22, 23 фӕрстыл (уыр.) лӕг ӕмӕ усы царды тыххӕй уыд ахӕм хъуыдытӕ: «Хорз уаид, адӕймаг ӕнӕуынон цӕстӕй куы кӕсид, Йегъовӕ чъизийыл цы нымайы, ӕппӕт уыдӕттӕм. Уыдонмӕ хауынц ӕнӕгъдау, хӕлд митӕ. Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ афтӕ цӕрой, цӕмӕй се ’фсарм Хуыцауы раз уа сыгъдӕг... Хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, ӕмуат ӕрцӕуын цавӕрдӕр чъизи хъуыддаг кӕй ма хъуамӕ уа, фӕлӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнувыд уарзты ӕвдисӕн. Ахӕмӕй дзы хъуамӕ ӕппындӕр мацы уа, цардӕмбалы зӕрдӕ цы фӕриссын кӕна кӕнӕ йын исты зиан цы ’рхӕсса (Ефесӕгтӕм 5:28–30; 1 Петры 3:1, 7)».

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Криты чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн сӕ цӕсгом чъизи цӕмӕн уыд?

• Дыууӕ адӕймагӕн сӕ чырыстон ӕфсарм уыцыиу фарсты фӕдыл алыхуызон уынаффӕтӕ цӕмӕн рахӕссын кӕны?

• Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ не ’фсарм куыд хъуамӕ ива?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ 20 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Сицили

ГРЕЦИ

Крит

КЪАННӔГ АЗИ

Кипр

ЗӔХХАСТӔУ ДЕНДЖЫЗ

[Ныв 22 фарсыл]

Дыууӕ чырыстоны иу уавӕры алы хатт иухуызон нӕ бакӕнынц