Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацӕргӕ, фӕлӕ цӕрдӕг

Ацӕргӕ, фӕлӕ цӕрдӕг

Ацӕргӕ, фӕлӕ цӕрдӕг

АДӔЙМАГЫЛ азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд йӕ хъару асӕтты ӕмӕ адӕмы ’хсӕнмӕ дӕр нал фӕцӕуы, цыма ахст вӕййы, афтӕ. Фӕлӕ Фернан Риваролы хабар та ӕндӕрхуызон уыд. Уый амард Женевӕйы (Швейцари), 95 азы йыл куыд цыд, уӕд. Фернан цард иунӕгӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ цардӕмбал амард, йӕ чызгӕн та уыдис йӕхи бинонтӕ. Кӕд фылдӕр рӕстӕг хӕдзары ӕрвыста, уӕддӕр иунӕг нӕ уыд. Арӕх-иу бадти стъолы фарсмӕ, телефон йӕ къухы, афтӕмӕй, искӕмӕ-иу фӕдзырдта, цӕмӕй йемӕ Хуыцауы тыххӕй аныхас кодтаид.

Фернаныл йӕ дӕргъвӕтин царды бирӕ хабӕрттӕ ’рцыд. Уыдис ахӕм рӕстӕг дӕр, ӕмӕ ӕцӕгдӕр уыд ахст. Цӕмӕн? 1939 азы йӕ цардӕмбалимӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы систы, уӕд Европӕйы райдыдта дыккаг дунеон хӕст. Фернан Библимӕ гӕсгӕ цард ӕмӕ йӕ искӕмӕн фыддзинад кӕнын нӕ фӕндыд. Уый тыххӕй йӕ йӕ куыстӕй ратардтой ӕмӕ йӕ цалдӕр хатты ахӕстоны сбадын кодтой – ӕмткӕй райсгӕйӕ фӕбадти фондз азы ӕмӕ ’рдӕг. Уыцы рӕстӕг йӕ бон нӕ уыд йӕ цардӕмбал ӕмӕ йӕ гыццыл чызджы фенын.

Йӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ Фернан дзырдта: «Бирӕтӕм афтӕ каст, цыма мӕ хорз куыст ныууагътон ӕмӕ мӕ бинонты мӕт нал кодтон. Адӕм мыл ӕнӕрвӕссон кодтой, ӕмӕ цыма фыдгӕнӕг уыдтӕн, ахӕм цӕстӕй мӕм кастысты. Фӕлӕ уыцы уӕззау растӕджытыл хъуыды кӕнгӕйӕ, мӕ зӕрдыл фылдӕр хатт ӕрлӕууы, Иегъовӕ нын куыд ӕххуыс кодта, уый. Уӕдӕй абонмӕ бирӕ рӕстӕг рацыд, фӕлӕ уӕд Иегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ куыд фидарӕй дардтон, афтӕ ныр дӕр».

Уыцы уырнындзинад Фернаны разӕнгард кодта, цӕмӕй иннӕтӕн ӕцӕгады тыххӕй телефонӕй хъусын кодтаит. Кӕд-иу ӕм исчи хорз байхъуыста, уӕд-иу ын постӕй литературӕ арвыста. Фӕстӕдӕр-иу ӕм фӕдзырдта, зӕгъгӕ, базонон, цы бакаст, уый йӕ зӕрдӕмӕ куыд фӕцыд. Хатт-иу уыцы адӕмӕй исчи Фернанмӕ арфӕйы фыстӕг дӕр ныффыста, ӕмӕ-иу уӕд йӕ зӕрдӕ тынг барухс.

Чи зоны, дӕумӕ дӕр ахӕм адӕймаг телефонӕй фӕдзура, йе та дӕм ӕрбацӕуа. Цӕуылнӕ ис байхъусӕн, йӕ уырнындзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕ? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕхсызгон вӕййы, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй радзурын.