Хуыцауы фӕндон зӕххыл куы ӕххӕст кӕна
Хуыцауы фӕндон зӕххыл куы ӕххӕст кӕна
ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, «уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл», зӕгъгӕ, уӕд афтӕ уымӕн дзырдта, ӕмӕ уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ цард (Матфейы 6:10; Иоанны 1:18; 3:13; 8:42). Йесо зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уымӕй бирӕ мин азты размӕ уыдта, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр кӕй ӕххӕст кодта. Уый уыд диссаджы рӕстӕг. Зӕрдӕ алцӕмӕй дӕр ради ӕмӕ рухс кодта (Ӕмбисӕндтӕ 8:27—31).
Хуыцау фыццаг скодта уӕларвон удгоймӕгтӕ. Уыдон уыдысты «Йӕ... Зӕдтӕ, хъаруйӕ фидӕрттӕ, Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ». Уыцы зӕдтӕ уыдысты ӕмӕ ныр дӕр сты «Йӕ кусджытӕ, Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ» (Псалом 102:20, 21). Цымӕ алы зӕдӕн дӕр йӕ сӕр йӕ бар уыд? О. Зӕгъӕм, Хуыцау зӕхх куы арӕзта, уӕд ӕй йӕ «фырттӕ хъӕрӕй кадджын кодтой» (Иов 38:7). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауы фӕндтӕй райгонд ӕмӕ разы уыдысты.
Хуыцау зӕхх скодта, цӕрынӕн ӕй бацӕттӕ кодта. Стӕй фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдыста (Уӕвынады чиныг, 1 сӕр). Уыдӕтты тыххӕй дӕр кадджын кӕнинаг нӕ уыд? Сыгъдӕг Фыстады кӕсӕм: «Уӕд, Хуыцау цы сарӕзта, ууыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ мӕнӕ, ӕппӕт дӕр уыд иттӕг хорз». О, ӕппӕт дӕр уыд хорз арӕзт, фау ӕрхӕссӕн дзы ницӕмӕ уыд (Уӕвынад 1:31).
Цымӕ Хуыцаумӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы тыххӕй цавӕр фӕнд уыд? Сӕ зӕнӕджы тыххӕй та? Уӕвынады 1:28 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уый дӕр уыд диссаджы фӕнд: «Хуыцау сын раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта: „Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ зӕххыл хилӕг алкӕцы цӕрӕгойыл“». Ацы ӕвӕджиауы хӕс сӕххӕст кӕныны тыххӕй нӕ рагфыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ зӕнӕг хъуамӕ цардаиккой ӕнустӕм. Фыдбылызтӕ, хӕрамдзинад, маст ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нӕ уыд.
Уыцы рӕстӕг уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон. Йӕ фӕндон ын чи ӕххӕст кодта, уыдон уыдысты зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджын. Ӕмӕ уӕдӕ цы ’рцыди?
Ӕнӕнхъӕлӕджы Хуыцауы фӕндонӕн цӕлхдур фӕзынд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, айсӕн ӕй уыдис. Фӕлӕ уӕддӕр райдыдтой, кӕронхуыз кӕмӕн нӕй, уыцы фыдох ӕмӕ масты бонтӕ. Ӕмӕ бирӕтӕ уый тыххӕй не ’мбарынц, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Уӕдӕ мах дӕр уыцы фыдбонтӕй хызт не стӕм. Цы уыд уыцы цӕлхдур?
Хуыцауы фӕндон, йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд
Хуыцауы уӕларвон фырттӕй иумӕ йӕ саузӕрдӕйы сӕвзӕрд ахӕм бӕллиц: йӕ Фыдмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый фӕивын. Цас ыл фылдӕр хъуыды кодта, уыйас ӕм кастис зӕрдӕзӕгъгӕдӕр ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнын та ӕнцондӕр (Иаковы 1:14, 15). Ӕвӕццӕгӕн хъуыды кодта, зӕгъгӕ, фыццаг лӕг ӕмӕ ус мӕнмӕ куы байхъусой, уӕд Хуыцауӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыдзӕн, ӕмӕ сразы уыдзӕн ӕндӕр хицаудзинадыл. Чи зоны йӕ ныфс уыд, Хуыцау сын кӕй ницы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд йӕ фӕнд къуылымпы кӕны. Уӕдӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы бахъӕудзӕн йӕ фӕндон фендӕрхуызон кӕнын — йӕ уӕларвон фырты хицауиуӕг кӕнын бауадздзӕн, уымӕн ӕмӕ йе сконд адӕм ныр цӕудзысты уыцы фырты зондыл. Уӕдӕ бӕрӕг у, уыцы змӕнтӕг зӕд фӕстӕдӕр Сайтан, ома «Ныхмӕлӕууӕг», цӕмӕн схуындӕуыд, уый (Иов 1:6).
Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны охыл Сайтан бацыд сылгоймагмӕ. Сразы йӕ кодта Хуыцауы фӕндоны сӕрты ахизын ӕмӕ хӕдбарӕй цӕрыныл. Зӕгъгӕ та йын кодта афтӕ: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут... Суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн, зондзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр» (Уӕвынад 3:1—5). Сылгоймаг уыдӕттӕ куы айхъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта: ай мӕнӕ мӕхӕдӕг мӕхицӕн хицау куы уыдзынӕн! Сайтаны ныхӕстыл баууӕндыд,— ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ йын афтӕмӕй ноджы хуыздӕр цард уыдзӕн. Уый фӕстӕ йӕ лӕджы дӕр йӕ зондыл акодта (Уӕвынад 3:6).
Фӕлӕ уый Хуыцауы фӕндон нӕ уыд. Уый уыд сӕхи фӕндон. Ӕмӕ сӕхи зондыл кӕй ацыдысты, уый сӕ ӕвирхъау бӕллӕхтӕм ӕркодта. Хуыцау сӕ уый размӕ бафӕдзӕхста, афтӕ куы бакӕной, уӕд кӕй амӕлдзысты (Уӕвынад 3:3). Афтӕ конд уыдысты, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон нӕ уыд хорз ӕмӕ амондджын цардӕй цӕрын (Иереми 10:23). Се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕнӕххӕстдзинад се уӕнгты ахъардта, ӕмӕ сӕ зӕнӕг дӕр ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт сӕ туджы рахастой (Ромӕгтӕм 5:12). Сайтанӕн сӕ йӕ бон нӕ уыди уыцы бӕллӕхтӕй фервӕзын кӕнын.
Цымӕ уыцы хабӕрттӕ, Хуыцаумӕ адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый мыггагмӕ фӕивтой? Нӕ (Исай 55:9—11). Фӕлӕ сӕвзӕрд лыггӕнинаг дзырддаг фарстатӕ: Сайтан куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ, адӕмӕн ӕцӕгдӕр у сӕ бон, ӕмӕ «уой Хуыцауы хуызӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоной»? Ӕндӕр ныхӕстӕй, Хуыцау адӕмӕн рӕстӕг куы ратта, уӕд сӕ бон уыдзӕн хорз ӕвзӕрӕй иртасын, пайда ӕмӕ зиан цы у, уый ӕвзарын? Ӕви Хуыцау ӕппӕты хуыздӕр хицау у ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр уымӕ хъӕуы хъусын? Ӕрмӕстдӕр уый фӕндыл хъӕуы цӕуын? Куыд хъуыды кӕныс ды та?
Ӕппӕт хъуыдыхъом удгоймӕгты раз ацы дзырддаг фарстатӕ алыг кӕнынӕн уыдис ӕрмӕстдӕр иу мадзал: ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын кӕй фӕндыд, уыдоны сӕхи бар ауадзын. Хуыцау змӕнтджыты куы фесӕфтаид, уӕд дзырддаг фарстатӕ лыггонд не ’рцыдаиккой. Адӕмы сӕхи бар куы ауагътаид, уӕд рабӕрӕг уыдаид, ӕнӕ Хуыцауӕй сӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Хуыцау сылгоймагӕн зӕнӕг рауадзыны тыххӕй куы загъта, уӕд растдӕр уый кой кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын байдыдтой, ӕмӕ мах дӕр ацы рухс дунемӕ рантыстыстӕм (Уӕвынад 3:16, 20).
Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцау адӕмы ӕмӕ йӕ змӕнтӕг уӕларвон фырты бынтондӕр сӕхи зондыл ауагъта. Хуыцау йӕ хицаудзинад ӕмӕ йӕ фӕндыл йӕ къух нӕ систа (Псалом 82:19). Уыцы хъуыддаг хорз бамбарын кодта, куы загъта, адӕмы йын йӕ ныхмӕ чи скодта, уыцы змӕнтӕджы кӕй фесафдзӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цы фыдбӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдонӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн, уӕд (Уӕвынад 3:15). Афтӕмӕй Хуыцау сӕрысуангӕй адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, уыдӕттӕй сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн.
Уӕдмӕ нӕ рагфыдӕлтӕ сӕхи, стӕй сӕ зӕнӕджы дӕр Хуыцауы хицаудзинадӕй
рахибар кодтой. Сӕ фӕндоны фыдӕй сыл мацы фыдбылызтӕ цыдаид, Хуыцау сӕ уымӕй куы хъахъхъӕдтаид, уӕд сын хъуамӕ алы къахдзӕфыл дӕр йӕхи фӕндон хъардтаид. Ӕмӕ уӕд афтӕ уыдаид, цыма сын хӕдбарӕй цӕрыны фадат ӕппындӕр нӕ радта.Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй фӕнды, уымӕн йӕ бон у йӕхи Хуыцауы хицаудзинады бӕрны бакӕнын. Уыйхыгъд ма, абон Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый базонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын (Псалом 142:10). Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕфыдбылыз не сты, уымӕн ӕмӕ дзырддаг фарста, адӕмӕн сӕ бон хӕдбарӕй цӕрын у ӕви нӕ, лыггонд нӕма ӕрцыд.
Хи зондыл цӕуын цӕмӕ ӕркӕны, уый тагъд рабӕрӕг. Адам ӕмӕ Евӕйы зӕнӕджы хистӕр Каин амардта йе ’фсымӕр Авелы, «йӕхи хъуыддӕгтӕ фыддзинад кӕй уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та рӕстдзинад», уый тыххӕй (1 Иоанны 3:12). Каин афтӕ кӕй бакодта, уый Хуыцауы фӕнд нӕ уыд — афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд ӕй фӕдзӕхсгӕ дӕр нӕ кодтаид, стӕй йӕ ӕфхӕргӕ дӕр нӕ бакодтаид (Уӕвынад 4:3—12). Каин дӕр Сайтаны хивӕнд зондыл ацыд ӕмӕ уый тыххӕй «уыд хинӕйдзагӕй». Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ дӕр иу ӕмӕ дыууӕ нӕ бафӕзмыдта.
1 500 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд «ӕцӕг Хуыцауы цӕсты зӕхх фесӕфт, байдзаг тыхмийӕ» (Уӕвынад 6:11). Хъуыддаг афтӕ уадзӕн нал уыд, науӕд зӕхх бынтондӕр фесӕфтаид. Хуыцау зӕххыл рауагъта донӕй хъаймӕт, фӕлӕ иу хӕдзары бинонтӕ фервӕзын кодта: Нойы, йӕ усы, йӕ фыртты ӕмӕ йӕ чындзыты (Уӕвынад 7:1). Мах не ’ппӕт дӕр стӕм уыдоны байзӕддӕгтӕ.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцау разамынд дӕтты, йӕ фӕндон базоныныл йӕ уд чи хъары, уыдонӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй, ӕнувыд ыл чи уыд, ахӕм лӕгтӕн йӕ ныхӕстӕ ныффыссын кодта. Фыст сты Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцау-иу иузӕрдион адӕмы йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта, суанг-иу сӕ хӕлар дӕр сси (Исай 41:8). Стӕй сын лӕвӕрдта хъарутӕ, адӕм миназты хӕдбарӕй кӕй цӕрынц, уый цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, уыдон фӕразынӕн (Псалом 45:2; Филиппӕгтӕм 4:13). Уый тыххӕй дзы адӕймаг бузныг куыннӕ хъуамӕ уа!
«Дӕ фӕндон уӕд» — алкуыдӕр
Хуыцау ныридӕгӕн цы сарӕзта, уымӕй йӕ фӕндон кӕронмӕ нӕ сӕххӕст. Апостол Павел фыста: «Мах, Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ, кӕцытыл цӕры рӕстдзинад» (2 Петры 3:13). Ацы ныхӕстӕ амонынц, кӕй уыдзӕн ног хицауад ӕмӕ уыцы хицауад кӕй хицауиуӕг кӕндзӕн ног адӕмы ӕхсӕнадыл.
Пехуымпар Данел хуымӕтӕг ӕвзагӕй фыста: «Уыцы паддзӕхты дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад... уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44). Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ацы мӕнг цардӕвӕрд аивгъуыйдзӕн ӕмӕ йӕ бынаты слӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад, ома уӕларвон хицауад. Диссагӕй цы кӕныс! Зӕхх та ногӕй тыхмийӕ чи байдзаг кодта ӕмӕ та йӕ ногӕй сӕфты къахыл чи ныллӕууын кодта, уыцы хӕстытӕ ӕмӕ хиуарзондзинадӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
Кӕд уыдзӕн уый? Уымӕй бафарстой Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр: «Уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй дӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цавӕр нысанӕй уыдзӕн базонӕн?» (НД). Йесо сын загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:3, 14).
Хорз хабар ӕгас дунейыл хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый чи нӕ зоны, ахӕм нал ис. Уыцы хабар чи хӕссы, уыдоны, чи зоны, искуы федтай дӕ сыхӕгтимӕ ныхасгӕнгӕ. Профессор Чарлз Браден йӕ чиныджы афтӕ фыссы: «Зӕххыл ахӕм бынат нал ис, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ хъусын кӕнынц... Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ хъусын кӕнынц, афтӕ дунейы ӕндӕр иу динон къорд дӕр нӕ кӕны» («These Also Believe»). Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар ӕнӕзивӕгӕй
хъусын кӕнынц 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Цы ӕвзӕгтыл ӕй хӕссынц адӕммӕ, уыдон та сты 400-мӕ ӕввахс. Ацы куыст ныры хуызӕн никуы ма цыд. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тынг тагъд зӕххон хицауӕдты раивдзӕн Хуыцауы Паддзахад.Йесо куыд загъта, афтӕмӕй адӕм цы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕндзысты, уый у, растдӕр кувын кӕй ӕрцыды тыххӕй ахуыр кодта, уый: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10). Хуыцау уыцы Паддзахады руаджы сӕххӕст кӕндзӕн, адӕм ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый.
Ома? Дзуапп нын дӕттынц Раргомад 21:3, 4 стихтӕ: «Фехъуыстон ӕз хъӕрӕй дзургӕ хъӕлӕс арвӕй, дзургӕйӕ: уый у Хуыцауы скини — адӕймӕгтимӕ, ӕмӕ Уый цӕрдзӕн семӕ; уыдон уыдзысты йӕ адӕм, ӕмӕ Йӕхӕдӕг Хуыцау уыдонимӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау; ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта». Уӕд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст цӕудзӕн алкуыдӕр — зӕххыл дӕр ӕмӕ арвыл дӕр *. Уыцы рӕстӕг дӕ дӕхи цӕстӕй фенын нӕ фӕнды?
[Фиппаинаг]
^ 26 абз. Кӕд дӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд ссар Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕнӕ сӕм ныффысс, 2 фарсыл цы адристӕ ис, уыдонӕй иуыл.
[Ныв 5 фарсыл]
Адӕм Хуыцауы фӕндыл кӕй нӕ ацыдысты, уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм.