Хуыцауы адӕм хъуамӕ уарзой хӕларзӕрдӕдзинад
Хуыцауы адӕм хъуамӕ уарзой хӕларзӕрдӕдзинад
«Рӕстӕй архайай, хӕларзӕрдӕдзинад уарзай ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуай — ӕндӕр дӕ Иегъовӕ исты домы?» (МИХЕЙ 6:8).
1, 2. а) Иегъовӕ, йӕ адӕм хӕларзӕрдӕ уой, уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕнӕм? ӕ) Хӕларзӕрдӕдзинады фӕдыл нӕ цавӕр фарстытӕм хъӕуы ӕркӕсын?
ИЕГЪОВӔ у хӕларзӕрдӕ Хуыцау (Ромӕгтӕм 2:4; 11:22). Фыццаг лӕг ӕмӕ ус, Адам ӕмӕ Евӕ, уымӕн куыд хъуамӕ аргъ кодтаиккой! Хуыцауы сконд дунейӕ сӕ зӕрдӕ ради. Едемы цӕхӕрадоны сӕ алыварс цы уыдтой, уымӕй бӕрӕг уыдис, Иегъовӕ сӕм хӕларзӕрдӕ кӕй у. Ӕмӕ Хуыцау ныр дӕр афтӕ хӕларзӕрдӕ у алкӕмӕдӕр, суанг ӕбузн ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕммӕ дӕр.
2 Адӕм Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у йӕ миниуджытӕ сӕ царды ӕвдисын (Уӕвынад 1:26). Уӕдӕ диссаг нӕу, махмӕ дӕр уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уӕм. Михейы 6:8 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Хуыцауы адӕм хъуамӕ «уарзой хӕларзӕрдӕдзинад». Фӕлӕ цы у хӕларзӕрдӕдзинад? Хуыцауы зӕрдӕмӕ ма цы миниуджытӕ цӕуы, уыдонимӕ куыд баст у? Кӕд адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уой, уӕд дуне афтӕ ӕгъатыр ӕмӕ фыдӕх цӕмӕн у? Ӕмӕ мах, чырыстӕттӕ, иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ уӕм, уымӕ цӕмӕн хъуамӕ тырнӕм?
Цы у хӕларзӕрдӕдзинад?
3. Куыд зӕгъис, цы у хӕларзӕрдӕдзинад?
3 Хӕларзӕрдӕдзинад бӕрӕг вӕййы, иннӕты хӕрзӕбоныл кӕй хъуыды кӕнӕм, уымӕй. Уый бӕлвырд кӕны нӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ фӕлмӕн ныхасӕй. Адӕймаг хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтӕн ӕвзӕрдзинад нӕ, фӕлӕ хорздзинад кӕны. Ахӕм адӕймаг иннӕтимӕ хӕларӕй цӕры, сӕ уавӕры бацӕуы, фӕлмас ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст дары. Уый у рӕдау ӕмӕ иннӕтыл хъуыды кӕны. Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Сфӕлындут, куыд Хуыцауы ӕвзӕрстытӕ, сыгъдӕджытӕ ӕмӕ уарзонтӕ, фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады» (Колоссӕгтӕм 3:12). Уӕдӕ хорз кӕнын, кӕнӕ хӕларзӕрдӕйӕ архайын, алы ӕцӕг чырыстонӕн дӕр афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй йӕ монон уӕлӕдарӕс цыдӕр цух уыдзӕн.
4. Иегъовӕ йӕхӕдӕг адӕммӕ куыд ӕвдисы хӕларзӕрдӕдзинад?
4 Иегъовӕ Хуыцау фыццаг йӕхӕдӕг равдыста хӕларзӕрдӕдзинад. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы адӕймагуарзондзинад» ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад куы раргом, растдӕр уӕд «Уый мах фервӕзын кодта... Сыгъдӕг Удӕй ӕгас кӕнын ӕмӕ ног кӕныны ӕрӕхсадӕй» (Титмӕ 3:4, 5). Хуыцау сӕрст чырыстӕтты «ӕрӕхсадта», кӕнӕ ссыгъдӕг кодта Йесойы тугӕй, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды аргъӕй уыдоны хорздзинадӕн пайдагӕнгӕйӕ. Афтӕ ма сӕ уый йӕ сыгъдӕг уды руаджы ног кӕны, ӕмӕ уыдон свӕййынц Хуыцауы сыгъдӕг удӕй гуырд фырттӕ — «ног сконд» (2 Коринфӕгтӕм 5:17). Уымӕй уӕлдай, Хуыцау хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ уарзы «тынг бирӕ адӕмы», Уӕрыччы Тугӕй «сӕ дарӕстӕ [чи] цӕхсадта ӕмӕ сӕ [чи] сурс кодта», уыдоны (Раргомад 7:9, 14; 1 Иоанны 2:1, 2).
5. Хуыцауы сыгъдӕг уд фӕндагамонӕг кӕмӕн у, уыдон хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?
5 Хӕларзӕрдӕдзинад ма хауы Хуыцауы сыгъдӕг уды, йӕ архайгӕ тыхы дыргъмӕ дӕр. Павел загъта: «Уды дыргъ та: уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад [«хӕларзӕрдӕдзинад», НД], фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын. Ахӕмтыл закъон ницы бар дары» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд фӕндагамонӕг кӕмӕн у, уыдон хӕларзӕрдӕ куыннӕ хъуамӕ уой?
Ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад лӕмӕгъдзинад нӕу
6. Хӕларзӕрдӕдзинад лӕмӕгъдзинад кӕд вӕййы ӕмӕ цӕмӕн?
6 Иуӕй-иутӕ хӕларзӕрдӕдзинад нымайынц лӕмӕгъдзинадыл. Уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕймаг хъуамӕ уа карз, суанг ма ӕдзӕсгом дӕр, цӕмӕй иннӕтӕ уыной, фидар удыхъӕды хицау кӕй у. Фӕлӕ адӕймаг, кӕм хъӕуы, уым ӕцӕг хӕларзӕрдӕ уа ӕмӕ кӕм нӕ хъӕуы, уым та нӕ, уый тыххӕй стыр хъару хъӕуы. Ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъмӕ кӕй хауы, уымӕ гӕсгӕ, искӕй тӕригъӕдджын митӕм уазал цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм фӕлмӕнвад миниуӕг нӕу. Лӕмӕгъдзинад та уый у, ӕмӕ адӕймаг фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕхӕлар, кӕм нӕ хъӕуы, уым куы вӕййы — тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы фӕкӕсы.
7. а) Или фӕлмӕнвад цы хъуыддаджы разынд? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарой, цӕмӕй, кӕм нӕ хъӕуы, уым фӕлмӕн, зӕрдӕхӕлар ма уой?
7 Ӕркӕсӕм Израилы хистӕр сауджын Илийы цӕвиттонмӕ. Уый йӕ фырттӕн — Офни ӕмӕ Финеесӕн (хӕсгӕ кувӕндоны цатыры сауджынтӕн) — кӕм хъуыд, уым уайдзӕф нӕ кодта. Нывонды кусартӕй сӕм Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ цы хай ӕмбӕлд, уымӕй разы нӕ уыдысты, ӕмӕ-иу лӕггадгӕнӕджы арвыстой, цӕмӕй сын-иу хом дзидза райстаид, нывондимӕ чи ӕрбацыд, уыцы адӕймагӕй, цалынмӕ-иу нывондхӕссӕныл кусартӕн йӕ нард нӕ басыгътой, уӕдмӕ. Илийы фырттӕ ма хӕтгӕ дӕр кодтой, хӕсгӕ кувӕндоны цатыры раз цы сылгоймӕгтӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ. Фӕлӕ Или Офни ӕмӕ Финеесы сауджынты куыстӕй нӕ систа,— ӕрмӕст сын фӕлмӕнӕй уайдзӕф кодта (1 Паддзахӕдты 2:12—29). Уӕдӕ диссаг нӕу, «Иегъовӕйӕ ныхас арӕх [кӕй] нал уыд уыцы бонты»! (1 Паддзахӕдты 3:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ цырддзаст уой, цӕмӕй ӕмбырды уырнындзинадӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы тӕригъӕдджынтӕм, кӕм нӕ хъӕуы, уым фӕлмӕн, зӕрдӕхӕлар ма уой. Ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад йӕ цӕстытӕ не ’хгӕны Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ халӕг фыдныхас ӕмӕ фыдхъуыддӕгтыл.
8. Йесо ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад куыд ӕвдыста?
8 Нӕ Дӕнцӕг, Йесо Чырысти, кӕм нӕ хъуыд, уым фӕлмӕн, зӕрдӕхӕлар никуы уыд. Ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинадыл куы дзурӕм, уӕд та Йесойы хуызӕн хӕларзӕрдӕ ничи уыд. Зӕгъӕм, уый бирӕ адӕмы куы федта, «уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уыдон, ӕнӕфыййау фыстау, фӕллад ӕмӕ хӕлиу, кӕй уыдысты, уый тыххӕй» (НФ). Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Йесомӕ ӕдӕрсгӕйӕ цыдысты, ӕгӕрыстӕмӕй ма йӕм сӕ гыццыл сывӕллӕтты дӕр кодтой. Ахъуыды ма кӕн, куыд хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ куыд фӕлмӕнӕй кодта йӕ хъӕбысы сабиты ӕмӕ сын куыд арфӕ кодта (Матфейы 9:36; Маркы 10:13—16). Кӕд Йесо хӕларзӕрдӕ уыд, уӕддӕр фидарӕй хӕцыд, йӕ уӕларвон Фыд растыл цы нымадта, ууыл. Йесо фыддзинадмӕ уазал цӕстӕй никуы каст — йӕ Фыд ын цы бархъомыс радта, уый руаджы цӕстмӕхъус дины разамонджыты хъуыддӕгтӕ хурмӕ калдта. Матфейы 23:13—26 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта: «Мӕгуыр уӕ бон, чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ!»
Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ иннӕ чырыстон миниуджытӕ
9. Хӕларзӕрдӕдзинад куыд баст у бирӕфӕразондзинад ӕмӕ хорздзинадимӕ?
9 Хӕларзӕрдӕдзинад баст у, Хуыцауы сыгъдӕг уд ма адӕймаджы удыхъӕды цы миниуджытӕ рӕзын кӕны, уыдонимӕ, зӕгъӕм, «бирӕфӕразондзинад» ӕмӕ «хорздзинадимӕ». Ӕцӕгдӕр, адӕймаг кӕд архайы, цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уа, уӕд ӕй хъӕуы бирӕфӕразондзинад. Суанг ма фыдзӕрдӕ адӕмӕн дӕр быхсы. Хӕларзӕрдӕдзинад хорздзинадимӕ баст у, уымӕн ӕмӕ арӕх бӕрӕг вӕййы иннӕты хӕрзӕбонӕн исты хорз хъуыддӕгтӕ кӕнынӕй. Библийы «хӕларзӕрдӕдзинад» цы грекъаг дзырд амоны, уый хатт тӕлмац ӕрцӕуы «хорздзинад»-ӕй. Фыццаг чырыстӕттӕ куыд хӕларзӕрдӕ уыдысты, ууыл муртаттӕ афтӕ тынг дис кодтой, ӕмӕ, Тертуллианы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, уыдон «ӕгасӕй дӕр хӕларзӕрдӕдзинад» сты.
10. Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты?
10 Хӕларзӕрдӕдзинад ма баст у уарзондзинадимӕ дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй загъта: «Уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:35). Ахӕм уарзондзинады тыххӕй фыста Павел дӕр: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы, хатыргӕнаг у [«хӕларзӕрдӕ у», НД]» (1 Коринфӕгтӕм 13:4). Хӕларзӕрдӕдзинадӕн нӕй фӕхицӕнгӕнӕн «ӕнувыд уарзтӕй» дӕр, уыцы дзырдбаст арӕх ӕмбӕлы «Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац»-ы (англ.). Дзуттаг ӕвзаджы «ӕнувыд уарзт»-ӕй тӕлмац номдарӕн ис ахӕм нысаниуӕг — искӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы уай, фӕлмӕн уарзтӕй йӕ куы уарзай, цалынмӕ, йемӕ цы фӕнд ис баст, уый нӕ сӕххӕст уа. Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт бирӕ хъуыддӕгты зыны. Зӕгъӕм, йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кӕныны ӕмӕ хъахъхъӕныны тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, уым (Псалом 6:5; 39:12; 142:12).
11. Хуыцауы ӕнувыд уарзт нын нӕ зӕрдӕты цавӕр ныфс уадзы?
11 Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт адӕмы йӕхимӕ ӕлвасы (Иереми 31:3). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зонынц, бахъуаджы сахат йӕ ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыд кӕй уыдзысты. Уыдон уыцы уарзтӕй цух никуы уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у ныфсджынӕй кувын псаломзарӕггӕнӕгау: «Ӕз та ныфсджын дӕн Дӕ хорзӕхӕй [«хӕларзӕрдӕдзинадӕй», НД]; мӕ зӕрдӕ сцин кӕндзӕн Дӕ ирвӕзындзинадыл» (Псалом 12:6). Хуыцауы уарзт ӕнувыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йыл йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у сӕ ныфс фидарӕй дарын. Уыдон зонынц: «Нӕ аиуварс кӕндзӕн Хицау Йӕ адӕмы ӕмӕ Йӕ бынтӕ нӕ ныууадздзӕн» (Псалом 93:14).
Дуне афтӕ ӕгъатыр цӕмӕн у?
12. Кӕд ӕмӕ куыд райдыдта ӕгъатыр хицаудзинад?
12 Ацы фарстӕн йӕ дзуапп баст у, Едемы цӕхӕрадоны цы ӕрцыд, уыимӕ. Иу уӕларвон удгоймаг схиуарзон ӕмӕ сыстырзӕрдӕ ис, бафӕндыд ӕй дунейыл хицауиуӕг кӕнын. Ӕмӕ адӕмы царды тӕккӕ райдианы йӕ фыдвӕнд ӕххӕст кӕнынмӕ ӕрӕвнӕлдта. Куыд фӕстагмӕ, Иоанны 12:31). Фӕстӕдӕр ӕй схуындӕуыд Сайтан Хӕйрӕг — Хуыцау ӕмӕ адӕмы цыфыддӕр знаг (Иоанны 8:44; Раргомад 12:9). Сайтан йӕ фырхиуарзонӕй Иегъовӕйы хӕларзӕрдӕ хицаудзинады бӕсты йӕхи хицаудзинад ӕрфидар кӕнын кӕй сфӕнд кодта, уый рабӕрӕг Евӕйы сфӕлдисыны фӕстӕ. Уӕдӕ ӕвзӕр хицаудзинадӕн бындур ӕрӕвӕрдӕуыд, Адам ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын куы скарста ӕмӕ йын йӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕппындӕр куы ницы бӕсты фӕци, уӕд (Уӕвынад 3:1—6). Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕг хӕдбар не систы, фӕлӕ хиуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд Хӕйрӕджы зондыл цӕуын райдыдтой ӕмӕ сыл цагъары къӕлӕт ӕркодта.
уый ӕцӕгдӕр сси «ацы дунейы ӕлдар» — тынг ӕгъатыр ӕмӕ карз (13—15. а) Адӕм Иегъовӕйы рӕстаг хицаудзинадыл сӕхи кӕй атигъ кодтой, уый сӕ цӕмӕ ’ркодта? ӕ) Ацы дуне афтӕ фыдӕх цӕмӕн у?
13 Ӕркӕсӕм, уый сӕ цӕмӕ ӕркодта. Адам ӕмӕ Евӕ сырд ӕрцыдысты, зӕххӕн дзӕнӕт цы хай уыд, уырдыгӕй. Хӕрынӕн адджын, зӕрдӕйӕн дзӕбӕх халсартӕ ӕмӕ дыргътӕ бӕркадджынӕй кӕм зад, уыцы алӕмӕты бынат баивтой, Едемы цӕхӕрадоны ӕдде цы зын цард уыд, ууыл. Хуыцау загъта Адамӕн: «Дӕ усмӕ кӕй байхъуыстай ӕмӕ дын афтӕ цы бӕласӕй загътон: „Ма дзы бахӕр“, зӕгъгӕ, уымӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст у дӕу тыххӕй. Йӕ тыллӕг ын цӕрӕнбонты тухитӕгӕнгӕйӕ хӕрдзынӕ. Уый дын ӕрзайын кӕндзӕн какон сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджытӕ». Уыцы ӕлгъыст ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ зӕхх сси зын кусӕн. Зӕхх ӕлгъыст кӕй ӕрцыд, уый фӕстиуджытӕ, уыимӕ йӕ «какон сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджытӕ» Адамы байзӕддӕгтӕн уыйбӕрц хъизӕмар ӕвзарын кодтой, ӕмӕ Нойы фыд Ламех дзырдта, зӕгъгӕ, «Иегъовӕйӕ ӕлгъыст зӕхх кусынӕй нӕ къухтӕ риссынц» (Уӕвынад 3:17—19; 5:29).
14 Стӕй ма Адам ӕмӕ Евӕ сӕ ӕнӕмӕт цард баивтой маст ӕмӕ фыдӕбоныл. Хуыцау загъта Евӕйӕн: «Ӕз дын дзӕвгар фӕтынгдӕр кӕндзынӕн дӕ сывӕрджыны рыст; хъизӕмӕртты ардзынӕ сывӕллӕттӕ, дӕ монц дӕ ласдзӕн дӕ моймӕ ӕмӕ дыл уый ӕлдариуӕг кӕндзӕн». Фӕстӕдӕр та Каин, Адам ӕмӕ Евӕйы зӕнӕджы хистӕр, ӕвирхъау ми бакодта — йе ’фсымӕр Авелы амардта (Уӕвынад 3:16; 4:8).
15 «Ӕппӕт дуне... ис Фыдбылызы къухы»,— загъта апостол Иоанн (1 Иоанны 5:19, НД). Абоны дуне дӕр, йӕ хицауау, йӕ ӕвзӕр миниуджытӕ ӕвдисы, уый дӕр у хиуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд. Уӕдӕ диссаг нӕу, зӕххыл фыдӕхдзинад ӕмӕ ӕгъатырдзинад афтӕ кӕй сарӕх! Фӕлӕ алкӕд афтӕ нӕ уыдзӕн. Иегъовӕ ныфс ӕвӕры, йӕ Паддзахад зӕххыл куы хицауиуӕг кӕна, уӕд фыдӕх ӕмӕ ӕгъатыр кӕй ничиуал уыдзӕн — иууылдӕр уыдзысты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг.
Хуыцауы Паддзахад зӕххыл куы хицауиуӕг кӕна, уӕд иууылдӕр уыдзысты хӕларзӕрдӕ
16. Хуыцау Йесо Чырыстийы бӕрны цы хицаудзинад бакодта, уый ӕгасӕй дӕр хӕларзӕрдӕдзинадыл нывӕзт цӕмӕн у ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махыл цавӕр хӕс ис?
16 Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады нысангонд Паддзах Йесо Чырысти домынц, цӕмӕй сын сӕ Паддзахады цӕрджыты зоной хӕларзӕрдӕ адӕмӕй (Михей 6:8). Йесо Чырысти нын фенын кодта, йӕ Фыд ын йӕ бӕрны цы хицаудзинад бакодта, уый ӕгасӕй дӕр хӕларзӕрдӕдзинадыл нывӕзт кӕй уыдзӕн (Дзуттытӕм 1:3). Уый зыны йӕ ныхӕстӕй, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ӕргом кодтой, мӕнг дины разамонджытӕ адӕмыл уӕззау уӕргътӕ кӕй ӕвӕрдтой. Йесо загъта: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн; райсут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн; уымӕн ӕмӕ Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог» (Матфейы 11:28—30). Барджын адӕймӕгтӕй — дины разамонджытӕй, йе та ӕндӕр хицӕуттӕй бирӕтӕ адӕмы хъуырмӕ скӕнынц ӕнӕнымӕц зынӕххӕстгӕнӕн закъӕттӕй ӕмӕ иннӕтӕ кӕмӕн нӕ аргъ кӕнынц, ахӕм куыстытӕй. Фӕлӕ Йесо та йӕ фӕдылдзӕуджытӕй домы, сӕхицӕн сын ахъаз цы фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ бон бакӕнын цы у, уый. Ӕцӕг уӕнгроггӕнӕн ӕмӕ хорз ӕфсондз! Уӕдӕ мах дӕр Йесойау иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ ахаст дарын нӕ фӕнды? (Иоанны 13:15).
17, 18. Ныфс нӕ цӕмӕн ис, ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты чи хицауиуӕг кӕна ӕмӕ зӕххыл йӕ минӕвар чи уа, уыдон хӕларзӕрдӕ кӕй уыдзысты?
17 Йесо йӕ апостолтӕн цы диссаджы ныхӕстӕ Лукайы 22:24—27).
загъта, уыдонӕй зыны, Хуыцауы Паддзахады хицаудзинад куыд тынг хицӕн кӕны адӕмы хицаудзинадӕй. Библийы дзырдӕуы: «Уыд се ’хсӕн [ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн] быцӕу дӕр, чи хъуамӕ нымад уа стылдӕр уыдонӕй. Уый та загъта уыдонӕн: паддзӕхтӕ ӕлдариуӕг кӕнынц адӕмтыл, ӕмӕ уыдоныл бар дарджытӕ хӕрзгӕнджытӕ хуыйнынц; фӕлӕ сымах афтӕ нӕ: стылдӕр уӕ чи у, уӕд куыд къаддӕр, сӕргълӕууӕг та куыд лӕггадгӕнӕг. Уымӕн ӕмӕ чи у стылдӕр: бадӕг, ӕви лӕггадгӕнӕг? бадӕг нӕу мыййаг? Фӕлӕ Ӕз уе ’хсӕн дӕн, куыд лӕггадгӕнӕг» (18 Адӕмыл «ӕлдариуӕг кӕнгӕйӕ», хицӕуттӕ сӕхи сбӕрзонд кӕныныл ӕмӕ стыр нӕмттӕ саразыныл архайынц, цыма уыцы нӕмттӕй, кӕуыл хицауиуӕг кӕнынц, уыдонӕй хуыздӕр фӕуыдзысты. Фӕлӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, ӕцӕгдӕр стырдӕрыл банымайӕн ис ахӕм адӕймаджы, ӕдзухдӕр иннӕтӕн балӕггад кӕныныл йӕ уд чи хъары. Чырыстиимӕ уӕлӕрвты чи хицауиуӕг кӕна ӕмӕ зӕххыл йӕ минӕвар чи уа, уыдон хъуамӕ уыйау уой сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ.
19, 20. а) Иегъовӕ куыд хӕларзӕрдӕ у, уый Йесо куыд равдыста? ӕ) Нӕ бон куыд у, ӕмӕ Иегъовӕйау хӕларзӕрдӕ уӕм?
19 Ӕркӕсӕм ма, Йесо ноджы цы зӕрдиаг уынаффӕ радта, уымӕ. Иегъовӕ куыд хӕларзӕрдӕ у, уый ирддӕрӕй равдисынӕн Йесо загъта: «Кӕд уарзут уӕ уарзджыты, уӕд уын уый тыххӕй цы бузныггад уыдзӕн? уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр сӕ уарзджыты уарзынц. Ӕмӕ кӕд хорздзинад кӕнут, хорздзинад уын чи кӕны уыдонӕн, уӕд уын уый тыххӕй цы бузныггад уыдзӕн? уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр афтӕ кӕнынц. Ӕмӕ кӕд ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ райсын ӕнхъӕлмӕ кӕмӕй кӕсут уыдонӕн, уӕд уын уый тыххӕй цы бузныггад уыдзӕн? уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр дӕттынц ӕфстау тӕригъӕдджынтӕн, цӕмӕй райсой фӕстӕмӕ уый бӕрц. Фӕлӕ сымах уарзут уе знӕгты ӕмӕ хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут ӕнӕ истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ; ӕмӕ уыдзӕн стыр лӕвар сымахӕн, ӕмӕ уыдзыстут Бӕрзонды фырттӕ; уымӕн ӕмӕ Уый хорз кӕны ӕбузнтӕн ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕн дӕр. Уӕдӕ ут фӕлмӕнзӕрдӕтӕ, уӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, афтӕ» (Лукайы 6:32—36).
20 Хуыцауӕй цы хӕларзӕрдӕдзинадыл ахуыр кӕнӕм, уый йӕхицӕн ницы агуры. Ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ домгӕ дӕр ницы кӕны. Иегъовӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ «фӕдзӕхсы Йӕ хурӕн скӕсын фыдзӕрдӕтыл ӕмӕ хӕрзтыл, ӕмӕ ӕрвиты уарын рӕстгӕнджытыл ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджытыл» (Матфейы 5:43—45; Куыстытӕ 14:16, 17). Нӕ уӕларвон Фыдау мах дӕр ӕбузн адӕмӕн канд ӕвзӕрдзинад кӕнынӕй нӕ хизӕм нӕхи, фӕлӕ сын хорздзинад дӕр кӕнӕм, суанг ма нӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдонӕн дӕр. Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уымӕй Иегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕм, Хуыцауы ног дунейы нӕ кӕй фӕнды цӕрын — хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг удӕй рӕзгӕ ӕндӕр миниуджытӕ адӕмы ахастыты сӕрӕвӕрӕн кӕм уыдзысты, уыцы дунейы.
Цӕмӕн хъуамӕ уӕм хӕларзӕрдӕ?
21, 22. Цӕмӕн хъуамӕ уӕм хӕларзӕрдӕ?
21 Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ уой хӕларзӕрдӕ. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы сыгъдӕг удӕн коммӕгӕс кӕй стӕм. Уымӕй уӕлдай ма ӕцӕг хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд фӕзмӕм Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы. Хуыцауы ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр хъуамӕ уой хӕларзӕрдӕ. Уӕдӕ хъуамӕ уарзӕм хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ нӕхи ахуыр кӕнӕм царды хӕларзӕрдӕйӕ архайын.
22 Нӕ ӕрвылбоны царды нӕ хӕларзӕрдӕйӕ кӕм хъӕуы архайын? Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн ууыл.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Цы у хӕларзӕрдӕдзинад?
• Дуне ахӕм ӕгъатыр ӕмӕ фыдӕх цӕмӕн у?
• Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы хицаудзинады рӕстӕджы алчидӕр хӕларзӕрдӕ кӕй уыдзӕн?
• Хуыцауы ног дунейы цӕрын кӕй фӕнды, уыдон хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 9 фарсыл]
Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц дзугмӕ хӕларзӕрдӕ ахаст дарын.
[Ныв 10 фарсыл]
Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уӕззау рӕстӕджыты йӕ ӕнувыд уарзтӕй цух нӕ ныууадздзӕн.