Иегъовӕ нӕ ницы цух уадзы
Иегъовӕ нӕ ницы цух уадзы
«Ма тыхсут, уымӕн ӕмӕ... уӕ Фыд зоны, сымах уыдон хъуаг кӕй стут» (ЛУКАЙЫ 12:29, 30).
1. Иегъовӕ цӕрӕгойты куыд ӕфсады?
ИСКУЫ сырддонцъиу кӕнӕ ӕндӕр маргъы сыджыты цыдӕртӕ къахгӕ федтай? Хӕрзаг-иу бадис кодтай: цымӕ дзы цы агуры, куы ницы дзы ис, уӕд?! Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ мӕргъты куыд ӕфсады, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Уый дзырдта: «Скӕсут ма ӕрвон мӕргътӕм: уыдон нӕ тауынц, нӕ кӕрдынц, не ’мбырд кӕнынц хордонтӕм; ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд ӕфсады. Сымах уыдонӕй бирӕ хуыздӕр не стут?» (Матфейы 6:26). Иегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны куыд ӕфсады, уый диссаг куыннӕ у (Псалом 103:14, 21; 146:9).
2, 3. Йесо нӕ кӕй ахуыр кӕны Хуыцауӕй «дзул... абонӕн» курын, уым цавӕр арф хъуыдытӕ ис?
2 Уӕдӕ ма уӕд Йесойы дӕнцон куывды ахӕм курдиат цӕмӕн ис: «Нӕ ахсджиаг дзул нын ратт абонӕн»? (Матфейы 6:11). Ацы курдиат у хуымӕтӕг, фӕлӕ дзы ис арф хъуыдытӕ. Фыццаг: нӕ зӕрдыл нын ӕрлӕууын кӕны, Иегъовӕ нӕ Дарӕг кӕй у, алцыдӕр нын уый кӕй дӕтты (Псалом 144:15, 16). Адӕймаг цыдӕр ныссадзы, базилы йӕм, зайын та йӕ Иегъовӕ скӕны. Уырнындзинады хъуыддаг дӕр афтӕ у — сырӕзын ӕй кӕны Хуыцау (1 Коринфӕгтӕм 3:7). Хӕринаг ӕмӕ дон дӕр Хуыцауӕй ратгӕ сты (Куыстытӕ 14:17). Уӕдӕ нӕ ӕхсызгонӕй цы фӕхъӕуы, уый дзы алы бон дӕр куы фӕкурӕм, уӕд уымӕй ӕвдисӕм, бузныг дзы кӕй стӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы курдиат афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ кусынхъом уӕвгӕйӕ нӕ иу къах иннӕуыл сӕвӕрӕм, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (Ефесӕгтӕм 4:28; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:10).
3 Дыккаг та, «дзул... абонӕн» курын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сомбоныл ӕгӕр тыхсын кӕй нӕ хъӕуы. Йесо уый фӕстӕ загъта: «Мӕт ма кӕнут, ӕмӕ ма дзурут: цы хӕрӕм? кӕнӕ цы нуазӕм? кӕнӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм? Уымӕн ӕмӕ адон ӕппӕт агурынц муртаттытӕ; цӕмӕйдӕриддӕр уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон ӕппӕт уӕ кӕй хъӕуынц, уый. Фӕлӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы. Ӕмӕ уӕдӕ мӕт ма кӕнут сомбоны тыххӕй. Цӕмӕйдӕриддӕр сомбон мӕт кӕндзӕн йӕхи хъуаджы тыххӕй» (Матфейы 6:31—34, НФ). Курын «дзул... абонӕн» амоны, хуымӕтӕг цард кӕй хъуамӕ кӕнӕм, «Хуыцауы ӕфсарм» (НФ) нӕм кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ «райгонд» кӕй хъуамӕ уӕм (1 Тимофеймӕ 6:6—8).
Монон хӕринаг — алы бон дӕр
4. Адӕймаджы монон хӕринаг кӕй хъӕуы, уый Йесо ӕмӕ израилӕгты цардӕй цавӕр хабӕрттӕ ӕвдисынц?
4 Хуыцауӕй «дзул... абонӕн» кӕй фӕкурӕм, уый ма нын хъуамӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕна, монон хӕринаг дӕр нӕ кӕй хъӕуы. Иу афон Йесо дӕргъвӕтин рӕстӕг ком даргӕйӕ кӕд тынг сӕххормаг, уӕддӕр Сайтаны ныхасмӕ нӕ байхъуыста — дуртӕ дзултӕ нӕ фестын кодта. Йесо йын загъта: «Фыст у: „ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй“» (Матфейы 4:4). Ам Йесо ӕрхаста, кӕддӕр пехуымпар Моисей израилӕгтӕн кӕй дзырдта, уыцы ныхӕстӕ: «[Иегъовӕ] дӕ ӕрсаста ӕмӕ дӕ ӕххормагӕй уагъта ӕмӕ дын лӕвӕрдта, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтой, уыцы маннӕ; цӕмӕй базонай, ӕрмӕст дзулӕй кӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Иегъовӕйы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Дыккаг закъон 8:3). Уыцы маннӕ израилӕгтӕн ӕрмӕст хӕринаг нӕ уыд, фӕлӕ ма зонды хос дӕр. Фыццаджыдӕр, уыцы маннӕйӕ хъуамӕ «алчидӕр ӕмбырд кодтаид бонваг». Фылдӕр-иу дзы чи рӕмбырд кодта, уымӕн-иу сысмаг ӕмӕ скӕлм (Рацыд 16:4, 20). Фӕлӕ-иу ӕхсӕзӕм бон дыууӕ боны фаг, ома сабаты цы хӕрой, уый фаг дӕр куы сӕмбырд кодтой, уӕд-иу нӕ фесӕфт (Рацыд 16:5, 23, 24). Уымӕ гӕсгӕ маннӕ уынгӕйӕ израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уой, стӕй сӕ цард айдагъ хойрагӕй кӕй нӕ уыд, фӕлӕ «Иегъовӕйы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй».
5. Иегъовӕ нын монон хӕринаг куыд дӕтты?
5 Мах дӕр хъуамӕ алы бон нӕхи ӕфсадӕм, Иегъовӕ нын йӕ Фырты руаджы цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕй. Уыцы хъуыддаджы тыххӕй Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн «афоныл хӕринаг дӕтта» (Матфейы 24:45). Уыцы ӕууӕнкджын цагъары къорд нын айдагъ монон хӕринаг нӕ дӕтты, ома Библи ахуыр кӕнынӕн фаг ӕрмӕг, фӕлӕ ма нӕ разӕнгард кӕны алы бон дӕр Библи кӕсынмӕ (Йесо Навин 1:8; Псалом 1:1—3). Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын: алы бон дӕр ӕппӕт удӕй Иегъовӕйы фӕндон базоныныл ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕныныл архайын (Иоанны 4:34).
Тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын
6. Цавӕр хӕстӕ ныббарыны тыххӕй хъуамӕ кувӕм ӕмӕ нын сӕ цӕмӕй Иегъовӕ ныххатыр кӕна, уый тыххӕй цы хъӕуы?
6 Дӕнцон куывды иннӕ курдиат у ахӕм: «Бахатыр кӕн нӕ хӕстӕ махӕн, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд хатыр кӕнӕм» (Матфейы 6:12). Ацы ран Йесо ӕнӕуи хӕсы кой нӕ кӕны, фӕлӕ нӕ тӕригъӕдтӕ барыны кой. Лука ацы курдиат йӕ Евангелийы афтӕ ныффыста: «Ныххатыр кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ мах дӕр хатыр кӕнӕм нӕ алкӕцы хӕсджынӕн» (Лукайы 11:4). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ тӕригъӕды куы бацӕуӕм, уӕд афтӕ уайы, цыма Иегъовӕйӕ фӕхӕсджын вӕййӕм. Фӕлӕ нӕ тӕригъӕдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцаумӕ куы «раздӕхӕм» ӕмӕ дзы Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды номыл хатыр куы ракурӕм, уӕд нын сӕ «слӕгъз кӕндзӕн», ома нын сӕ ныххатыр кӕндзӕн (Куыстытӕ 3:19; 10:43; 1 Тимофеймӕ 2:5, 6).
7. Хуыцауӕй нӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй алы бон дӕр хатыр курын цӕмӕн хъӕуы?
7 Иегъовӕ хорз ӕмӕ растыл цы нымайы, уыдӕттӕ кӕнын нын куы нӕ уайа, уӕд уый дӕр тӕригъӕдыл нымад цӕуы. Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый фыдӕй не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм: нӕ ныхасы, нӕ хъуыддӕгты, нӕ хъуыдыты, стӕй нын цы кӕнын ӕмбӕлы, уый кӕй нӕ бакӕнӕм (Екклесиаст 7:20; Ромӕгтӕм 3:23; Иаковы 3:2; 4:17). Уымӕ гӕсгӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ ныл ӕнӕхъӕн боны дӕргъы ницы рӕдыд ӕрцыд, уӕддӕр хъуамӕ алы бон дӕр нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Хуыцауӕй курӕм хатыр (Псалом 18:13; 39:13).
8. Хуыцауӕй хатыр куы ракурӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ уый хорз цӕмӕй у?
8 Хуыцауӕй хатыр курын хъӕуы нӕ зӕрдӕ басгаргӕйӕ, ӕрфӕсмонгӕнгӕйӕ ӕмӕ Чырыстийы тугныккалды номыл тӕригъӕдтыл басӕтгӕйӕ (1 Иоанны 1:7—9). Хатыры куывд зӕрдӕйы рӕбынӕй кӕй цӕуы, уый рабӕрӕг вӕййы «фӕсмондзинады аккаг хъуыддӕгтӕй» (Куыстытӕ 26:20). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Иегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ бардзӕн (Псалом 85:5; 102:8—14). Уый руаджы та адӕймаджы зӕрдӕ, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ ӕрсабыр вӕййы, бацӕры дзы фарн,— «Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр», уый та нын «бахъахъхъӕндзӕн нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:7). Фӕлӕ ма Йесойы дӕнцон куывдӕй базонӕн ис, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй ма цыдӕр кӕй хъӕуы аразын.
Цӕмӕй нын Хуыцау хатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ хатыр кӕнӕм
9, 10. а) Йесо дӕнцон куывдмӕ цавӕр хъуыдытӕ бафтыдта ӕмӕ уыдон цӕуыл дзурӕг сты? ӕ) Иннӕтӕн кӕй хъуамӕ барӕм, уымӕн ма Йесо цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста?
9 Зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ Йесо йӕ дӕнцон куывды ӕрмӕстдӕр ацы курдиат бамбарын кодта: «Бахатыр кӕн нӕ хӕстӕ махӕн, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд хатыр кӕнӕм». Куывд куы фӕци, уӕд ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Сымах куы хатыр кӕнат адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, уӕд сымахӕн дӕр бахатыр кӕндзӕн уӕ Уӕларвон Фыд; фӕлӕ куы нӕ хатыр кӕнат адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, уӕд уӕ Фыд нӕ ныххатыр кӕндзӕн сымахӕн дӕр уӕ тӕригъӕдтӕ» (Матфейы 6:14, 15). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо бӕлвырд загъта, иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, Иегъовӕ дӕр нын уӕд кӕй хатыр кӕндзӕн (Маркы 11:25).
10 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Иегъовӕ хатыр кӕна, мах дӕр уӕд кӕй хъуамӕ хатыр кӕнӕм, уый тыххӕй Йесо иннӕ хатт ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон. Уый радзырдта ахӕм хабар: иу паддзахӕй йӕ цагъар дардта стыр хӕс, фӕлӕ йын паддзах фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын йӕ хӕс ныууагъта. Ацы цагъар та иннӕ цагъарӕн йӕ гыццыл хӕс кӕй нӕ ныххатыр кодта, уый тыххӕй паддзахӕй ахъаззаг ӕфхӕрд баййӕфта. Йесо уыцы цӕстуынгӕ цӕвиттон балхынцъ кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Афтӕ Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр бакӕндзӕн сымахимӕ, алчидӕр уӕ зӕрдӕйӕ куы нӕ бахатыр кӕна йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ, уӕд» (Матфейы 18:23—35). Ацы зондджын ныхӕстӕй бӕрӕг у: Иегъовӕ нӕ алкӕмӕндӕр цы ныббарста, уыимӕ абаргӕйӕ, нӕ хъыджы чи бацӕуста, уымӕн йӕ рӕдыд ницы у. Уымӕй уӕлдай ма нын Иегъовӕ алы бон дӕр бары нӕ тӕригъӕдтӕ. Уӕдӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уыдонӕн мах дӕр куыннӕ хъуамӕ барӕм.
11. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Иегъовӕ бара, уӕд нӕ апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы аразын хъӕуы ӕмӕ уый хорзӕй цӕмӕ ӕркӕны?
11 Апостол Павел фыста: «Ут кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ, тӕригъӕдгӕнаг, кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнут, Хуыцау сымахӕн Чырыстийы мидӕг куыд ныххатыр кодта, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 4:32). Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн куы барой, уӕд се ’хсӕн уыдзӕн фарн. Павел дарддӕр баразӕнгард кодта: «Сфӕлындут, куыд Хуыцауы ӕвзӕрстытӕ, сыгъдӕджытӕ ӕмӕ уарзонтӕ, фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады, кӕрӕдзийӕн баргӕйӕ ӕмӕ иу иннӕмӕн хатыр кӕнгӕйӕ, кӕд искӕмӕ искӕуыл хъаст ис уӕд: Чырысти сымахӕн куыд бахатыр кодта, афтӕ сымах дӕр. Ӕппӕтӕй фылдӕр та сфӕлындут уарзондзинады, кӕцы у ӕххӕстдзинады ӕмдзыгуыр [«иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ», НД]» (Колоссӕгтӕм 3:12—14). Йесо, гъе, адӕттыл ахуыр кодта кувын, афтӕ куы загъта: «Бахатыр кӕн нӕ хӕстӕ махӕн, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд хатыр кӕнӕм».
Ӕххуыс фӕлварӕнты рӕстӕг
12, 13. а) Дӕнцон куывды цы курдиат ис, зӕгъгӕ, «ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны», уый куыд нӕ хъӕуы ӕмбарын? ӕ) Цыбӕлгӕнӕг чи у ӕмӕ цы нысан кӕны, зӕгъгӕ нӕ фыдӕвзарӕны ма бакӕн?
12 Йесойы дӕнцон куывды ма ис ахӕм курдиат: «Ма бакӕн мах фыдӕвзарӕны» (Матфейы 6:13). Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, цӕмӕй Иегъовӕйӕ курӕм, ӕмӕ нӕ ма рӕдийын кӕна? Нӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд ахуыргӕнинаг Иаков Хуыцауы фӕндӕй ахӕм ныхӕстӕ нӕ ныффыстаид: «Фӕлварӕнты мачи дзурӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“; уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыддзинадӕй фӕлвӕрд нӕ вӕййы ӕмӕ Йӕхӕдӕг дӕр никӕйы фӕлвары» (Иаковы 1:13). Псаломзарӕггӕнӕг та афтӕ фыста: «Хицау, Ды куы фиппайай ӕнӕзакъондзинӕдтӕ,— Хицау! чи бафӕраздзӕн?» (Псалом 129:3). Иегъовӕ нын нӕ алы рӕдыд дӕр лыстӕг сасирӕй не луары ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ рӕдийын кӕны. Уӕдӕ дӕнцон куывды ацы курдиат куыд ӕмбаргӕ у?
13 Рӕдийын нӕ чи кӕны, хинӕй нӕ басӕттыныл чи архайы ӕмӕ нӕ суанг аныхъуырынмӕ дӕр чи хъавы, уый у Сайтан Хӕйрӕг (Ефесӕгтӕм 6:11). Уый хуымӕтӕг Цыбӕлгӕнӕг нӕу (1 Фессалоникӕгтӕм 3:5). Уӕдӕ Иегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, фыдӕвзарӕнты нӕ ма бакӕн, зӕгъгӕ, уӕд дзы фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ фыдӕвзарӕнты рӕстӕг фӕцудын ма бауадза. Фӕкурӕм дзы, цӕмӕй нын Сайтан «мацы зиан ӕрхӕсса», цыбӕлтӕ нӕ сӕ фӕдыл ма асайой (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Афтӕ кӕй фӕкувӕм, уый дзурӕг у, кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынаты» лӕууӕм ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад хъахъхъӕна. Ахӕм хорздзинӕдтӕй хайджын сты, Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйы йӕ алы хъуыддаджы дӕр чи хынцы, уыдон (Псалом 90:1—3, НД).
14. Фыдӕвзарӕнты рӕстӕг нӕ ныфс Иегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый фӕдыл нын апостол Павел цы дзуры?
14 Кӕд нӕ зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ ма ныууадза, ӕмӕ кӕд уыцы фӕндон нӕ куывдтытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, уӕд нӕ никуы ныууадздзӕн. Апостол Павел дӕр нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Сымахыл сӕмбӕлд адӕймагон фыдӕвзарӕн; ӕмӕ Хуыцау нӕ бауадздзӕн сымахмӕ уӕ хъаруйӕ стырдӕр фыдӕвзарӕн, фӕлӕ уын фыдӕвзарӕны ратдзӕн ӕххуыс дӕр, цӕмӕй уӕ бон уа уый дӕр ахӕссын» (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НФ).
«Фервӕзын нӕ кӕн фыдбылызӕй»
15. Цӕмӕй нӕ Хуыцау фыдбылызӕй ирвӕзын кӕна, уый тыххӕй уӕлдай тынгдӕр ныр цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
15 Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн сӕ тӕккӕ растдӕр къухфыстыты Йесойы дӕнцон куывд фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Фервӕзын нӕ кӕн фыдбылызӕй» * (Матфейы 6:13, НФ). Хӕйрӕгӕй уӕлдай хъахъхъӕнинаг ныр стӕм. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ тох кӕнынц, «Хуыцауы фӕдзӕхстытыл чи хӕцы ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн ӕвдисӕн чи лӕууы», уыцы сӕрстыты гыццыл къордимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ, «тынг бирӕ адӕмимӕ» (Раргомад 7:9; 12:9, 17, НФ). Апостол Петр чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Ӕвронг ӕмӕ хъӕлдзӕг ут [«цырд лӕуут», НФ], уымӕн ӕмӕ уе знаг хӕйрӕг цӕуы, куыд абухгӕ домбай, агургӕйӕ, кӕй аныхъуыра; ныхмӕ йӕм лӕуут фидар уырнындзинадӕй» (1 Петры 5:8, 9). Сайтан нӕ хъусын кӕныны куыст ӕрлӕууын кӕныныл йӕ уд хъары ӕмӕ нӕ йӕ зӕххон хъузӕтты руаджы — дингӕнджыты, базаргӕнджыты кӕнӕ политикты руаджы — стӕрсын кӕныныл архайы. Фӕлӕ йӕ ныхмӕ фидар куы лӕууӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ ирвӕзын кӕндзӕн. Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Уӕдӕ басӕттут Хуыцауӕн; хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуут ӕмӕ сымахӕй алидздзӕн» (Иаковы 4:7).
16. Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй фыдӕвзарӕнты чи бахауы, уыдонӕн куыд баххуыс кӕны?
16 Иегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Фырт фӕлвӕрд ӕрцыдаид. Фӕлӕ Йесо Хӕйрӕгӕн куы нӕ басаст, йӕ ныхмӕ Хуыцауы Ныхасӕй куы сдзырдта, уӕд Иегъовӕ йӕ зӕдты рарвыста йӕ бафидар кӕнынмӕ (Матфейы 4:1—11). Афтӕ абон дӕр, Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕкувӕм ӕмӕ йыл нӕхи куы бафӕдзӕхсӕм, уӕд нӕм зӕдты рарвиты (Псалом 33:8; 90:9—11). Апостол Павел фыста: «Хуыцау, бӕгуыдӕр, зоны, фыдӕвзарӕнтӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕмты фервӕзын кӕнын, фӕлӕ ӕнӕгъдауджынты та тӕрхоны бонмӕ бахъахъхъӕнын сӕ бафхӕрынӕн» (2 Петры 2:9, НФ).
Стыр ирвӕзындзинады бон ӕввахс у
17. Йесо йӕ дӕнцон куывды курдиӕттӕ, чи дзы куыд ахсджиагдӕр у, уымӕ гӕсгӕ куыд равӕрдта?
17 Йесо дӕнцон куывды курдиӕттӕ равӕрдта, чи дзы куыд ахсджиагдӕр у, афтӕ. Нӕ сӕйраг мӕт хъуамӕ уа Иегъовӕйы кадджын ӕмӕ рухс ном ссыгъдӕг кӕнын. Иегъовӕ йӕ ном Мессиайы Паддзахады руаджы кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, уымӕ гӕсгӕ мах фӕкувӕм Паддзахады ӕрцыды тыххӕй, цӕмӕй ӕнӕххӕст зӕххон паддзахӕдты, кӕнӕ хицауӕдты иууылдӕр фесафа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, зӕххыл дӕр афтӕ уа. Зӕххыл дзӕнӕты ӕнусон цард уӕд уыдзӕн, Иегъовӕйы ном куы ссыгъдӕг уа ӕмӕ ӕгас Дун-дунейы дӕр йӕ рӕстаг хицауад куы ӕрфидар уа. Ацы ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй куы скувӕм, уӕд уый фӕстӕ ис кувӕн, алы бон дӕр нӕ ӕхсызгонӕй цы фӕхъӕуы, уый тыххӕй, афтӕ ма нӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр курын ӕмӕ фыдбылызы, ома Сайтан Хӕйрӕджы, фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ къӕппӕджыты цӕмӕй ма бахауӕм.
18, 19. Йесойы дӕнцон куывды фӕрцы нӕ бон куыд бауыдзӕн къӕрцхъус уӕвын ӕмӕ нӕ ныфсыл «кӕронмӕ фидар хӕцын»?
18 Фыдбылызӕй ӕмӕ йын йӕ цъаммар дунейӕ бынтондӕр цы бон фервӕздзыстӕм, уыцы бон ӕрӕввахс кӕны. Сайтан хорз зоны, адӕмыл, уӕлдайдӕр та Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл ын йӕ маст калынӕн «бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад» (Раргомад 12:12, 17). «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» цавӕр нысанӕй базонӕн уыдзӕн, ууыл дзургӕйӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, фидӕны ӕрцӕудзӕн ӕмбисонды хабӕрттӕ — иуӕй-иутӕ дзы нӕма сӕххӕст сты (Матфейы 24:3, 29—31). Уыцы хабӕрттӕ куы уынӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, нӕ ирвӕзындзинады бон кӕй ӕрӕввахс. Йесо афтӕ загъта: «Адон ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд хӕрдмӕ уӕхиуыл схӕцут ӕмӕ уӕ сӕртӕ сисут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг кӕны уӕ ирвӕзындзинад» (Лукайы 21:25—28).
19 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы цыбыр дӕнцон куывд нын ӕвдисы, кӕроны къӕсӕрыл лӕугӕйӕ цӕй тыххӕй ис кувӕн, уый. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Иегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм: уый нын суанг кӕронмӕ, алы бон дӕр нӕ ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕтдзӕн ӕмӕ нын нӕ уырнындзинадӕн ахъаз кӕндзӕн. Иудадзыг ӕм куы кувӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн «иухатт, цы цард кӕнын райдыдтам, ууыл кӕронмӕ фидар хӕцын» (Дзуттытӕм 3:14, НФ; 1 Петры 4:7).
[Фиппаинаг]
^ 15 абз. Библийы иуӕй-иу рагон тӕлмацты, зӕгъӕм, «Сыгъдӕг Евангелийы» (Гр. Мжедлов, 1861 аз) Чырыстийы куывд фӕуд кӕны кады ныхӕстӕй: «Цӕмӕйдӕриддӕр дӕу у паддзахдзинад, тых ӕмӕ стырдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ. Амин». Уый фӕдыл чиныг «Иеронимы фиппаинӕгтӕ Библимӕ»-йы дзырдӕуы: «Кады ныхӕстӕ... растдӕрыл цы къухфыстытӕ нымайынц, уым не сты» («The Jerome Biblical Commentary»).
Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн
• Цы хауы курдиатмӕ, «дзул... [нын ратт] абонӕн», зӕгъгӕ?
• Бамбарын кӕн курдиат «бахатыр кӕн нӕ хӕстӕ махӕн, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд хатыр кӕнӕм».
• Иегъовӕйӕ куы фӕкурӕм, цӕмӕй нӕ фыдӕвзарӕны ма бакӕна, уӕд нӕ уымӕй цы зӕгъын фӕфӕнды?
• Хуыцауӕй нӕ цӕмӕн хъӕуы курын, зӕгъгӕ нӕ «фервӕзын кӕн фыдбылызӕй»?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 25 фарсыл]
Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау дӕр хатыр кӕндзӕн.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 23 фарсыл]
Lydekker