Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алы чырыстон дӕр хъуамӕ уа фӕлмас

Алы чырыстон дӕр хъуамӕ уа фӕлмас

Алы чырыстон дӕр хъуамӕ уа фӕлмас

«Сфӕлындут... фӕлмасдзинады» (КОЛОССӔГТӔМ 3:12).

1. Фӕлмасдзинад диссаджы миниуӕг цӕмӕн у?

ФӔЛМАС адӕймагимӕ алкӕмӕндӕр ӕнцон у. Фӕлӕ уӕддӕр, хӕдзонд паддзах Соломон куыд дзуры, афтӕмӕй «фӕлмас ӕвзаг стӕг сӕтты» (Ӕмбисӕндтӕ 25:15). Фӕлмасдзинады бӕрцбарӕнтӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ удвидардзинад кӕй сты, уый тыххӕй у диссаджы миниуӕг.

2, 3. Фӕлмасдзинад ӕмӕ сыгъдӕг уд кӕрӕдзиуыл куыд баст сты ӕмӕ ацы статьяйы цы ӕвзардзыстӕм?

2 Апостол Павел, сыгъдӕг «уды дыргъ» цы у, уый фӕдыл куы дзырдта, уӕд ской кодта фӕлмасдзинады тыххӕй дӕр; уыцы ныхӕстӕ бакӕсӕн ис Галатӕгтӕм 5:22, 23. Ацы ран Га 5:23 стихы «фӕлмасдзинадӕй» цы рагон грекъаг дзырд раивдӕуыд, уый ма ратӕлмац кӕнынц «сабыр»-ӕй дӕр. Ацы грекъаг дзырд уый нӕ амоны, ӕмӕ адӕймаг йӕ уагахастӕй кӕй у сабыр, уӕздан, фӕлӕ зӕрдӕйӕ кӕй у фӕлмас, фӕлмӕн. Уымӕ гӕсгӕ йын бирӕ ӕвзӕгты йӕ мидис иу дзырдӕй радӕттӕн нӕй.

3 Фӕлмасдзинад цы у ӕмӕ арфӕйаг миниуӕг цӕмӕн у, уый ӕвдисынц Библийӕ цыппар цӕвиттоны (Ромӕгтӕм 15:4). Уыцы цӕвиттонтӕ равзаргӕйӕ, базондзыстӕм канд ацы миниуӕджы нысаниуӕг нӕ, фӕлӕ ма йӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕн ӕмӕ йӕ царды алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисӕн куыд ис, уый дӕр.

«У иттӕг зынаргъ Хуыцауы раз»

4. Иегъовӕ фӕлмасдзинадӕн стыр аргъ кӕй кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Фӕлмасдзинад сыгъдӕг уды аразӕн хӕйттӕй кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа Хуыцауы бӕрзонд удыхъӕды дӕр. Апостол Петр фыста, зӕгъгӕ, «фӕлмас ӕмӕ сабыр уд» «у иттӕг зынаргъ Хуыцауы раз» (НФ) (1 Петры 3:4). Раст у, Иегъовӕ фӕлмас Хуыцау у, ӕмӕ уыцы миниуӕгӕн стыр аргъ кӕны. Ӕрмӕст ацы хъуыддаджы тыххӕй дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ удыхъӕды фидар кӕной фӕлмасдзинад. Фӕлӕ ацы миниуӕг Дунеуромӕг, Иунӕг Стыр Хуыцау куыд ӕвдисы?

5. Иегъовӕ фӕлмас Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕй ныфс ис?

5 Фыццаг лӕг ӕмӕ ус, Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ, зӕгъгӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй ма бахӕрут, куы нӕ байхъуыстой, уӕд барӕй афтӕ бакодтой (Уӕвынад 2:16, 17). Уыцы хивӕнд мийы тыххӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты ахӕсты бахаудысты, ӕмӕ ма Хуыцауӕй дӕр фӕиппӕрд сты (Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмӕ Иегъовӕ кӕд уыцы дыууӕ ӕгоммӕгӕс адӕймагӕн тӕрхон рахаста,— уӕвгӕ сын хъӕугӕ дӕр кодта,— уӕддӕр йӕ къух адӕмыл нӕ ауыгъта, зӕгъгӕ сын сраст кӕнӕн нал ис (Псалом 129:3). Нӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Иегъовӕ тӕригъӕдджын адӕммӕ йӕхи ӕгӕр карзӕй нӕ равдыста,— ӕмӕ уый дзурӕг уыд йӕ фӕлмасдзинадыл,— фӕлӕ сын уый фадат радта, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕной ӕмӕ йын йӕ хорзӕх ссарой. О, йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы нӕ бон у Иегъовӕйы бӕрзонд бадӕны раз ӕдӕрсгӕйӕ ӕрлӕууын (Ромӕгтӕм 6:23; Дзуттытӕм 4:14—16; 1 Иоанны 4:9, 10, 18).

6. Хуыцау Каинмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй йӕ фӕлмасдзинад куыд рабӕрӕг?

6 Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уымӕй цалдӕр мин азы размӕ, Адамы фырттӕ Каин ӕмӕ Авел нывӕндтӕ куы ӕрхастой, уӕд дӕр сбӕрӕг Иегъовӕ фӕлмас Хуыцау кӕй у, уый. Сӕ зӕрдӕтӕ сын кӕй уыдта, уымӕ гӕсгӕ Каины нывонд нӕ айста, Авелӕй ӕмӕ йӕ нывондӕй та йӕ «зӕрдӕ барухс». Хуыцау иузӕрдион Авелмӕ йе ’ргом кӕй раздӕхта ӕмӕ йын йӕ нывонд барстӕн кӕй айста, уымӕй Каины масты дзӕкъул фӕцӕйскъуыд. «Каин мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йӕ цӕсгомы хуыз фӕцыд»,— фыстӕуы Библийы. Цымӕ Иегъовӕ цы бакодта? Каинмӕ йӕ миты тыххӕй фӕфыдӕх? Нӕ. Иегъовӕ йӕ фӕлмӕнӕй бафарста, цӕуыл смӕсты дӕ, зӕгъгӕ. Суанг ма йын ӕмбарын дӕр бакодта, «сбӕрзонд» уӕвынӕн ӕй цы саразын хъуыд, уый (Уӕвынад 4:3—7). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕйы хуызӕн фӕлмас ничи у! (Рацыд 34:6).

Фӕлмасдзинад зӕрдӕйӕн ӕхсызгон у ӕмӕ уӕнгрог кӕны

7, 8. а) Иегъовӕ фӕлмас кӕй у, уый хуыздӕр базонӕн куыд ис? ӕ) Матфейы 11:27—29 Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базонӕн ис?

7 Иегъовӕйы ӕвӕджиауы миниуджытӕ хуыздӕр базонынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у, Йесо Чырыстийы цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, уый раиртасын (Иоанны 1:18; 14:6—9). Йесо дыккаг аз куы хъусын кодта, уӕд Галилейы бӕстӕйы — Хоразин, Вифсаидӕ, Капернаум ӕмӕ ӕндӕр ӕввахс сахартӕ ӕмӕ хъӕуты — сарӕзта бирӕ диссӕгтӕ. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр хъал ӕмӕ уазалзӕрдӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ йыл нӕ баууӕндыдысты. Цымӕ Йесо цы бакодта? Кӕд сын комкоммӕ загъта, сӕ мӕнгард митӕ сӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, уый, уӕддӕр се ’хсӕн цы амхааретс, ома цы хуымӕтӕг адӕм уыди, уыдоны мӕгуырау уавӕр куы федта, уӕд сыл йӕ зӕрдӕ фӕрыст (Матфейы 9:35, 36; 11:20—24).

8 Йесо уый фӕстӕ цы сарӕзта, уымӕй рабӕрӕг, «йӕ Фыды уый хуызӕн [кӕй] ничи зоны» (НД) ӕмӕ йӕ зондыл кӕй цӕуы, уый. Мӕгуыр адӕмы Йесо зӕрдиагӕй хуыдта: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн; райсут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн». Куыд бафидар уыдаиккой ацы ныхӕстӕй цардӕфхӕрд, ссӕст адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыдтаиккой! Йесойы ныхӕстӕ абон мах дӕр фидар кӕнынц. Нӕхи фӕлмасдзинады куы фӕлындӕм, уӕд уыдзыстӕм, «Фырт [йӕ Фыды] кӕмӕн фӕнды раргом кӕнын», уыдоны ’хсӕн (Матфейы 11:27—29).

9. Фӕлмасдзинадимӕ цавӕр миниуӕг у ӕнгом баст ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

9 Фӕлмас адӕймаг вӕййы сӕрныллӕг дӕр ӕмӕ «сабыр зӕрдӕйы» хицау дӕр. Сӕрбӕрзонд та вӕййы хъал, дӕрзӕг ӕмӕ ӕнӕхсӕст (Ӕмбисӕндтӕ 16:18, 19). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ алы фезмӕлдӕй дӕр бӕрӕг уыд, сӕрныллӕг адӕймаг кӕй уыд, уый. Йӕ мӕлӕтӕй ӕхсӕз боны размӕ Иерусалиммӕ хӕрӕгыл куы бацыд ӕмӕ йыл адӕм куы цин кодтой, зӕгъгӕ нӕм нӕ паддзах ӕрбацыд, уӕддӕр бӕрӕг уыд, иннӕ паддзӕхтӕй тынг кӕй хицӕн кодта. Уымӕй йыл сӕххӕст Захарийы пехуымпарад Мессиайы тыххӕй: «Мӕнӕ, дӕ фӕлмас Паддзах ӕрцӕуы дӕумӕ, бадгӕйӕ хӕрӕгыл ӕмӕ ӕрыгон къӕлӕуыл, ӕфсондзы бын уӕвӕджы фыртыл» (Матфейы 21:5; Захари 9:9). Пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, Иегъовӕ йӕ Фыртӕн хицауы бартӕ куыд дӕтты, уый. Ноджы раздӕр та цы пехуымпарад ныффыста, уым Йесойы схуыдта «адӕмӕй бонзонгӕдӕр». Уӕдӕ зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ фӕлмасдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинады бӕрцбарӕнтӕ иу сты (Данелы 4:14; 7:13, 14).

10. Библи цы фӕлмасдзинады кой кӕны, уый лӕмӕгъ схонӕн цӕуылнӕ ис?

10 Иегъовӕ ӕмӕ Йесо тынг фӕлмас кӕй сты, уый фӕрцы сӕм нӕ бон у ӕввахс кӕнын (Иаковы 4:8, НФ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлмас чи вӕййы, уый лӕмӕгъ, ӕдых нӕ вӕййы. Дунерадтӕг Иегъовӕйы тых ӕмӕ хъомысӕн кӕрон нӕй. Ӕлгъаг, ӕнӕгъдау митӕ йын сты ӕнӕуынон (Исай 30:27; 40:26). Йесо дӕр хъӕбатыр ӕмӕ удвидар уыд, Сайтан Хӕйрӕг дзы йӕ ныхтӕ куы ныссагъта, уӕд. Нӕ хатыр кодта йӕ дуджы цӕрӕг дины разамонджытӕн, йӕ Фыды хӕдзарӕй йын базаргӕнӕн хӕдзар кӕй сарӕзтой, уый (Матфейы 4:1—11; 21:12, 13; Иоанны 2:13—17). Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕддӕриддӕр уыд фӕлмас, кӕд сын сӕ аиппытӕ ӕмӕ сӕ ӕдыхдзинӕдтӕ уыдта, уӕддӕр (Матфейы 20:20—28). Иу библииртасӕг фӕлмасдзинад афтӕ бамбарын кодта: «Фӕлмас удыхъӕды хицауӕн йӕ тых ӕндон у». Цӕй уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй Чырыстийау фӕлмас уӕм.

Йӕ рӕстӕджы уый хуызӕн фӕлмас ничи уыд

11, 12. Моисей куыд хъомыл кодта, уый хынцгӕйӕ диссаг цӕмӕн у, ахӕм фӕлмас адӕймаг кӕй уыд, уый?

11 Ӕртыккаг цӕвиттон та у Моисейы цӕвиттон. Библи йӕ хоны, «зӕххы цъарыл цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг» (Нымӕцтӕ 12:3). Ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты Хуыцауы фӕндӕй. Моисей тынг фӕлмӕн, фӕлмас адӕймаг кӕй уыд, уый тыххӕй хъуыста Иегъовӕмӕ.

12 Моисей хъомыл кодта тынг ӕнахуыр уавӕрты. Райгуырд дзуттаг хӕдзары, йӕ ныййарджытӕ уыдысты Хуыцауыл иузӕрдион адӕм. Иегъовӕ Моисейы бахъахъхъӕдта тызмӕг ӕмӕ лӕгӕргӕвдӕн рӕстӕджы. Гыццыл ма куы уыд, уӕд ӕй хъомыл кодта йӕхи мад ӕмӕ йын амыдта, ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕ чи у, уый. Фӕстӕдӕр ӕй акодтой йӕ хӕдзарӕй, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ цардис бынтон ӕндӕр уавӕрты. «Ахуыргонд уыд Моисей ӕппӕт Египеты зонындзинӕдтыл,— загъта рагон чырыстон хъизӕмаргӕнӕг Стефан,— ӕмӕ уыди тыхджын ныхасӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй» (Куыстытӕ 7:22). Моисейы фидар уырнындзинад рабӕрӕг, египетаг цӕстдарджыты йе мтуг, йе ’мстӕг адӕмы ӕфхӕргӕ куы федта, уӕд. Дзуттаг лӕджы чи надта, уыцы египетаджы амардта, ӕмӕ уый тыххӕй Мадиамы бӕстӕм лидзинаг фӕци (Рацыд 1:15, 16; 2:1—15; Дзуттытӕм 11:24, 25).

13. Моисей 40 азы Мадиамы кӕй фӕцард, уый йыл куыд фӕзынд?

13 Моисей 40-аздзыдӕй ӕрӕнцад ӕдзӕрӕг быдыры, ныр хъуамӕ йӕхӕдӕг кодтаид йӕ уды мӕт. Мадиамы фембӕлд Рагуилы авд чызгыл ӕмӕ сӕм сӕ фыды стыр дзугӕн дон ӕвгӕнынмӕ фӕкаст. Чызджытӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхгӕйӕ Рагуилӕн цингӕнгӕйӕ рахабар кодтой, «цавӕрдӕр египетаг» лӕг сӕ сӕрыл кӕй сдзырдта, ӕдзӕсгом фыййӕуттӕ сӕ дон ӕвгӕнын куы нӕ уагътой, уӕд. Рагуил Моисейӕн загъта, зӕгъгӕ немӕ цӕр, ӕмӕ уый дӕр сразы. Моисей цы зынтӕ баййӕфта, уыдон ын йӕ зӕрдӕ нӕ ныддур кодтой, стӕй йӕ нӕ бахъыгдардтой ног уавӕрты цӕрыныл ахуыр кӕнын дӕр. Ӕмӕ йын уыцы уавӕрты дӕр Иегъовӕйы фӕндонӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Моисей райдыдта Рагуилӕн фыййауӕй цӕуын, ракуырдта Сепфорӕйы ӕмӕ схъомыл кодта фырттӕ. Уыцы 40 азы дӕргъы куыста иу миниуӕгыл, ӕмӕ фӕстӕдӕр уый сси йӕ удварны бындур. Бирӕ зындзинӕдтӕ бавзаргӕйӕ, Моисей сси фӕлмас адӕймаг (Рацыд 2:16—22; Куыстытӕ 7:29, 30, НФ).

14. Радзур, Моисей Израилы раздзог куы уыд, уӕд иу хъуыддаджы йӕ фӕлмасдзинад куыд рабӕрӕг, уый тыххӕй.

14 Иегъовӕ Моисейы Израилы раздзогӕй куы сӕвӕрдта, уӕддӕр афтӕ фӕлмас уыд. Иу заман цавӕрдӕр лӕппу Моисейӕн фӕхабар кодта, зӕгъгӕ, Елдад ӕмӕ Модад пехуымпариуӕг кӕнынц, кӕд ӕмӕ уыдон, Иегъовӕ Моисейӕн ӕххуыс кӕнынмӕ кӕй равзӕрста ӕмӕ сыгъдӕг уд кӕуыл ӕруагъта, уыцы 70 хистӕр нӕлгоймаджы ’хсӕн нӕ уыдысты. Йесо Навины фырт уый тыххӕй тыхстӕй загъта: «Моисей, мӕ хицау, ма сӕ уадз!» Ӕмӕ йын Моисей фӕлмӕнӕй загъта: «Тӕрсгӕ мын кӕныс, ӕви? Бӕргӕ мӕ фӕнды, Иегъовӕйы адӕм иууылдӕр пехуымпартӕ куы уаиккой, Иегъовӕ сыл йӕ [сыгъдӕг] уд кӕй ӕруагъта, уый тыххӕй!» (Нымӕцтӕ 11:26—29). Фӕлмасдзинады фӕрцы уавӕр нӕ фӕкарздӕр.

15. Кӕд Моисей ӕнӕххӕст уыд, уӕддӕр нын фӕзминаг цӕмӕн у?

15 Фӕлӕ иу хатт Моисей йӕхи бынтон фӕлмасӕй нӕ равдыста: Меривы, Кадесмӕ ӕввахс, не скадджын кодта диссӕгтӕ аразӕг Хуыцау Иегъовӕйы (Нымӕцтӕ 20:1, 9—13). Фӕлӕ кӕд ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр ын йӕ фидар уырнындзинад кӕронмӕ уыд ныфсы хос. Ӕмӕ Моисей куыд фӕлмас адӕймаг уыд, ууыл суанг абон дӕр дис кӕнӕм (Дзуттытӕм 11:23—28).

Дӕрзӕг ӕмӕ фӕлмас

16, 17. Навал ӕмӕ нын Авигейӕйы хабар зондзонӕн цӕмӕн у?

16 Давиды заман, Хуыцауы пехуымпар Самуилы мӕлӕты хӕдфӕстӕ цы хабар ӕрцыд, уый нын у зондзонӕн. Нӕ ныхас у иу лӕг ӕмӕ усыл, Навал ӕмӕ Авигейӕйыл. Куыд тынг хицӕн кодтой кӕрӕдзийӕ, ӕвӕдза! Авигейӕ уыд «зондджын сылгоймаг», йӕ лӕг та — «дӕрзӕг ӕмӕ тынг фыдлӕг». Давиды адӕм Навалӕн йӕ бирӕ фос хъахъхъӕдтой давджытӕй, ӕмӕ йӕм иу заман куы бахатыдысты, зӕгъгӕ нӕм хӕринаг ӕмӕ нуӕзтӕй фӕкӕс, уӕд сын карзӕй загъта: нӕ! Давид ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, смӕсты сты, сӕ цирхътӕ сӕ уӕлӕ ӕрбастой ӕмӕ араст сты Навалмӕ (1 Паддзахӕдты 25:2—13).

17 Уыцы хабар Авигейӕйы хъустыл куы ’руад, уӕд айтӕ-уыйтӕ нал фӕкодта, ацӕттӕ кодта дзул, дзидза, хус чисмис, легъуитӕ, авӕрдта сӕн ӕмӕ Давиды размӕ атагъд кодта. «О, мӕ хицау, мӕныл уӕд азым,— ныллӕгъстӕ кодта Авигейӕ,— ӕмӕ, дӕ хорзӕхӕй, ныхасы бар ратт дӕ цагъар сылгоймагӕн ӕмӕ байхъус, дӕ цагъар сылгоймаг цы зӕгъа, уымӕ». Давиды зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн Авигейӕйы лӕгъстӕтӕй. Давид ын йӕ ныхӕстӕм куы байхъуыста, уӕд уый фӕстӕ кувӕгау загъта: «Табу Израилы Хуыцау Иегъовӕйӕн, абон дӕ мӕ размӕ чи рарвыста! Домбай уӕд дӕ зонд; арфӕйаг у, мӕн абон туг ныккалын чи нӕ бауагъта» (1 Паддзахӕдты 25:18, 24, 32, 33). Навал ӕнӕхсӕст адӕймаг кӕй уыд, уый йӕ ӕппынфӕстагмӕ бабын кодта. Авигейӕмӕ та йӕ хорз миниуджыты фӕрцы стыр амонд ӕрхаудта — Давиды бинойнаг сси. Йӕ фӕлмасдзинадӕй абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр у фӕзминаг (1 Паддзахӕдты 25:36—42).

«Ӕнтыстджын ут... фӕлмасдзинады»

18, 19. а) Адӕймаг йӕхи фӕлмасдзинады куы сфӕлынды, уӕд куыд фӕивы? ӕ) Нӕ зӕрдӕмӕ нын дзӕбӕх ныккӕсынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

18 Куыд базыдтам, афтӕмӕй фӕлмасдзинад у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ миниуӕг. Уый ӕрмӕст уӕздандзинадыл дзурӕг нӕу, фӕлӕ аив удыхъӕдыл. Фӕлмас адӕймагимӕ алкӕмӕндӕр ӕнцон у. Чи зоны, раздӕр нӕ ныхас уыд дӕрзӕг, рӕхуыст, нӕ уаг та — гуымиры. Фӕлӕ нын Библийы ӕцӕгад нӕ цард фӕивта, ӕмӕ систӕм фӕлмӕнзӕрдӕ. Павел йе ’муырнджытӕн уынаффӕ дӕтгӕйӕ дзырдта ацы ивддзинады тыххӕй: «Сфӕлындут... фӕлмӕн зӕрдӕйы, хорз кӕныны, сабыр зонды, фӕлмасдзинады, бирӕ фӕразондзинады» (Колоссӕгтӕм 3:12). Библи ацы ивддзинад бары, тугдзых цӕрӕгойтӕ, зӕгъӕм, бирӕгъ, фыранк, домбай, арс ӕмӕ кобрӕ сабыр, уӕздан хӕдзарон фосы хуызӕн куы суаиккой, зӕгъӕм, уӕрыкк, сӕныкк, род ӕмӕ хъуджы хуызӕн (Исай 11:6—9; 65:25). Адӕймаг афтӕ фӕивы, ӕмӕ йыл иннӕтӕ дисӕй фӕмӕлынц. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, ахӕм ивддзинад Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы кӕй ӕрцӕуы, уымӕн ӕмӕ фӕлмасдзинад дӕр сыгъдӕг уды рӕсугъд дыргъ у.

19 Цымӕ ацы хъуыддаг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иугӕр нӕ царды, цы хъуыд, уый фӕивтам ӕмӕ нӕхи Иегъовӕйӕн снывонд кодтам, уӕд нӕ дарддӕр нӕ удыхъӕды фӕлмасдзинад фидар кӕнын нал хъӕуы? Нӕ. Ног уӕлӕдарӕсмӕ дӕр ма иудадзыг зилын куы фӕхъӕуы, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ аив уа. Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ дзы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл арф хъуыдыгӕнгӕйӕ, нӕ бон уыдзӕн нӕхимӕ кӕсын ӕмӕ раздӕр цы нӕ уыдтам, уый фиппайын. Хуыцауы Ныхасмӕ, нӕ айдӕнмӕ куы фӕкӕсыс, уӕд цы фӕуыныс? (Иаковы 1:23—25).

20. Цӕмӕй фӕлмас уӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

20 Адӕм иухуызон не сты. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иутӕн иннӕтӕй ӕнцондӕр у, ӕмӕ фӕлмас уой. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр алы чырыстоны дӕр хъӕуы йӕ удыхъӕды Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ фидар кӕнын, уыимӕ фӕлмасдзинад дӕр. Павел Тимофейӕн хи хъӕбулау амыдта: «Ӕнтыстджын у рӕстдзинады, хорз намысы, уырнындзинады, уарзондзинады, фӕразондзинады, фӕлмасдзинады» (1 Тимофеймӕ 6:11). Дзырд «ӕнтыстджын» дзурӕг у, архайын кӕй хъӕуы, ууыл. Ӕндӕр тӕлмацы та ацы мивдисӕг ивд ӕрцыд «рӕвдз фӕу»-йӕ («Ног Фӕдзӕхст», 1993 аз). Хуыцауы Ныхасы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоныл арф хъуыды кӕныныл куы архайай, уӕд дӕ зонды ныффидар уыдзысты, цыма сӕ дӕ мидӕг «садзгӕ» ныккодтой, афтӕ. Хуыздӕрырдӕм дӕ ивдзысты, дӕ развӕндагӕн уыдзысты цырагъ (Иаковы 1:21).

21. а) Цӕмӕн хъуамӕ уӕм «ӕнтыстджын... фӕлмасдзинады»? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл уыдзӕн?

21 Нӕхи иннӕтимӕ куыд дарӕм, уымӕй бӕрӕг у, фӕлмасдзинад нӕ зӕрдӕйы куыд тынг ныффидар ис, уый. «Зондджын ӕмӕ уӕ ӕмбаргӕ чи у сымахӕй?— фӕрсы ахуыргӕнинаг Иаков.— Равдис уый ӕцӕгӕй хорз ӕгъдауӕй, зондджын фӕлмасдзинадимӕ» (Иаковы 3:13). Куыд ис фӕлмасдзинад хӕдзары, уацамынды ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгтӕй ӕвдисӕн? Уымӕн хорз амындтӕ ис иннӕ статьяйы.

Фӕлхат кӕнынӕн

• Цы базыдтай фӕлмасдзинады тыххӕй

• Иегъовӕйы цӕвиттонӕй?

• Йесойы цӕвиттонӕй?

• Моисейы цӕвиттонӕй?

• Авигейӕйы цӕвиттонӕй?

• Цӕмӕн хъуамӕ уӕм «ӕнтыстджын... фӕлмасдзинады»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Иегъовӕйӕн Авелы нывондӕй йӕ зӕрдӕ цӕмӕн барухс?

[Ныв 21 фарсыл]

Йесойы цардӕй бӕрӕг у, фӕлмасдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинады бӕрцбарӕнтӕ иу кӕй сты.

[Ныв 23 фарсыл]

Адӕймаг куыд фӕлмас хъуамӕ уа, уымӕн Моисей у фӕзминаг.