«Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг»
«Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг»
«Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ сымах уат ахуыргӕнджытӕ» (ДЗУТТЫТӔМ 5:12, НФ).
1. Дзуттытӕм 5:12 цы фыст ис, уый фӕдыл чырыстонмӕ сагъӕссаг хъуыдытӕ цӕмӕ хъуамӕ фӕзына?
АЦЫ статьяйы сӕйраг библион стих куы бакастӕ, уӕд дӕхинымӕр афтӕ нӕ загътай, зӕгъгӕ, ууыл мӕн дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст ды нӕ хъуыды кӕныс афтӕ. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ зонӕм, ахуыргӕнджытӕ кӕй хъуамӕ уӕм (Матфейы 28:19, 20). Зонӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ кӕй домы, цӕмӕй иннӕты, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хуыздӕр ахуыр кӕнӕм. Афтӕ ма зонӕм, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдоны цард, куыд сӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕй кӕнгӕ дӕр кӕй у! (1 Тимофеймӕ 4:16). Уӕдӕ нӕм куыннӕ фӕзыны сагъӕссаг хъуыдытӕ: цымӕ ӕцӕгӕйдӕр цавӕр ахуыргӕнӕг хъуамӕ уон, ахӕм дӕн? Куыд у мӕ бон адӕмы хуыздӕр ахуыр кӕнын?
2, 3. а) Ахуыргӕнӕджы куысты иууыл сӕйрагдӕр цы у, уый иу ахуыргӕнӕг куыд бамбарын кодта? ӕ) Куыд ахуыргӕнӕг, афтӕ нын Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?
2 Ахӕм хъуыдытӕй хъуамӕ нӕ ныфс ма сӕтта. Афтӕ нӕм куы кӕса, зӕгъгӕ, цӕмӕй ахуыргӕнӕг суай, уый тыххӕй кӕмдӕр сахуыр кӕнын хъӕуы, уӕд нын тынг зын уыдзӕн исты фӕхуыздӕр кӕнын. Хорз ахуыргӕнӕгӕн йӕ куысты иууыл сӕйрагдӕр ахуыры мадзӕлттӕ не сты, фӕлӕ ӕндӕр бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаг. Ӕркӕсӕм ма, иу фӕлтӕрд ахуыргӕнӕг уыцы фарстайы фӕдыл йӕ чиныджы цы ныффыста: «Ахуыргӕнӕджы хорз куыст ахуыры программӕтӕ, пълантӕ кӕнӕ мадзӕлттӕй кӕнгӕ нӕу. [...] Ахуыргӕнӕджы куыст сӕйраджыдӕр ӕнцайы уарзондзинадыл». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнӕуи ахуыргӕнӕджы кой кодта. Фӕлӕ цы загъта, уый тынгдӕр ахӕссӕн ис, мах, чырыстӕттӕ, иннӕты куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Куыд?
3 Махӕн фӕзминаг Ахуыргӕнӕг чи у, куы зӕгъӕм, уӕд уый у Йесо Чырысти, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ чи загъта: «Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг» (Иоанны 13:15). Ацы ран уый дзырдта сӕрныллӕгдзинады дӕнцӕджы тыххӕй. Фӕлӕ ма нын Йесо фӕзминаг у, зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдонӕй иууыл ахсджиагдӕр хъуыддагӕй — адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд хъусын кодта, уымӕй дӕр (Лукайы 4:43). Ӕмӕ Йесо куыд лӕггад кодта, уый дӕ иу дзырдӕй куы хъӕуид бамбарын кӕнын, уӕд цавӕр дзырдӕй спайда кӕнис? Ӕвӕццӕгӕн, уарзондзинадӕй (Колоссӕгтӕм 1:15; 1 Иоанны 4:8). Иууыл тынгдӕр Йесо уарзта йӕ уӕларвон Фыды, Иегъовӕйы (Иоанны 14:31). Фӕлӕ Йесо ахуыргӕнӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ма йӕ зӕрдӕйы сыгъд ӕндӕр уарзондзинад дӕр, ӕмӕ уый равдыста дыууӕ хъуыддагӕй. Уый уарзта, адӕмӕн кӕй амыдта, уыцы ӕцӕгад, ӕмӕ, кӕй ахуыр кодта, уыцы адӕмы. Цӕй уӕдӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, ацы дыууӕ хъуыддаджы нын фӕзминаг цӕмӕй у, уымӕ.
Йесо тынг рагӕй уарзта Хуыцауы ӕцӕгад
4. Цӕй руаджы бауарзта Йесо, Иегъовӕ йӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый?
4 Ахуыргӕнӕгӕн йӕ куыстмӕ цы ахаст ис, Исайы 50:4, 5 уый тыххӕй хорз фыст ис: «Дунедарӕг Иегъовӕ мын радта ахуыргӕнинаджы ӕвзаг, цӕмӕй зонон, ӕфхӕрд адӕймаджы ныхасӕй куыд бафидар кӕнын хъӕуы, уый. Уый мӕ хъал кӕны алы райсом; мӕ хъустӕ мын байгом кӕны, цӕмӕй хъусон, ахуыргӕнинӕгтӕ куыд фӕхъусынц, афтӕ. Дунедарӕг Иегъовӕ мын байгом кодта мӕ хъустӕ, ӕмӕ ӕз йӕ коммӕ бакастӕн. Ӕз иннӕрдӕм нӕ фӕзылдтӕн».
уый тынг ахады йӕ куысты хъӕдыл дӕр. Куыдфӕндыйы ахаст ын куы уа, уӕд уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр фӕхатдзысты ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕн нӕ аргъ кӕндзысты. Йесо, Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй цы диссаджы ӕцӕгад амыдта, уымӕ куыдфӕндыйы ахаст нӕ дардта. Йесо йӕ тынг уарзта. Уарзгӕ та йӕ бакодта, йӕхӕдӕг дӕр ахуыр кӕй кодта, уый руаджы. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ Хуыцауы иунӕггуырд Фырт ӕнусты дӕргъы уыдис ӕнувыд ахуыргӕнинаг.5, 6. а) Цавӕр хабар ӕрцыд Йесойыл йӕ аргъуыды рӕстӕджы ӕмӕ йыл уый куыд фӕзынд? ӕ) Йесо ӕмӕ Сайтан Хуыцауы Ныхасӕй куыд пайда кодтой, уыцы хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой?
5 Зӕххыл куы цард, уӕд дӕр Йесо гыццылӕй фӕстӕмӕ уарзта, Хуыцауӕй цы зонд цӕуы, уый (Лукайы 2:52). Стӕй йыл йӕ аргъуыды рӕстӕджы ӕрцыд диссаджы хабар. «Байгом арв»,— дзырдӕуы Лукайы 3:21. Ӕвӕццӕгӕн, уӕд Йесо ӕрхъуыды кодта йӕ уӕларвон цард. Уый фӕстӕ 40 боны арвыста ӕдзӕрӕг быдыры ком даргӕйӕ. Ӕхсызгон ын куыннӕ уыдаид, йӕ уӕларвон ахуыры рӕстӕджы Иегъовӕйӕ цас цыдӕртӕ базыдта, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ йӕ бахъуыд хъуыддагӕй равдисын, Хуыцауы ӕцӕгад кӕй уарзы, уый.
6 Йесо куы бафӕллад ӕмӕ куы сӕххормаг, уӕд Сайтан йӕ уд хъардта йӕ фӕрӕдийын кӕныныл. Куыд тынг хицӕн кодтой Хуыцауы ацы дыууӕ фырты! О, дыууӕ дӕр дзырдтой Дзуттаг Фыстытӕй, фӕлӕ ма ахъуыды кӕнӕм, куыд дзы пайда кодтой, ууыл. Сайтан Хуыцауы Ныхасӕн нӕ аргъ кодта, йӕхи пайдайӕн ӕй зыгъуыммӕ кодта. Уыцы змӕнтӕг Хуыцауы ӕцӕгад ӕппындӕр ницӕмӕ дардта. Уыйхыгъд Йесойӕн, Фыстытӕй куыд дзырдта, уымӕй бӕрӕг уыд йӕ уарзондзинад, йӕ алы дзуаппы дӕр Хуыцауы Ныхасӕй пайда кодта арӕхстгай. Уыцы удцырын ныхӕстӕ фыст куы нӕма уыдысты, уӕдмӕ дӕр Йесо уӕлӕрвты бирӕ рӕстӕг цард, фӕлӕ сын уӕддӕр тынг аргъ кодта. Ӕниу сын куыннӕ хъуамӕ аргъ кодтаид, кӕд ӕмӕ йӕ уарзон уӕларвон Фыды ныхӕстӕ уыдысты! Йесо Сайтанӕн загъта, Иегъовӕйы ныхӕстӕ йын хӕринагӕй ахсджиагдӕр кӕй сты (Матфейы 4:1—11). О, Йесо уарзта, Иегъовӕ йӕ цӕуыл сахуыр кодта, уыдӕттӕ. Фӕлӕ ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ та куыд равдыста уыцы уарзондзинад?
Йесо уарзта, цы ӕцӕгад амыдта, уый
7. Йесо йӕхи хъуыдытӕ цӕуылнӕ размӕ кодта?
7 Йесо цы ӕцӕгад амыдта, уый кӕй уарзта, уый алкӕддӕр бӕрӕг уыд. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесойӕн йӕ бон уыди йӕхи хъуыдытӕ раразмӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ тынг бирӕ зыдта, стыр зонды хицау уыди (Колоссӕгтӕм 2:3). Фӕлӕ та-иу уый йӕ хъусджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цыдӕриддӕр амыдта, уыдон йӕхицӕй нӕ, фӕлӕ йӕ уӕларвон Фыдӕй кӕй сты, уый (Иоанны 7:16; 8:28; 12:49; 14:10). Хуыцауы ӕцӕгад афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ дзы йӕхи хъуыдытӕй никуы ницы фӕивта.
8. Йесо хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд куыд равдыста, Хуыцауы Ныхасӕй кӕй хъӕуы дзурын, уый?
8 Йесо адӕмӕн хъусын кӕнын куыддӕр райдыдта, афтӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн равдыста диссаджы дӕнцӕг. Ӕркӕсӕм ма, Хуыцауы адӕмӕн фыццаг хатт куыд фехъусын кодта, Мессиа кӕй у, уый. Мыййаг, дзыллӕты размӕ рацыд ӕмӕ загъта, ӕз Чырысти дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕ бафидар кӕнынӕн ӕнахуыр диссӕгтӕ равдыста? Нӕ. Уый бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ, Хуыцауы адӕм-иу Фыстад кӕм кастысты, уырдӕм, ӕмӕ дзы хъӕрӕй бакаст Исайы 61:1, 2 фыст пехуымпарад ӕмӕ бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ уымӕ кӕй хаудысты (Лукайы 4:16—22). Цы бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон адӕмӕн ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ йын Иегъовӕ ӕххуыс кодта. Фӕлӕ уӕддӕр уый алкӕддӕр амыдта, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ.
9. Йесо Хуыцауы Ныхасыл ӕнувыд кӕй уыд, уый фарисейтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ куыд ӕвдыста?
9 Дины кусджытӕ-иу Йесойы ныхмӕ куы цыдысты, уӕд-иу уый, зондӕй сыл фӕтых уыдаид, ууыл нӕ архайдта, кӕд ӕмӕ йын уый зын нӕ уыд, уӕддӕр. Уый нӕ, фӕлӕ сын Хуыцауы Ныхасы руаджы ӕвдыста, кӕм рӕдыдысты, уый. Цӕвиттонӕн райсӕм иу хабар: фарисейтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, быдырыл цӕугӕйӕ цалдӕр ӕфсиры кӕй ӕртыдтой ӕмӕ сӕ кӕй бахордтой, уымӕй сабаты закъон фехӕлдтой. Йесо сын Матфейы 12:1—5, НФ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы цӕстмӕхъустӕ кастысты уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы, 1 Паддзахӕдты 21:1—6. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд уыдон нӕ бамбӕрстой, цавӕр ахсджиаг зондамынд дзы уыд, уый. Йесо та уый тыххӕй ӕрмӕст кӕсгӕ нӕ бакодта. Уый йыл хъуыды дӕр кодта ӕмӕ йӕ йӕхицӕн зондӕн дӕр райста. Фыстады уыцы скъуыддзагӕй Иегъовӕ цы уагӕвӕрдтыл ахуыр кодта, уыдон Йесо уарзта. Уыцы хабары руаджы, ӕмӕ ма Моисейы закъонӕй цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ, уый равдыста, уыцы Закъон афтӕ карз кӕй нӕ уыд, ӕмӕ адӕмӕн сӕ хурхыл хӕцыдаид. Йесо ма Хуыцауы Ныхасыл ӕнувыд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ никуы тарст дины разамонджыты ных бакъуырынӕй, Хуыцауы Ныхас сӕхи пайдайӕн куы зыгъуыммӕ кодтой кӕнӕ та йӕ адӕймаджы ӕгъдӕутты бын куы кодтой, уӕд.
загъта: «Нӕ бакастыстут цы, Давид цы бакодта, уый куы сыстонджы йемӕ чи уыди уыдонимӕ, уӕд?» (10. Йесо иннӕты куыд хъуамӕ ахуыр кодтаид, уый тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст кодта?
10 Йесо цы ӕцӕгад амыдта, уый кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмӕн ӕнӕбары никуы амыдта. Цы хъуыддаджы лӕуд уыди, уымӕй афтӕ никуы стыхсти, ӕмӕ ма дзы кӕуылты фервӕзтаид, ууыл хъуыды кодтаид. Хуыцауы удцырынӕй фыст пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ Мессиайӕн хъуамӕ «хорздзинад цыдаид йӕ дзыхӕй», хъуамӕ дзырдтаид «аив ныхӕстӕ» (Псалом 44:3, МГТ; Уӕвынад 49:21). Йесо тынг цы ӕцӕгад уарзта, уый амонгӕйӕ йӕ ныхас «арфӕдзинады дзырдтӕй» цымыдисаг ӕмӕ цардӕгас кӕй кодта, уымӕй сӕххӕст кодта уыцы пехуымпарӕдтӕ (Лукайы 4:22). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ удӕй арт кӕй цагъта, уый йӕ цӕсгомыл дӕр зындис, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ дӕр ӕрттывтой, йӕ хъуыддӕгтӕ йын ӕхцон кӕй уыдысты, уымӕй. Цӕй ӕхсызгон уыдаид уымӕ хъусын, ӕмӕ нын цӕй диссаджы хорз дӕнцӕг у, нӕхӕдӕг цы базыдтам, уый иннӕтӕн куыд дзурын хъӕуы, уымӕн!
11. Йесо йӕ ахуыргӕнӕджы курдиаты тыххӕй йӕхицӕй буц цӕуылнӕ уыди?
11 Йесо Хуыцауы ӕцӕгад афтӕ хорз кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ ныхасы дӕр иннӕтӕй арӕхстджындӕр кӕй уыд, уый тыххӕй цымӕ йӕхицӕй ныббуц ис? Афтӕ арӕх ӕрцӕуы ӕнӕуи ахуыргӕнджытимӕ. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Йесо ӕрмӕст зондджын кӕй нӕ уыд, фӕлӕ ма Хуыцауӕй дӕр кӕй тарст. Ӕмӕ Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уый та сӕрбӕрзонд нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ «бонзонгӕ адӕймагӕн... зонд у йе ’мбал» (Ӕмбисӕндтӕ 11:2). Фӕлӕ сӕрбӕрзонддзинадӕй Йесойы ӕрмӕст уый нӕ бахызта.
Йесо уарзта, кӕй ахуыр кодта, уыдоны
12. Йесойы кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ тарстаиккой, уый куыд равдыста?
12 Йесо адӕмы тынг кӕй уарзта, уый алкӕддӕр бӕрӕг уыди, куыд сӕ ахуыр кодта, уымӕй. Сӕрбӕрзонд ахуыргӕнджытӕй уӕлдай уый адӕмы афтӕ никуы ахуыр кодта, цӕмӕй дзы тарстаиккой (Екклесиаст 8:9). Иухатт Петр Йесойы иу диссаг саразгӕ куы федта, уӕд фырадӕргӕй йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхаудта. Фӕлӕ Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ тарстаиккой. Уый Петрмӕ фӕлмӕнӕй бадзырдта, «ма тӕрс», зӕгъгӕ, ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта, Петр йӕхӕдӕг дӕр кӕй кӕндзӕн, уыцы ӕхсызгон хъуыддаджы тыххӕй — ахуыргӕнинӕгты цӕттӕ кӕныны тыххӕй (Лукайы 5:8—10). Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кӕна, сӕ ахуыргӕнӕгӕй кӕй тӕрсынц, уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕджиауы ӕцӕгад кӕй уарзынц, уый.
13, 14. Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
13 Йесо кӕй ахуыр кодта, уыдон кӕй уарзта, уый ма бӕрӕг уыдис, кӕй сын тӕригъӕд кодта, сӕ рис сын кӕй ӕмбӕрста, уымӕй дӕр. «Куы федта адӕмы ӕмбырдтӕ, уӕд сын фӕтӕригъӕд Матфейы 9:36, НФ). Сӕ мӕгуырдзинадмӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст ӕмӕ йӕ бафӕндыд уыдонӕн баххуыс кӕнын.
кодта, уыдон, ӕнӕфыййау фыстау, фӕллад ӕмӕ хӕлиу кӕй уыдысты, уый тыххӕй» (14 Ӕркӕсӕм ма, Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, ууыл дзурӕг ӕндӕр цаумӕ дӕр. Адӕмы ’хсӕнты йӕм, цалдӕр азы тугцыдӕй чи удхар кодта, ахӕм сылгоймаг куы бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджийы хаутӕм куы бавнӕлдта, уӕд ӕрцыд диссаг: сылгоймаг уайтагъд адзӕбӕх. Йесо фӕхатыд, тых дзы кӕй рацыд, фӕлӕ чи адзӕбӕх, уый нӕ уыдта. Тынг ӕй фӕндыд сылгоймаджы ссарын. Цӕмӕн? Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ йын йӕ цӕстмӕ бадардтаид, сылгоймаг йӕхӕдӕг цӕмӕй тарст, уый (Закъон кӕнӕ чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты уагӕвӕрдтӕ кӕй фехӕлдта). Уый бӕсты йын Йесо загъта: «Чызгай! Дӕ уырнындзинад дӕ аирвӕзын кодта дӕу; цу фарнимӕ ӕмӕ дзӕбӕх у дӕ [«хъизӕмайраг», НД] низӕй» (Маркы 5:25—34). Кӕс ма, куыд хорз ын ӕмбӕрста Йесо йӕ уды хъизӕмар. Афтӕ йын нӕ загъта ӕрмӕстдӕр, «адзӕбӕх у», зӕгъгӕ, фӕлӕ: «Дзӕбӕх у дӕ хъизӕмайраг низӕй». Ацы ран Марк цы дзырдӕй спайда кодта, уый комкоммӕ ратӕлмацгӕнӕн ис «ехсӕй нӕмын», зӕгъгӕ; афтӕ-иу надтой, адӕймагӕн алы фыдмитӕ кӕнгӕйӕ. Йесо ӕмбӕрста, йӕ низӕй, чи зоны, йӕ тыхджын рыстытӕй дӕр ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы мастӕй дӕр кӕй хъизӕмар кота, ӕмӕ йын тӕригъӕд кодта.
15, 16. Йесо адӕммӕ хорз миниуджытӕ кӕй уыдта, уый цавӕр цаутӕй бӕрӕг у?
15 Йесо адӕмы кӕй уарзта, уый ма ӕвдыста, хорз миниуджытӕ сӕм кӕй уыдта, уымӕй дӕр. Ӕркӕсӕм ма, фӕстӕдӕр йӕ апостол чи сси, уыцы Нафанаилимӕ куыд фембӕлд, уымӕ. «Йесо Нафанаилы Йе ’рдӕм ӕрбацӕугӕ куы федта, уӕд дзы загъта: мӕнӕ ӕцӕг Израилаг, ӕнӕгӕды» («Мах дуг», №5, 1992). Йесойӕн йӕ бон уыди, хуымӕтӕг зӕххон адӕймаджы бон цы нӕ уыди, уый. Йесо ныккаст Нафанаилы зӕрдӕмӕ, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй хуыздӕр базыдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Нафанаил дӕр махау алцӕмӕй ӕххӕст нӕ уыд. Уымӕ дӕр уыд йӕхи хъӕндзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ма ӕлхыскъ ныхас дӕр загъта: «Назаретӕй исты хорз рацӕудзӕн?» (Иоанны 1:45—51). Фӕлӕ Нафанаилӕй цыдӕриддӕр зӕгъӕн уыди, уымӕй Йесо рӕгъмӕ рахаста йӕ хорз миниуӕг — ӕнӕгӕды адӕймаг кӕй уыд, уый.
16 Афтӕ ма иу ӕфсӕддон хицау, ӕвӕццӕгӕн, ромаг, муртатт, Йесомӕ куы бацыд ӕмӕ йын куы балӕгъстӕ кодта, мӕ рынчын ӕххуырсты мын сдзӕбӕх кӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕр Йесо зыдта, уыцы ӕфсӕддонмӕ хъӕндзинӕдтӕ кӕй уыд, уый. Уӕды рӕстӕджы ӕфсӕддон хицӕутты царды бирӕ уыди тыхми, тугкалд ӕмӕ мӕнг динимӕ баст хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ Йесо касти, уыцы лӕгмӕ хорзӕй цы уыди, уымӕ — йе стыр уырнындзинадмӕ (Матфейы 8:5—13). Фӕстӕдӕр та Йесо, куы йӕ байтыгътой, уӕд йӕ фарсмӕ хъизӕмӕртты цӕджындзыл цы фыдгӕнӕг уыд ауыгъд, уымӕн йӕ ивгъуыд бонты фыдхъуыддӕгтӕ йӕ цӕстмӕ нӕ бадардта, фӕлӕ йын хорз фидӕнӕй ныфс бавӕрдта (Лукайы 23:43). Йесо хорз зыдта, адӕймаг иннӕты иууыл ӕфхӕргӕ, фаугӕ куы кӕна, уӕд сын уымӕй сӕ ныфс цы асӕтта, ӕндӕр кӕй ницы баххуыс кӕндзӕн. Уый иннӕты удыхъӕды хорзӕй цы уыди, уый кӕй уыдта, уымӕй бирӕты сразӕнгард кодта сӕхи фӕхуыздӕр кӕнынмӕ.
Фӕндыд ӕй адӕмӕн лӕггад кӕнын
17, 18. Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыныл кӕй сразы, уымӕй куыд равдыста, иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕй кӕй фӕндыд, уый?
17 Йесо кӕй ахуыр кодта, уыдоны кӕй уарзта, уымӕн ма ис ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн: уый фӕндыд адӕмӕн лӕггад кӕнын. Хуыцауы Фырт уарзта адӕмы, уӕлӕрвты куы цард, уӕд дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31). Иегъовӕйы «Дзырд», кӕнӕ минӕвар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ адӕмимӕ арӕх ӕмбӕлди (Иоанны 1:1). Фӕлӕ цӕмӕй адӕмы ноджы хуыздӕр сахуыр кодтаид, уый тыххӕй йӕ бӕрзонд уӕларвон бынат ныууагъта ӕмӕ «Йӕхӕдӕг Йӕхи ӕрныллӕг кодта, райста цагъары хуыз» (Филиппӕгтӕм 2:7, НФ; 2 Коринфӕгтӕм 8:9). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йын иннӕтӕ лӕггад кодтаиккой. Афтӕ дӕр ма загъта: «Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Йесо кӕронмӕ сӕххӕст кодта уыцы ныхӕстӕ.
18 Йесо кӕй ахуыр кодта, уыдонӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кодта, йӕ удыл нӕ ауӕрста. Зӕрдӕвӕрд зӕххыл фистӕгӕй ӕрзылд, хъусын кӕныны балцты сӕдӕгай километртӕ фӕцыд, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмыл сӕмбӕлдаид. Сӕрбӕрзонд фарисейтӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕй хъауджыдӕр, уый алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг ӕмӕ хуымӕтӕг. Алыхуызон адӕм — хицӕуттӕ, ӕфсӕддонтӕ, тӕрхонгӕнджытӕ, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ, мӕгуыртӕ, рынчынтӕ, суанг ма адӕм сӕ къух кӕуыл ауыгътой, уыдон дӕр ӕм цыдысты сӕрибарӕй, ӕдӕрсгӕйӕ. Йесо кӕд ӕххӕст уыди, уӕддӕр адӕймаг уыд, ӕмӕ зыдта фӕллад ӕмӕ ӕххормаг цы у, уый дӕр. Фӕлӕ-иу фӕллад дӕр куы уыд, кӕнӕ-иу ӕй баулӕфын, йе та хибарӕй акувын куы фӕндыд, уӕддӕр-иу иннӕтыл йӕхицӕй фылдӕр мӕт кодта (Маркы 1:35—39).
19. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ сӕрныллӕг, фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕй дӕнцӕг куыд радта?
19 Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн лӕггад кӕнын дӕр. Уый бӕрӕг уыд, хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ сӕ фӕразонӕй кӕй ахуыр кодта, уымӕй. Цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ-иу ӕрӕгмӕ куы ӕмбӕрстой, уӕд-иу сыл йӕ къух нӕ ауыгъта, мӕстӕй-иу сӕм нӕ рафыхт, ӕмӕ-иу сӕм хыл дӕр нӕ кодта. Уыцы хъуыддаг ма сын куыд бамбарын кӕна, ууыл-иу хъуыды кодта. Ахъуыды ма кӕнӕм, куыд арӕх быцӕу кодтой ахуыргӕнинӕгтӕ, чи сӕ стырдӕр у, ууыл. Ногӕй ӕмӕ та ногӕй, суанг ма йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв дӕр, Йесо агуырдта алыхуызон мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕ сахуыр кӕна кӕрӕдзийӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕныныл. Ахӕм сӕрныллӕгдзинады тыххӕй, ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй дӕр, Йесойӕн йӕ бон уыди зӕгъын: «Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг» (Иоанны 13:5—15; Матфейы 20:25; Маркы 9:34—37).
20. Фарисейтӕй уӕлдай Йесо иннӕты куыд ахуыр кодта ӕмӕ уыцы мадзал ахадгӕ цӕмӕн уыд?
20 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, куыд хъуамӕ цардаиккой, уый; Йесо сын «радта дӕнцӕг». Уый йӕхи афтӕ дардта, ӕмӕ сын уыд фӕзминаг. Уый семӕ сӕрбӕрзондӕй нӕ ныхас кодта, цыма уыдонӕн цы амыдта, уыдӕттӕ йӕхимӕ нӕ хаудтой, уыйау. Афтӕ кодтой фарисейтӕ. «Уыдон дзурынц, фӕлӕ нӕ кӕнынц»,— загъта Йесо уыдон тыххӕй (Матфейы 23:3, НФ). Йесо сӕрныллӕгӕй фенын кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, йӕ ахуырӕдтӕ бӕлвырдӕй цы нысан кӕнынц, уый, йӕхӕдӕг уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй цард, уымӕй. Цӕвиттон, хуымӕтӕг цард кӕнынмӕ сӕ куы разӕнгард кодта, уӕд сӕ бирӕ хъуыды кӕнын нӕ хъуыд, цӕмӕй, цӕй кой кодта, уый бамбӕрстаиккой. Уыдон сӕхи цӕстӕй уыдтой, цӕуыл дзырдта, уый: «Рувӕстӕн ис уӕрмытӕ, ӕмӕ арвон мӕргътӕн ахсдӕттӕ; фӕлӕ Адӕймаджы Фыртӕн, Йӕ сӕр кӕм бакъул кӕна, уый дӕр нӕй» (Матфейы 8:20, НФ). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн лӕггад кодта, куыд цӕрын сӕ хъӕуы, уый сын сӕрныллӕгӕй кӕй равдыста, уымӕй.
21. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
21 Дзырд дӕр ыл нӕй, зӕххыл Йесойӕ номдзыддӕр Ахуыргӕнӕг нӕ уыд! Чи йӕ уыдта ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй алкӕмӕндӕр бӕлвырд уыд, цы ӕцӕгад амыдта ӕмӕ цы адӕмы ахуыр кодта, уыдоны кӕй уарзта. Ӕмӕ абон Йесойы цард чи ахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр уый у бӕлвырд. Фӕлӕ куыд у нӕ бон ӕххӕст адӕймаг Чырыстийы фӕзмын? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Ахуыргӕнӕджы куысты иууыл сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ уый кӕй цӕвиттонӕй бӕрӕг уыди?
• Йесо куыд равдыста, цы ӕцӕгад амыдта, уый кӕй уарзта?
• Йесо цы адӕмы ахуыр кодта, уыдоны кӕй уарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
• Йесо кӕй ахуыр кодта, уыдонӕн ӕй сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уый цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 8 фарсыл]
Йесо Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕ кӕй уарзта, уый куыд равдыста?