РАГОН ЗОНДЫ ХӔЗНАТӔ АБОНЫ ЦАРДЫ
Ма мӕт кӕнут
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут» (Матфейы 6:25).
Цы нысан кӕны? Йесо Чырысти ацы ныхӕстӕ загъта, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд. Иу дзырдуаты куыд фыст ис, афтӕмӕй «мӕт кӕнын»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, «адӕймаг мӕгуыр кӕнӕ ӕххормаг куы вӕййы кӕнӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ куы февзары, уӕд йӕ зӕрдӕ куыд фӕкӕны, уымӕ». Адӕймаг ма фӕмӕт кӕны, сомбон цы уыдзӕн, уыдӕттыл дӕр. Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕмӕ нӕ хиуӕтты хӕрзӕбоныл кӕй фӕтыхсӕм, уым диссагӕй ницы ис (Филиппӕгтӕм 2:20). Фӕлӕ Йесо афтӕ куы загъта, «мӕт макуы кӕнут», зӕгъгӕ, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй ӕгӕр ма маст кодтаиккой, ома ӕгӕр ма тарстаиккой, райсом цы уыдзӕн, уымӕй, кӕннод сын абоны бон циндзинад нал хастаид (Матфейы 6:31, 34).
Абон ма пайда у? Йесойы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн не ’мбаргӕдзинадыл. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Иуӕй-иу иртасӕнтӕм гӕсгӕ, адӕймаг ӕгӕр куы фӕмӕт кӕны, уӕд йӕ нервытӕ нал фӕсабыр кӕнынц, ӕмӕ уый та «расайы алыхуызон низтӕ, зӕгъӕм, ахсӕны хъӕдгом, зӕрдӕйы низ ӕмӕ астмӕ».
Чырысти бамбарын кодта, ӕгӕр мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы уый: уый бынтон дзӕгъӕлы у. «Куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр исчи бафтаудзӕн?» – бафарста Йесо (Матфейы 6:27). Куы тыхсӕм, уӕд нӕ цард иу секунд дӕр нӕ фӕдаргъдӕр кӕндзыстӕм, стӕй йӕ хуыздӕр дӕр нӕ фӕкӕндзыстӕм. Уымӕй уӕлдай, цӕмӕй фӕтӕрсӕм, уый арӕх цӕугӕ дӕр не ’ркӕны. Иу ахуыргонд уый тыххӕй загъта: «Фидӕныл тыхсын бынтон дзӕгъӕлы хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ хабӕрттӕ, куыд ӕнхъӕл вӕййӕм, арӕх уымӕй хуыздӕр рауайынц».
Цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй мауал мӕт кӕнӕм? Фыццаг, нӕ ныфс Хуыцауыл дарӕм. Кӕд Хуыцау мӕргъты ӕфсады ӕмӕ дидинджыты афтӕ рӕсугъд сфӕлынды, уӕд, йӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыцы адӕмӕн куыннӕ ратдзӕн, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, уый? (Матфейы 6:25, 26, 28–30). Дыккаг, райсомы боныл рагацау ма мӕт кӕнӕм. «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут,– загъта Йесо,– уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ». Ацы ныхӕстимӕ, «алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг сты», зӕгъгӕ, разы нӕ дӕ? (Матфейы 6:34).
Чырыстийы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд не ’нӕниздзинад дӕр хуыздӕр уыдзӕн. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр, ома маст ницӕуыл кӕндзыстӕм – Библи уый хоны «Хуыцауы фарн» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).