Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тагъд рӕстӕджы ничи никӕмӕйуал уындзӕн йе сӕфт!

Тагъд рӕстӕджы ничи никӕмӕйуал уындзӕн йе сӕфт!

Кӕд нӕхи зондахаст ӕмӕ нӕ удыхъӕд нӕ бон фӕивын у, уӕддӕр иннӕтыл нӕ бар нӕ цӕуы. Ӕмӕ нырма уал ӕнаххос адӕм ӕфхӕрд ӕййафынц, чидӕр сӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый тыххӕй. Фӕлӕ цымӕ йӕ бон кӕмӕн у уыцы хабарӕн кӕрон скӕнын?

Ӕрмӕстдӕр Хуыцау Йегъовӕйӕн. Ӕмӕ нын Библи дӕр уымӕй ӕвӕры зӕрдӕ (Ӕмбисӕндтӕ 20:22).

ХУЫЦАУ ФЕСАФДЗӔН, АДӔМ КӔРӔДЗИЙӔ СЕ СӔФТ ЦӔЙ ТЫХХӔЙ УЫНЫНЦ, УЫДӔТТӔ

  1. 1. ХӔЙРӔГ. Абон адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт кӕй уынынц, уый у сӕйраджыдӕр, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕды, Хӕйрӕджы, аххос. Хуыцау фесафдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ уый хуызӕн саузӕрдӕ чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр (Псалом 37:38; Ромӕгтӕм 16:20).

  2. 2. ХӔЙРӔДЖЫ ФЫДДУНЕ. Хуыцау фесафдзӕн гӕртамхор политикты, адӕмы кӕрӕдзийыл чи ардауы, уыцы дины разамонджыты ӕмӕ, адӕмы чи стъигъы, уыцы зыд ӕмӕ кӕрӕф бизнесменты ӕмӕ базаргӕнджыты (2 Петры 3:13).

  3. 3. ӔНӔХХӔСТДЗИНАД. Библи ӕмбарын кӕны, адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастой. Уымӕ гӕсгӕ арӕх вӕййынц рӕдыд зондыл хӕст ӕмӕ фӕаразынц, раст цы нӕу, уый (Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт дӕр, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй фӕуынынц. Хуыцау нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕххӕст суӕм, ӕмӕ уӕд ничи никӕмӕйуал уындзӕн йе сӕфт (Исай 54:13).

АДӔМ ЗНАДЖЫ ЦӔСТӔЙ НИКӔМӔУАЛ КӔСДЗЫСТЫ

  1. 1. ӔФХӔРД НИЧИУАЛ ӔЙЙАФДЗӔН. Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн (Данел 2:44). Адӕм кӕрӕдзи хъулон нал кӕндзысты ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нал кӕсдзысты. Ӕнаххосӕй цы ’фхӕрд баййӕфтам, уый ферох кӕндзыстӕм ӕмӕ нын Хуыцау нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕндзӕн (Лукайы 18:7).

  2. 2. АДӔМӔН УЫДЗӔН САБЫР ЦАРД. Нал уыдзӕн хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ (Псалом 46:9). Ӕгас зӕххыл дӕр цӕрдзысты фарнуарзаг адӕм, ӕмӕ ничи ницӕмӕйуал тӕрсдзӕн (Псалом 72:7).

  3. 3. АДӔМ ЦӔРДЗЫСТЫ ӔНУСТӔМ ӔМӔ СЫН УЫДЗӔН ДИССАДЖЫ ЦАРД. Адӕм иууылдӕр кӕрӕдзи уарздзысты (Матфейы 22:39). Ничи ницӕуыл маст кӕндзӕн. Раздӕр ӕвзӕрӕй цы уыд, уый хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн (Исай 65:17). Адӕм се сӕфт никӕмӕйуал уындзысты ӕмӕ «фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11).

Нӕ дӕ фӕндид ахӕм цард дӕхи цӕстӕй фенын? Ныр дӕр бирӕтӕ ахуыр кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, ӕмӕ сын уый фӕрцы ӕнтысы, цӕмӕй се сӕфт макӕмӕйуал уыной (Псалом 37:8). Уый зӕгъӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. Уыдон сты цалдӕр милуаны ӕмӕ цӕрынц алы бӕстӕты. Ӕмӕ кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр иу бинонтау кӕрӕдзи тынг уарзынц (Исай 2:2–4).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй радзурдзысты, куыд ис ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ быхсӕн. Цы базонай, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай ӕмӕ иннӕты уарзай. Хорздзинад бӕсты кӕмӕн нӕ цӕуы ӕмӕ дӕм ӕвзӕр цӕстӕй чи кӕсы, суанг уыдоны дӕр бауарздзынӕ. Уый фӕрцы уыдзынӕ амондджын ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ. Ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ базондзынӕ, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм амондджынӕй цӕрай (Псалом 37:29).