Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ТЕМӔ ИРТАСЫНӔН

Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон фӕхӕссынц раст уынаффӕтӕ

Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдон фӕхӕссынц раст уынаффӕтӕ

Бакӕс Райдиан 25:29–34 стихтӕ ӕмӕ базон, Исав ӕмӕ Иаков цавӕр уынаффӕтӕ рахастой, уый. Раст уынаффӕ сӕ чи рахаста?

Контекстмӕ ӕркӕс. Уый размӕ цы ’рцыд? (Райд. 25:20–28). Уый фӕстӕ цы ’рцыд? (Райд. 27:1–46).

Дӕ хъус лыстӕг хабӕрттӕм дар. Уӕды заман хистӕр фыртӕн цавӕр бартӕ уыд ӕмӕ йыл цавӕр хӕстӕ уыд? (Райд. 18:18, 19; w10-U 1/5 13).

  • Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уыдон се ’ппӕт ӕнӕмӕнг хистӕр фырттӕ хъуамӕ уыдаиккой? (w17.12 14, 15).

Цы базыдтай, ууыл ахъуыды кӕн ӕмӕ дзы царды спайда кӕн. Хистӕр фырты бартӕн Иаков Исавӕй фылдӕр цӕмӕн аргъ кодта? (Дзут. 12:16, 17; w03-U 15/10 28, 29). Йегъовӕ уыцы дыууӕ ӕфсымӕрмӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ цӕмӕн? (Мал. 1:2, 3). Исавӕн цы баххуыс кодтаид раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн?

  • Ахъуыды кӕн: «Бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй у? Зӕгъӕм, къуырийы дӕргъы бинонты ахуырӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын?»