Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Рагон Вавилоны хӕлддзӕгты ’хсӕн кӕй ссардтой, уыцы агуыридуртӕ ӕмӕ сӕ куыд кодтой, уый куыд бӕлвырд кӕнынц, Библи ӕууӕнчы аккаг кӕй у?

АРХЕОЛОГТӔ рагон Вавилоны хӕлддзӕгты ’хсӕн ссардтой тынг бирӕ агуыридуртӕ. Горӕт уыдонӕй уыди арӕзт. Археолог Роберт Кольдевей куыд загъта, афтӕмӕй ахӕм агуыридуртӕ кодтой пецты «горӕты ӕдде, уымӕн ӕмӕ уым уыд хорз ӕлыг ӕмӕ дзы бирӕ къутӕртӕ зад, уыдон та бӕззыдысты пецы арт кӕнынӕн».

Археологтӕ ма ссардтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ, вавилойнаг хицӕуттӕ уыцы пецты ӕрмӕст агуыридуртӕ кӕй нӕ сыгътой, уымӕн. Поль-Ален Больё, Торонтойы университеты профессор, загъта, зӕгъгӕ, дам, вавилойнаг ӕвзагыл цы фыстытӕ ссардтой, уыдонӕй базонӕн ис, паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ-иу уыцы пецты кӕй басыгътой, паддзахы ныхмӕ-иу чи рацыд кӕнӕ-иу вавилойнаг хуыцӕутты чи фаудта, уыдоны. Зӕгъӕм, иу ахӕм бӕлвырдгӕнӕн у паддзах Навуходоносоры заманӕй. Фыст ыл ис: «Пецы сӕ баппарут, басудзут сӕ, сау фӕнык сӕ фестын кӕнут... сӕ сау фӕздӕг хӕрдмӕ куыд цӕуа, саусыгъд куыд бакӕной».

Ахӕм хабар ис Библийы дӕр, Данелы 3-аг сӕры. Фыст дзы ис, паддзах Навуходоносор сызгъӕринӕй кӕй скодта тынг стыр гуымиры ӕмӕ йӕ кӕй сӕвӕрдта Деиры дӕлвӕзы, горӕт Вавилоны ӕдде. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы – Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго – уыцы гуымирыйӕн кувын куы нӕ бакуымдтой, уӕд Навуходоносор мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй пец, «куыд-иу ӕй стӕвд кодтой, уымӕй авд хатты тынгдӕр стӕвд кодтаиккой» ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы «судзгӕ пецы баппӕрстаиккой». Фӕлӕ сӕ хъомысджын зӕд аирвӕзын кодта (Дан. 3:1–6, 19–28).

© The Trustees of the British Museum. Licensed under CC BY-NC-SA 4.0. Source

Агуыридур Навуходоносоры номимӕ

Вавилойнаг агуыридуртӕ сӕхӕдӕг дӕр сты бӕлвырдгӕнӕн, Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис, уымӕн. Бирӕтыл дзы фыст ис паддзахы стауӕн ныхӕстӕ. Иуыл фыст ис: «Навуходоносор, Вавилоны паддзах... Ӕз сарӕзтон ацы галуан, мӕ Бӕрзонддзинады цӕрӕнбынат... Мӕ байзӕддӕгтӕ дзы ӕнустӕм паддзӕхтӕ уӕнт!» Ацы ныхӕстӕ сты Данелы 4:30 стихы фыст ныхӕсты хуызӕн. Навуходоносор йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Ай мӕнӕ номдзыд Вавилон нӕу? Ӕз ацы горӕт сарӕзтон ме стыр хъомысӕй, цӕмӕй дзы паддзахы хӕдзар уа ӕмӕ цӕмӕй мӕ кад айхъуыса!»