Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕм хъусын кредит фидынӕй уӕлдай нӕу: цас дыл тынгдӕр ӕууӕндӕн уа, уыйас дын фылдӕр сӕрибардзинад дӕтдзысты

ӔРЫГӔТТӔН

10. Ӕууӕндӕн дыл уӕд

10. Ӕууӕндӕн дыл уӕд

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Ӕууӕнкджын адӕмыл феууӕндынц сӕ ныййарджытӕ, се ’мбӕлттӕ ӕмӕ куысты хицӕуттӕ. Уыдон уагӕвӕрдтӕ нӕ халынц, сӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕнынц ӕмӕ никуы фӕсайынц.

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Арӕхдӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймагыл цас тынгдӕр феууӕндынц, уыйас ын фылдӕр сӕрибардзинад фӕдӕттынц.

«Цӕмӕй дыл дӕ ныййарджытӕ ӕууӕндой, уый тыххӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, сывӕллон кӕй нал дӕ ӕмӕ алцыдӕр бӕстон кӕй фӕаразыс, ӕрмӕст дӕ разы куы вӕййынц, уӕд нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр» (Сарахи).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут» (1 Петры 2:12).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дыл иннӕтӕ тынгдӕр ӕууӕндой кӕнӕ та дыл ногӕй ӕууӕндын райдайой, уӕд дын баххуыс кӕндзысты, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон.

Сайгӕ ма кӕн. Адӕймаг куы фӕсайы, уӕд ыл иннӕтӕ нал феууӕндынц. Фӕлӕ, сайгӕ куы нӕ кӕнай ӕмӕ дӕ рӕдыдтытӕ куы не ’мбӕхсай, уӕд дыл иннӕтӕ ӕууӕнддзысты.

«Ӕвзӕрӕй куы ницы саразай, уӕд, раст цы у, уый дзурын ӕнцон вӕййы. Фӕлӕ, зӕгъӕм, цӕмӕйдӕр фӕрӕдыдтӕ. Ахӕм уавӕры дӕхи иннӕты цӕсты бафтауынӕй куы нӕ фӕтӕрсай ӕмӕ дӕ рӕдыд куы нӕ басусӕг кӕнай, уӕд дыл иннӕтӕ тынгдӕр ӕууӕнддзысты» (Кайман).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).

Ӕууӕндӕн дыл уӕд. Иртасӕнтӕм гӕсгӕ, Иугонд Штатты адӕмы куыстмӕ чи исы, уыдонӕн сӕ 78 проценты зӕгъынц, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаджы куыстмӕ райсой, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ уа, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ сӕйраг миниуӕджы. Уыцы миниуджытӕй иу у, цӕмӕй адӕймагыл ӕууӕндӕн уа. Абон алцыдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй аразын куы сахуыр уай, уӕд дын уый фидӕны дӕр стыр пайда уыдзӕн.

«Мӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ цӕуы, алцыдӕр бӕстон кӕй саразын ӕмӕ мын истӕй тыххӕй дыккаг хатт дзурын кӕй нал бахъӕуы. Афтӕ кӕй кӕнын, уый тыххӕй мыл тынгдӕр ӕууӕндынц» (Сарӕ).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Фидарӕй зонын, „нӕ“ мын кӕй нӕ зӕгъдзынӕ, стӕй зонын, цы дӕ курын, уымӕй дӕр фылдӕр кӕй сараздзынӕ» (Филимонмӕ 21).

Фӕразон у. Куыд стырдӕр кӕныс, уый иууылдӕр уынынц. Фӕлӕ цӕмӕй феной, зондӕй сывӕллон кӕй нал дӕ ӕмӕ дыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый тыххӕй та хъӕуы рӕстӕг.

«Афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ иу хъуыддаг хорз сарӕзтай, ӕмӕ дыл дӕ ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ ӕууӕндын райдыдтой. Фӕлӕ дӕ ныхасӕн хицау куы уай ӕмӕ алцыдӕр бӕстон куы аразай, уӕд, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ дыл тынгдӕр ӕууӕнддзысты» (Брэндон).

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Ут бирӕфӕразон» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14).