ЦАРДӔМБӔЛТТӔН
2. Ӕмвӕндӕй архайут
УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ
Лӕг ӕмӕ ус ӕмвӕндӕй куы фӕархайынц, уӕд сӕ абарӕн вӕййы, иу хӕдтӕхӕгыл чи тӕхы, ахӕм пилотимӕ ӕмӕ дыккаг пилотимӕ. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд дзы алчидӕр, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уыдзӕн, ууыл нӕ фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр куыд хуыздӕр уыдзӕн, ууыл.
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар» (Матфейы 19:6).
«Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй аразой» (Кристофер).
УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У
Иу командӕйы хуызӕн чи не сты, ахӕм лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд кӕрӕдзимӕ фӕвӕййынц, сӕ уавӕры цы саразӕн ис, ууыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ. Гыццыл ницӕмӕй дӕр сын стыр цыдӕр рауайы.
«Лӕг ӕмӕ ус ӕмвӕнд куы нӕ уой, уӕд уый хорзмӕ не ’ркӕндзӕн. Мӕ цардӕмбалимӕ иу командӕ куы нӕ уаиккам, уӕд лӕг ӕмӕ ус нӕ уаиккам, фӕлӕ иу къомнӕты цӕрӕг дыууӕ ӕцӕгӕлон адӕймаджы. Цӕргӕ иумӕ кӕниккам, цардмӕ та алыхуызон цӕстӕй кӕсиккам» (Александрӕ).
ЦЫ ИС САРАЗӔН
АХЪУЫДЫ КӔН
Мыййаг, цы ’хца бакусын, уыдонӕй афтӕ фӕзӕгъын, ӕз сӕ бакуыстон ӕмӕ иууылдӕр мӕн сты, зӕгъгӕ?
Мӕ цардӕмбал мӕ разы куы нӕ вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд баулӕфын?
Мыййаг, мӕ цардӕмбалы хиуӕттӕй мӕхи дард ласын, кӕд сыл йӕхӕдӕг тынг ӕнувыд у, уӕддӕр?
ДӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ АНЫХАС КӔН
Цавӕр хъуыддӕгты нын уайы иу командӕйау ӕмвӕндӕй архайын?
Ӕмвӕндӕй архайын нӕ цавӕр хъуыддӕгты хъӕуы?
Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй иу командӕйау ӕмвӕндӕй архайӕм?
УЫНАФФӔТӔ
Афтӕ уӕм ма кӕсӕд, цыма, теннисы куыд вӕййы, афтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ хъазут, ӕмӕ уӕ хъуамӕ иу иннӕйыл фӕуӕлахиз уа. Сымах хъуамӕ уат иу командӕ ӕмӕ хъуамӕ кӕрӕдзийыл нӕ, фӕлӕ уӕ зындзинӕдтыл уӕлахиз кӕнат.
Афтӕ ма хъуыды кӕнут: «Куыд рамбулон?» Фӕлӕ хъуыды кӕнут: «Куыд рамбулӕм?»
«Раст чи у ӕмӕ зылын чи у, ууыл ма хъуыды кӕнут. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй уе ’хсӕн фарн уа» (Итан).
БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:3, 4).