Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз миниуджытӕ компасау дӕ сывӕллонӕн раст фӕндагыл цӕуынӕн ӕххуыс кӕндзысты

НЫЙЙАРДЖЫТӔН

7. Уӕ сывӕллӕтты хорз миниуджытыл ахуыр кӕнут

7. Уӕ сывӕллӕтты хорз миниуджытыл ахуыр кӕнут

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Алы адӕймаг дӕр цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕры. Зӕгъӕм, чи зоны, архайут, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уат. Ӕмӕ уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уой.

Стӕй ма уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уой куыстуарзаг, хӕрам хъуыддӕгтӕ ма кӕной ӕмӕ иннӕтыл хъуыды кӕной. Уыцы миниуджытӕ адӕймаджы удыхъӕды хуыздӕр ныффидар вӕййынц, цалынмӕ ӕрыгон вӕййы, уӕдмӕ.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6).

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Технологиты дуджы уаг ӕмӕ ӕгъдау ахсджиаг сты. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм сылгоймаг, Карен, загъта: «Сывӕллонмӕ планшет кӕнӕ телефон куы уа, уӕд дзы кӕдфӕнды дӕр ӕнӕгъдау истытӕ ссардзӕн. Хатт нӕ сывӕллӕттӕ нӕ разы фӕбадынц, афтӕмӕй сӕ телефоны ахӕм цӕмӕдӕрты фӕкӕсынц, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хъуын арц сбады».

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: Фӕлтӕрд адӕймаг у, «йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта» (Дзуттӕгтӕм 5:14).

Ахсджиаг у иннӕтыл хъуыды кӕнын. Ма уӕ рох кӕнӕд «бузныг» ӕмӕ «табуафси» дзурын. Стӕй иннӕтыл кӕй тыхсут, уый хъуыддагӕй ӕвдисут. Уӕздандзинадӕн абон стыр аргъ ис, уымӕн ӕмӕ адӕм сӕ телефонтӕй дарддӕр никӕйуал ӕмӕ ницыуал уынынц.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Куыд [уӕ] фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Лукайы 6:31).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

Уӕ сывӕллӕтты уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ахуыр кӕнут. Зӕгъӕм, иртасджытӕ сбӕрӕг кодтой, рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытӕ куы фӕдзурынц, хӕтындзинад ӕвзӕр кӕй у, уӕд сӕ фылдӕр ахӕм ми кӕй нӕ бакӕнынц.

УЫНАФФӔ. Хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый дӕ сывӕллонӕн дӕ бон у бамбарын кӕнын исты ног хабары фӕрцы. Зӕгъӕм, ног хабӕртты исты фыдракӕнд куы равдисой, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын: «Иуӕй-иу адӕм сырдтӕй уӕлдай не сты. Дӕумӕ гӕсгӕ, ахӕм цӕмӕн свӕййынц?»

«Сывӕллӕттӕн зын вӕййы хорз ӕвзӕрӕй иртасын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый куы нӕ фӕзонынц, уӕд» (Брэндон).

Уӕ сывӕллӕтты иннӕтыл хъуыды кӕнын ахуыр кӕнут. Суанг гыццыл сывӕллӕтты дӕр ис сахуыр кӕнӕн «бузныг» ӕмӕ «табуафси» дзурын, стӕй иннӕтӕн аргъ кӕнын. «Сывӕллӕттӕ цас хуыздӕр ӕмбарой, сӕхицӕй уӕлдай ма кӕй ис, зӕгъӕм, бинонтӕ, скъола, ӕндӕр адӕм, уыйас сӕ тынгдӕр фӕнддзӕн иннӕтӕн хорздзинад аразын»,– фыст ис иу чиныджы ныййарджытӕн (Parenting Without Borders).

УЫНАФФӔ. Дӕ сывӕллонӕн-иу хӕдзары куыстытӕй исты бахӕс кӕн. Афтӕмӕй сахуыр уыдзӕн иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын.

«Нӕ сывӕллӕттӕ хӕдзары куыстытӕ кӕнын куы сахуыр уой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, хицӕнӕй куы цӕрой, уӕд. Афтӕмӕй сӕ гыццылӕй сахуыр уыдзысты сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын» (Тарӕ).