Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...

Дӕ зӕрдӕйы рыст цӕй фӕрцы фӕсабырдӕр уыдзӕн

Дӕ зӕрдӕйы рыст цӕй фӕрцы фӕсабырдӕр уыдзӕн

Ацы фарстайы фӕдыл уыйбӕрц уынаффӕтӕ ис, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ иууылдӕр пайда не сты. Чи зоны дын чидӕртӕ дзурой, зӕгъгӕ, кӕугӕ ма кӕн ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ма ’вдис. Иннӕтӕ та дын, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзурой, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмбӕхсгӕ ма кӕн, зӕгъгӕ. Библийы уынаффӕтӕ та пайда кӕй сты, уый бӕлвырд кӕнынц ахуыргӕндты фӕстаг иртасӕнтӕ дӕр.

Иуӕй-иу адӕмтӕм нӕлгоймагӕн кӕуын худинаг у. Фӕлӕ цымӕ уымӕй ӕцӕгдӕр хъӕуы ӕфсӕрмы кӕнын? Психологтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, маст чи кӕны, уый хъуамӕ кӕугӕ дӕр кӕна. Ӕмӕ фаг рӕстӕг куы фӕмаст кӕнай, уӕд дӕм дарддӕр цӕрынӕн тыхтӕ фӕзындзӕн, цыфӕнды уӕззау зиан дыл ма ’рцӕуа, уӕддӕр. Адӕймаг йӕ маст йӕ зӕрдӕйы куы дара, уӕд ын уый хорзӕй ницы ӕрхӕсдзӕн. Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ зианыл кӕуын раст нӕу кӕнӕ нӕлгоймагӕн кӕуын нӕ фидауы. Ахъуыды кӕнӕм Йесо Чырыстийыл. Йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд адӕмы раз скуыдта, кӕд ӕм ахӕм хъару уыд, ӕмӕ марды райгас кодтаид, уӕддӕр! (Иоанны 11:33–35).

Адӕймаг кӕй фӕмаст кӕны, уый ма арӕх бӕрӕг вӕййы уымӕй дӕр, ӕмӕ хаттӕй-хатт тынг рамӕсты вӕййы, уӕлдайдӕр та кӕд зиан ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд, уӕд. Зианджын цӕмӕн фӕмӕсты кӕны, уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис, зӕгъӕм, уый, ӕмӕ исты дзырддзӕугӕ адӕймаг ӕнӕрхъуыды кӕнӕ мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕны. Иу нӕлгоймаг Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ, йӕ ном Мик, радзырдта: «Мӕ фыд куы амард, уӕд мыл 14 азы йеддӕмӕ нӕма цыд. Зианы мын англиканон аргъуаны сауджын загъта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы дӕр хорзтӕ хъӕуынц ӕмӕ сӕ йӕхимӕ афтӕ раджы уый тыххӕй акӕны *. Ӕз тынг смӕсты дӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ фыд нӕхи дӕр хъуыди. Уӕдӕй нырмӕ рацыд 63 азы, фӕлӕ мӕ уыцы ныхӕстӕ абон дӕр нӕ рох кӕнынц».

Адӕймаг йӕ хионы мӕлӕты йӕхи кӕй фӕаххосджын кӕны, уымӕй та цы зӕгъӕн ис? Афтӕ арӕхдӕр вӕййы, зиан ӕнӕнхъӕлӕджы куы ’рцӕуы, уӕд. Зианджын ӕдзух фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, афтӕ кӕнӕ афтӕ куы бакодтаин, уӕд ацы бӕллӕх не ’рцыдаид. Ноджы тынгдӕр та йӕхи фӕаххосджын кӕны, кӕд фӕстаг хатт истӕй тыххӕй рахъӕлӕба сты, уӕд.

Кӕд ды дӕр дӕхи аххосджын кӕныс ӕмӕ мӕсты кӕныс, уӕд де ’нкъарӕнтӕ дӕ мидӕг ма дар. Аныхас кӕн, лӕмбынӕг дӕм чи байхъусдзӕн ӕмӕ, зианджынтӕй бирӕтӕ кӕй вӕййынц афтӕ, уый дын чи бамбарын кӕндзӕн, ахӕм ӕмбалимӕ. Библи нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ хуыздӕр ӕмбал нӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зианджынӕн уымӕй хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн. Скув ӕм ӕмӕ йын дӕ зӕрдӕ раргом кӕн, уымӕн ӕмӕ дыл «уый тыхсы» (1 Петры 5:7). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» дын дӕ сагъӕстӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы маст кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Стӕй бауадз, цӕмӕй дын Хуыцау йӕ Ныхас Библийы фӕрцы баххуыс кӕна. Дӕ зӕрдӕ дын чи бафидар кӕндзӕн, уыцы стихтӕ дӕхицӕн рафысс. (Кӕс  рамкӕ.) Чи зоны дӕ уыдонӕй кӕцыдӕртӕ бахъуыды кӕнын бафӕнда. Уыдӕттыл хъуыды кӕнын дын уӕлдай тынгдӕр баххуыс кӕндзӕн, ӕхсӕвыгон-иу иунӕгӕй куы уай ӕмӕ дыл хуыссӕг куы нӕ хӕца, уӕд (Исай 57:15).

Ӕрӕджы иу 40-аздзыд нӕлгоймагӕн, схонӕм ӕй Джек, йӕ бинойнаг ракӕй амард. Джек зӕгъы, хатт ӕм афтӕ кӕй фӕкӕсы, ӕмӕ зыбыты иунӕг у. Фӕлӕ куы скувы, уӕд ын фенцон вӕййы. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Йегъовӕмӕ куы фӕкувын, уӕд мӕхимӕ иунӕг нӕ фӕкӕсын. Ӕхсӕвыгон арӕх райхъал вӕййын ӕмӕ нал фӕфынӕй кӕнын. Уӕд Библийы зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕ фӕкӕсын ӕмӕ сыл фӕхъуыды кӕнын. Уый фӕстӕ куывды мидӕг мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕн раргом кӕнын. Уӕд ӕрсабыр вӕййын, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ фарнӕй байдзаг вӕййы. Мӕ тыхст хъуыдытӕ фӕлидзынц, мӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр вӕййы, ӕмӕ бафынӕй вӕййын».

Иу ӕрыгон сылгоймагӕн, Ванессӕйӕн, йӕ мад фӕрынчын, ӕмӕ амард. Ванессӕ дӕр ӕй йӕхиуыл бавзӕрста, куывд куыд тынг ӕххуыс кӕны, уый. «Хатт-иу мын афтӕ зын уыди, ӕмӕ ма-иу ӕрмӕст Хуыцауы ном дзырдтон ӕмӕ-иу куыдтон,– загъта Ванессӕ.– Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕ хъуыста ӕмӕ мын алы хатт дӕр тыхтӕ лӕвӕрдта».

Зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн психологтӕ уынаффӕ кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ акусой адӕмӕн ӕххуысгӕнӕг организациты. Уый адӕймагӕн циндзинад ӕрхӕссы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр кӕны (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Йӕ хион кӕмӕн амард, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ бамбӕрстой, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын стыр удӕнцой кӕй хӕссы (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ уый раст нӕу. Адӕм цӕмӕн мӕлынц, уымӕн Библийы ис ӕртӕ аххосаджы (Екклесиаст 9:11; Иоанны 8:44; Ромӕгтӕм 5:12).