Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Циндзинад – Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг

Циндзинад – Хуыцауӕй лӕвӕрд миниуӕг

АЛЫ адӕймаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй цинӕфсӕст уа. Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты «тынг уӕззау рӕстӕг» скодта, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ис йӕхи зындзинӕдтӕ (2 Тим. 3:1). Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕйы цин нал вӕййы, ныфс чи сӕтты ӕмӕ маст чи хӕссы, ахӕм зындзинӕдты тыххӕй, зӕгъӕм, хӕрам хъуыддӕгтыл кӕй сӕмбӕлынц, се ’нӕниздзинад кӕй фӕцуды, ӕнӕ куыстӕй кӕй баззайынц кӕнӕ сын чидӕр кӕй фӕзиан вӕййы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уымӕй хызт не сты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Мыййаг дыл ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй та дӕ зӕрдӕйы циндзинад ногӕй ӕрцӕра?

Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал ӕркӕсӕм, ӕцӕг циндзинад цы у, уымӕ. Стӕй базонӕм, иннӕтӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй зындзинӕдты дӕр сӕ циндзинад ма бамынӕг уыдаид. Ӕмӕ уӕд бамбардзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы циндзинад уа ӕмӕ нӕ циныл цин ӕфта.

ЦИНДЗИНАД ЦЫ У?

Дӕ зӕрдӕйы циндзинад уа ӕмӕ, ӕнӕуи хъӕлдзӕг уай, уыдон иу не сты. Иу цӕвиттоныл-ма ахъуыды кӕнӕм. Адӕймаг нозтджын куы вӕййы, уӕд хатгай бахъӕлдзӕг вӕййы. Фӕлӕ куы ӕрӕрвонг вӕййы, уӕд ӕм худын нал фӕцӕуы, ӕмӕ та йӕ царды зындзинӕдтӕ йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууынц. Гыццыл кӕй бахъӕлдзӕг, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг циндзинад ис (Ӕмб. 14:13).

Циндзинад у, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ чи ауадзы, ахӕм миниуӕг. Уыцы миниуӕг адӕймагмӕ вӕййы, йӕ къухы хорзӕй цыдӕр кӕй бафты кӕнӕ хорз цӕмӕдӕр кӕй фенхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕрцы. Ахӕм адӕймаг зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджын вӕййы хорз уавӕрты дӕр ӕмӕ зын уавӕрты дӕр (1 Фес. 1:6). Гӕнӕн ис, цыдӕр ӕй мӕты бафтауа, фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы циндзинад ма бамынӕг уа. Зӕгъӕм, иухатт апостолты, иннӕтӕн Чырыстийы тыххӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй фӕнадтой. Фӕлӕ уыдон «Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл цин кодтой» (Хъуыд. 5:41). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ цин, нӕмгӕ сӕ кӕй фӕкодтой, ууыл нӕ уыд. Уыдон цин кодтой, Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, ууыл.

Ахӕм циндзинад адӕймаг йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы, стӕй йӕм уыцы миниуӕг йӕхигъӕдӕй дӕр нӕ фӕзыны. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕцӕг циндзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагӕн йӕ бон у йӕ «удыхъӕд ногмӕ раивын», ӕмӕ йӕм афтӕмӕй фӕзыны циндзинад дӕр (Еф. 4:24; Гал. 5:22). Ӕмӕ йын уый фӕрцы та бирӕ ӕнцондӕр вӕййы царды зындзинӕдтимӕ тох кӕнын.

ФӔЗМИНАГ НЫН ЧИ У, УЫДОНЫ ЦӔВИТТОНТӔ

Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ зӕххыл хъуамӕ уыдаид хорз цард ӕмӕ, абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн та сӕ кой дӕр хъуамӕ ма уыдаид. Фӕлӕ кӕд адӕм фыдхъуыддӕгтӕ аразынц, уӕддӕр уый тыххӕй Хуыцауӕн йӕ циндзинад нӕ бамынӕг. Библийы фыст ис: «Йӕ цӕрӕнбынаты – хъару ӕмӕ циндзинад» (1 Аз. 16:27). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ йӕ «зӕрдӕ фӕрухс кӕны» (Ӕмб. 27:11).

Мах дӕр Йегъовӕйы фӕзмдзыстӕм, цыдӕр, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ рауайа, фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдӕйы циндзинад бамынӕг кӕнын куы нӕ бауадзӕм, уӕд. Ахӕм рӕстӕг нӕ бон у, нӕ царды хорзӕй цы ис, не ’ргом уымӕ раздахын ӕмӕ нӕм фидӕны цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын *.

Библийы ис, уӕззау фӕлварӕнты дӕр йӕ циндзинад бамынӕг кӕнын чи нӕ бауагъта, ахӕм адӕймӕгты кой. Уыдонӕй иу уыд Авраам. Уый-иу бахауд, йӕ цардӕн тӕссаг кӕм уыд, ахӕм уавӕрты, стӕй-иу ын иннӕтӕ стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой (Райд. 12:10–20; 14:8–16; 16:4, 5; 20:1–18; 21:8, 9). Фӕлӕ уӕддӕр Авраамӕн йӕ зӕрдӕйы уыд циндзинад. Цымӕ уый йӕ къухы цӕй фӕрцы бафтыд? Уый-иу хъуыды кодта, цы ныфс ын уыд, ууыл – ног дунейы йӕм, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады дӕлбар цы цард ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл (Райд. 22:15–18; Дзут. 11:10). Йесо загъта: «Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл» (Иоан. 8:56). Махӕн дӕр нӕ бон у Авраамау, фидӕны нӕм цы циндзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын (Ром. 8:21).

Авраамау апостол Павелӕн ӕмӕ йе ’мбал Силӕйӕн дӕр сӕ хъуыдытӕ уыдысты, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл. Уыдонӕн уыд фидар уырнындзинад, ӕмӕ-иу сыл кӕд цыдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты алкӕддӕр уыд циндзинад. Зӕгъӕм, иухатт сӕ куы фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд уыдон «ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг... куывтой ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарыдысты» (Хъуыд. 16:23–25). Цы ныфс сын уыд, уый сӕ стыр хъарутӕ уагъта. Фӕлӕ ма Павел ӕмӕ Силӕйӕн цины хос уыд, уыцы ӕфхӕрд Чырыстийы номы тыххӕй кӕй ӕййӕфтой, уый дӕр. Махӕн дӕр нӕ бон у Павел ӕмӕ Силӕйау нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд цы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, уыдон (Фил. 1:12–14).

Нӕ рӕстӕджы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ стыр фӕлварӕнты рӕстӕг сӕ циндзинад бамынӕг кӕнын нӕ бауагътой. Зӕгъӕм, 2013 азы ноябры Филиппинты тыхдымгӕ «Хайян» куы рацыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонтӕй 1 000 фылдӕрӕн сӕ хӕдзӕрттӕ ныппырх кодта. Горӕт Таклобаны йӕ хӕдзар кӕмӕн ныппырх, иу ахӕм ӕфсымӕр, Джордж, загъта: «Кӕд ныл ахӕм хабар ӕрцыд, уӕддӕр ӕфсымӕртӕ сты амондджын. Нӕ зӕрдӕты ахӕм циндзинад ис, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Уӕдӕ Йегъовӕ мах тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзы бузныг куы уӕм, уӕд стыр зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн циндзинад. Цымӕ ма нын Йегъовӕ уымӕн куыд ӕххуыс кӕны?

НӔ ЗӔРДӔТЫ ЦИНДЗИНАД ЦӔМӔН ИС

Хуыцауимӕ ӕнгом кӕй стӕм, уымӕй стырдӕр цины хос ма нын цы хъуамӕ уа! Мах зонӕм Дунедарӕг Хуыцауы. Уый у нӕ Фыд ӕмӕ нӕ Хӕлар! (Пс. 71:17, 18).

Мах ма Йегъовӕйӕ стыр бузныг стӕм, цард нын кӕй балӕвар кодта ӕмӕ нӕ бон царды хорздзинӕдтыл цин кӕнын кӕй у, уый тыххӕй дӕр (Еккл. 3:12, 13). Хуыцау нӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодта, уый фӕрцы ӕмбарӕм, йӕ фӕндон цы у, уый, стӕй зонӕм, цӕмӕн царӕм, уый дӕр (Кол. 1:9, 10). Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр уый нӕ зонынц. Апостол Павел загъта: «„Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кодта, уый цӕст дӕр нӕ федта ӕмӕ хъус дӕр нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никӕмӕн ӕрцыд“. Уыцы хабӕрттӕ Хуыцау махӕн раргом кодта йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы» (1 Кор. 2:9, 10). Уӕдӕ нын стыр цины хос куыннӕ у, Йегъовӕйы фӕндон цы у, уый кӕй ӕмбарӕм, уый!

Фӕлӕ нын Йегъовӕ ӕрмӕст уыцы хорздзинӕдтӕ нӕ ракодта. Ис нын фадат, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой (1 Иоан. 2:12). Хуыцау нын радта, тагъд чи ралӕудзӕн, уыцы ног дунейы цӕрыны ныфс (Ром. 12:12). Стӕй ма нын радта, иумӕ йын кӕимӕ лӕггад кӕнӕм, бирӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ (Пс. 133:1). Хуыцау ма нӕ хъахъхъӕны Хӕйрӕгӕй ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕй (Пс. 91:11). Ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ циныл ноджы фылдӕр цин ӕфтдзӕн (Фил. 4:4).

НӔ ЦИНЫЛ ЦИН ЦӔЙ ФӔРЦЫ ӔФТДЗӔН

Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕнӕуи дӕр циндзинад кӕмӕн ис, уыцы чырыстонӕн йӕ циныл ноджы фылдӕр цин бафта? Йесо загъта: «Адӕттӕ уын уый тыххӕй дзурын, цӕмӕй мӕ цинӕй ӕххӕстӕй хайджын уат» (Иоан. 15:11). Мыййаг, ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ циныл ноджы фылдӕр цин ӕфта? Нӕ циндзинад абарӕн ис артимӕ. Цӕмӕй арт тынгдӕр судза, уый тыххӕй дзы фӕхъӕуы фылдӕр сугтӕ бакалын. Раст афтӕ, цӕмӕй нӕ циныл цин ӕфта, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Рох нӕ ма уӕд: циндзинад нӕм фӕзыны сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уӕдӕ цӕмӕй нӕ циныл цин ӕфта, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхасыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм (Пс. 1:1, 2; Лук. 11:13).

Нӕ циныл ма цин ӕфтдзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгты зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд дӕр (Пс. 35:27; 112:1). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, цӕмӕй «тӕрсӕм ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Еккл. 12:13). Ӕндӕр ныхасӕй, Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйӕн куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад *.

ЦИНДЗИНАД НЫН ЦЫ ПАЙДА ХӔССЫ

Нӕ циныл цин куы ӕфта, уӕд ма нын уый цавӕр пайда хӕсдзӕн? Зӕгъӕм, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Дык. з. 16:15; 1 Фес. 5:16–18). Уымӕй уӕлдай ма мулк ӕмӕ ӕхцамӕ нӕ бӕлдзыстӕм, фӕлӕ цӕттӕ уыдзыстӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр (Матф. 13:44). Ӕмӕ уый фӕрцы цы хорздзинӕдтӕй хайджын уӕм, уыдон уынгӕйӕ нӕ циндзинад фылдӕр кӕндзӕн, нӕхицӕй райгонд уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр сӕ циныл цин бафтауӕм (Хъуыд. 20:35; Фил. 1:3–5).

Уымӕй уӕлдай ма, нӕ зӕрдӕты цас фылдӕр циндзинад уа, уыйас ӕнӕниздӕр уыдзыстӕм. Библийы фыст ис: «Хъӕлдзӕг зӕрдӕ хосау дзӕбӕх кӕны» (Ӕмб. 17:22). Иугонд Штатты Небраскӕйы университеты иу иртасӕг адӕймаджы ӕнӕниздзинад иртӕста, ӕмӕ уый дӕр афтӕ загъта: «Абон дӕ цардӕй райгонд куы уай, уӕд уый фидӕны де ’нӕниздзинадӕн фӕахъаз уыдзӕн».

Уӕдӕ кӕд уӕззау рӕстӕджы цӕрӕм, уӕддӕр, Хуыцаумӕ куы кувӕм, стӕй йын йӕ Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты уыдзӕн ӕцӕг циндзинад. Стӕй ма нӕ циныл цин ӕфтдзӕн, ныртӕккӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл куы хъуыды кӕнӕм, иннӕты уырнындзинад куы фӕзмӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй мах нӕхицӕй зондзыстӕм, 64-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты: «Рӕстгӕнӕгӕн Йегъовӕ уыдзӕн йӕ цин ӕмӕ йӕхи йе уазӕг бакӕндзӕн».

^ 10 абз. Ацы рубрикӕйы, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый», зӕгъгӕ, фӕстӕдӕр дзырд цӕудзӕн фӕразондзинадыл дӕр.

^ 20 абз. Нӕ цин ма ноджыдӕр цӕй фӕрцы фылдӕр кӕндзӕн, уый базоныны тыххӕй кӕс рамкӕ « Нӕ циныл ма цин ноджыдӕр цӕй фӕрцы бафтдзӕн?».