Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, Хуыцауы организаци сын цы разамынд дӕтты, уымӕ?

Уыдон-иу хъуамӕ уыцы разамындмӕ уайтагъддӕр байхъусой. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккой: «Мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты разӕнгард кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уой? Хуыцауы организаци мын цы разамынд ратты, уымӕ уайтагъд байхъусын?» (bw576 11 ф.).

Ӕцӕг чырыстӕттӕ Вавилоны уацары кӕд бахаудысты?

Уый уыд, апостолтӕ куы амардысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, ӕмӕ уыцы рӕстӕг фӕзынд сауджынтӕ. Аргъуан ӕмӕ Ромы хицауад архайдтой, цӕмӕй чырыстӕттӕ раст дин ныууагътаиккой ӕмӕ, мӕнӕуимӕ абарӕн кӕй уыд, уыцы иузӕрдион чырыстӕтты хъӕлӕс мачи хъуыстаид. Фӕлӕ 1914 азӕй бирӕ раздӕр сӕрст чырыстӕттӕ райдыдтой Стыр Вавилонӕй сӕрибар кӕнын (bw576 23–25 фф.).

Лефевр д’Этапль цы куыст кодта, уый ахсджиаг цӕмӕн уыд?

1520-ӕм азты Лефевр французаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Библи, цӕмӕй йӕ хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр сӕ бон уыдаид кӕсын. Библийы скъуыддзӕгтӕ куыд ӕмбарын кодта, уый тынг бандӕвта Мартин Лютерыл, Уильям Тиндалыл ӕмӕ Жан Кальвиныл (bp176 10–12 фф.).

«Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл... хъуыды кӕнын» ӕмӕ, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл... хъуыды кӕнын» цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (Ром. 8:6).

«Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны», уыдон цӕуынц сӕ монцты фӕдыл, сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц сӕ хиуарзон фӕндтыл, ӕндӕр сӕ ницы фендавы ӕмӕ ныхас дӕр ӕндӕр ницӕуыл фӕкӕнынц. «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны», уыдонӕн та царды сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ зондахастыл ӕндавы Хуыцауы сыгъдӕг тых. Уыдон сахуыр вӕййынц, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Сӕ иу кӕны мӕлӕтмӕ, иннӕ та – цард ӕмӕ фарнмӕ (bw577 15–17 фф.).

Адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕна?

Ахсджиагдӕр чи у, уыцы хъуыддӕгтӕ сбӕлвырд кӕн, ӕмбаргӕ у – дӕ бон цы у, уый араз, алы бон дӕр улӕфынӕн рӕстӕг хицӕн кӕн, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл цин кӕн, ахудын зон, де уӕнгтӕ-иу азмӕлын кӕн ӕмӕ фаг фынӕй кӕн (bw577 22, 23 фф.).

«Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта» (Дзут. 11:5). Куыд?

Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Енохӕн йӕ цард афтӕ ӕрлӕууын кодта, ӕмӕ йӕ уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта (bp178 12, 13 фф.).

Бонзонгӕдзинад ныр дӕр ма ахсджиаг миниуӕг цӕмӕн у?

Бонзонгӕ адӕймаг йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы ӕмӕ фембары, йӕ бон алцы кӕй нӕу, уый. Стӕй ма иннӕтӕн кад кӕны, хорз зӕрдӕ сӕм дары ӕмӕ йӕхицӕй хъал нӕ вӕййы (bw578 18 ф.).

Йегъовӕ абон Разамонӕг советӕн разамынд куыд дӕтты, афтӕ фыццаг ӕнусы дӕр разамонӕг советӕн разамынд кӕй лӕвӕрдта, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

Сыгъдӕг тых разамонӕг советӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу бамбӕрстаиккой, раздӕр кӕй не ’мбӕрстой, уыцы ахуырӕдтӕ. Зӕдтӕ сын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыдаид, стӕй разамынд дӕтгӕйӕ архайдтой Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыдӕттӕ хауынц абоны Разамонӕг советмӕ дӕр (bw579 26–28 фф.).

Йесойы нывонд зынаргъ лӕвар цавӕр цыппар хъуыддаджы тыххӕй у?

Уыцы цыппар хъуыддаджы сты: 1) чи йӕ скодта, 2) цӕмӕн ӕй скодта, 3) уыцы лӕвар скӕнын ын цас зынаргъ слӕууыд ӕмӕ 4) уый у, ӕцӕгдӕр нӕ чи хъуыди, уыцы лӕвар. Ацы хъуыддӕгтыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм (bp180 4–6 фф.).

Чырыстон цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ куы рахӕссы, уӕд ма йӕ бон вӕййы йӕ хъуыды аивын?

Хъуамӕ нӕ ныхасӕн хицау уӕм. Фӕлӕ нӕ иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы нӕ уынаффӕтӕм ногӕй ӕркӕсын. Ниневиӕгтӕ куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд Йегъовӕ йӕ фӕнд фӕивта – нал сӕ фесӕфта. Иуӕй-иу хатт уынаффӕ аивын фӕхъӕуы, уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд (bw580 16, 17 фф.).

Искӕй фыдкой кӕнын тӕссаг цӕмӕн у?

Искӕй фыдкой куы кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уавӕр фӕфыддӕр уа. Ӕмӕ цыфӕнды раст куы уӕм, уӕддӕр фыдкойӕ ницы рамбулдзыстӕм (bw581 21 ф.).