2 Тимофеймӕ 4:1—22
4 Хуыцауы раз ӕмӕ дын Йесо Чырыстийы раз, удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн+ дӕр тӕрхон чи кӕндзӕн+, чи раргом уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахадмӕ чи ’рцӕудзӕн+, уый раз, фӕдзӕхсын:
2 хъусын кӕн Хуыцауы ныхас+, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй*, ӕнцон куы уа, уӕд дӕр+ ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр+, иннӕтӕн уайдзӕф кӕн+, сӕ рӕдыд-иу сын зӕгъ, фӕдзӕхс сӕ – у бирӕфӕразон+ ӕмӕ сӕ арӕхстджынӕй ахуыр кӕн.
3 Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ раст* ахуырадӕн нал быхсдзысты+, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕ алыварс ӕмбырд кӕндзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕм ахуыргӕнджыты+.
4 Уыдон рӕстдзинадмӕ* нал хъусдзысты, фӕлӕ се ’ргом аздахдзысты аргъӕуттӕм+.
5 Ды та алы хъуыддаджы дӕр у къӕрцхъус+, зындзинӕдтӕн быхс+, хорз хабар хъусын кӕн+, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз+.
6 Ӕз ныридӕгӕн нывондӕн хаст цӕуын, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ+, ӕмӕ тагъд ссӕрибар уыдзынӕн+.
7 Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон+, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон+, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон+.
8 Нырӕй фӕстӕмӕ мын ӕвӕрдӕй лӕууы рӕстдзинады кадыхуд+ – уыцы кадыхуд мын нӕ Хицау, рӕстаг тӕрхонгӕнӕг+, хӕрзиуӕгӕн ратдзӕн+ тӕрхоны бон+. Стӕй ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ, кӕй раргом уыдзӕн, уымӕ чи бӕллы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.
9 Бацархай, цӕмӕй мӕм тагъддӕр ӕрцӕуай+.
10 Уымӕн ӕмӕ Димас+ бауарзта ацы дуне*+, ӕмӕ мӕ ныууагъта ӕмӕ Фессалоникӕмӕ ацыд. Крискент ацыд Галатимӕ+, Тит та – Далматимӕ.
11 Ӕрмӕстдӕр ма Лука ис мемӕ. Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр, мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс ӕхсызгонӕй+ хъӕуы.
12 Тихикы+ та Ефесмӕ арвыстон.
13 Куы цӕуай, уӕд-иу демӕ рахӕсс, Троадӕйы+ Карпмӕ кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй тыхтӕттӕ* дӕр, уӕлдайдӕр та, цӕрмттӕй конд чи сты, уыдон.
14 Ӕрхуыйы куыстгӕнӕг Алыксандр+ мын бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодта. Йегъовӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, цы хъӕуы, уый бакӕндзӕн+.
15 Ӕмӕ дзы ды дӕр дӕхи хъахъхъӕн, уымӕн ӕмӕ, цы дзырдтам, уый ныхмӕ тынг цыди.
16 Тӕрхоны раз фыццаг хатт куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд, иууылдӕр мӕ ныууагътой+ – Хуыцау сын ӕй ныххатыр кӕнӕд+.
17 Фӕлӕ нӕ Хицау уыди мӕ фарсмӕ+ ӕмӕ мын хъару лӕвӕрдта+, цӕмӕй хорз хабар бӕстон фехъусын кодтаин ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъуыстаиккой+, ӕмӕ мӕ нӕ Хицау домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта+.
18 Нӕ Хицау мӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй+ дӕр ӕмӕ мӕ бахъахъхъӕндзӕн йӕ уӕларвон паддзахадӕн+. Кад ын уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен.
19 Мӕ номӕй салӕмттӕ ратт Прискӕ*+ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры+ хӕдзаронтӕн.
20 Ераст+ баззад Коринфы+, Трофимы+ та рынчынӕй ныууагътон Милеты+.
21 Бацархай, цӕмӕй мӕм, цалынмӕ зымӕг нӕ райдыдта, уӕдмӕ ӕрцӕуай.
Салӕмттӕ дын ӕрвитынц Еввул, стӕй Пуд, Лин, Клавдийӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.
22 Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг дын кӕй ис, уый тыххӕй дын нӕ Хицау раарфӕ кӕнӕд+. Уе ’ппӕт дӕр йе стыр хорзӕхӕй хайджын ут.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «зынгзӕрдӕйӕ».
^ Комк. «ӕнӕниз».
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадмӕ».
^ Кӕнӕ «цардӕвӕрд». Грекъ. айо́н.
^ Комк. «гыццыл чингуытӕ». Грекъ. библи́а, ацы дзырдӕй равзӕрд дзырд «Библи».
^ Хуыйны ма «Прискиллӕ» дӕр.