Ӕмбисӕндтӕ 8:1—36
8 Уый зонд нӕ хъӕр кӕны+ ӕмӕ арфуынындзинады хъӕлӕс нӕ хъуысы?+
2 Слӕууыд бӕрзонд рӕтты+, фӕндаггӕрон, тигътыл.
3 Кулдуӕртты раз, горӕтмӕ бацӕуӕны+, бахизӕнты хъӕрӕй дзуры+:
4 «Адӕм, сымахмӕ дзурын. Мӕ ныхас у адӕймаджы фырттӕм+.
5 Ӕвӕлтӕрдтӕ, сут уӕззаузонд+. Ӕнӕзӕндтӕ, ссарут ӕмбаргӕ зӕрдӕ+.
6 Байхъусут мӕм, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтыл у мӕ ныхас+ ӕмӕ, раст цы у, уый тыххӕй дзурын+.
7 Ӕз сабыр хъӕлӕсӕй дзурын, ӕцӕг цы у, уый+. Фыддзинад та ме ’взагӕн у ӕнад+.
8 Мӕ ныхӕстӕ иууылдӕр сты раст+. Иу дӕр дзы зыгъуыммӕ кӕнӕ мӕнг нӕу+.
9 Арфуынӕг адӕймагӕн иууылдӕр сты ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ, зонындзинӕдтӕ чи ссары, уыдонӕн сты раст+.
10 Айсут ӕвзист нӕ, фӕлӕ мӕ зондамынд, ӕппӕты хуыздӕр сызгъӕрин нӕ, фӕлӕ зонындзинӕдтӕ+.
11 Уымӕн ӕмӕ зонд у зынаргъ дуртӕй* дӕр хуыздӕр+, ӕмӕ, адӕймагӕн циндзинад цы хӕссы, уыдонӕй йӕ ницӕимӕ ис абарӕн+.
12 Ӕз дӕн зонд, цӕрын уӕззау зондимӕ иумӕ+. Ӕз ссардтон зонындзинӕдтӕ ӕмӕ сахуыр дӕн хъуыды кӕнын+.
13 Йегъовӕйӕ тӕрсын уый у, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй де сӕфт уынай+. Хъал зӕрдӕйӕ, сӕрбӕрзонддзинадӕй+, ӕвзӕрдзинады фӕндагӕй ӕмӕ фыдӕвзагӕй+ ӕз ме сӕфт уынын.
14 Мӕнмӕ ис уынаффӕ+ ӕмӕ куырыхон зонд+. Мӕнмӕ ис ӕмбарындзинад+ ӕмӕ тых+.
15 Паддзӕхтӕ мӕ фӕрцы паддзахиуӕг кӕнынц, ӕмӕ стыр хицӕуттӕ мӕ фӕрцы хӕссынц раст уынаффӕтӕ+.
16 Кънйӕзтӕ мӕ фӕрцы хицауиуӕг кӕнынц+, ӕмӕ кадджын лӕгтӕ мӕ фӕрцы тӕрхон кӕнынц рӕстӕй+.
17 Ӕз уарзын, мӕн чи уарзы, уыдоны+, ӕмӕ мӕ чи агуры, уыдон мӕ ссарынц+.
18 Мӕнмӕ ис хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад+, зынаргъ бынтӕ ӕмӕ рӕстдзинад+.
19 Мӕ дыргъ у сызгъӕринӕй дӕр хуыздӕр, суанг сыгъдӕг сызгъӕринӕй дӕр, ӕмӕ мӕ тыллӕг – хуыздӕр ӕвзистӕй дӕр зынаргъдӕр+.
20 Ӕз цӕуын рӕстдзинады фӕндагыл+, раст тӕрхоны фӕндӕгтӕн сӕ астӕуты+,
21 цӕмӕй схъӕздыг кӕнон, чи мӕ уарзы, уыдоны+. Ӕз сын сӕ къӕбицтӕ байдзаг кӕнын+.
22 Мӕн сфӕлдыста Йегъовӕ йӕхӕдӕг. Ӕз дӕн, цы сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг+, раджы заманты цы скодта, уыдонӕн сӕ райдиан+.
23 Ацы бынаты мӕ сӕвӕрдта тынг раджы+, ӕппӕты райдианы, зӕхх дӕр куы нӕма уыди, уӕд+.
24 Ӕз райгуырдтӕн стыр фыдӕбоны фӕстӕ, арф дӕттӕ куы нӕма уыдысты+, гуылфгӕнгӕ суадӕттӕн сӕ кой дӕр куы нӕма уыди, уӕд.
25 Ӕз райгуырдтӕн стыр фыдӕбоны фӕстӕ, хӕхтӕ ӕвӕрд куы нӕма ӕрцыдысты+, къуыбыртӕ куы нӕма фӕзындысты,
26 нырма зӕхх дӕр+, тыгъд быдыртӕ дӕр ӕмӕ фыццаг сыджыты къуыбар дӕр куы нӕма скодта, уӕд+.
27 Арв куы цӕттӕ кодта, уӕд ӕз дӕр уым уыдтӕн+. Ӕнӕбын арф дӕтты сӕрмӕ тымбыл хахх куы кодта+,
28 мигътӕ уӕлейӕ куы ӕвӕрдта+, доны гуылфӕнтӕ куы фидар кодта+,
29 денджызӕн йӕ закъон куы лӕвӕрдта, цӕмӕй дӕттӕ йӕ ныхасы сӕрты ма хизой+, зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдта+,
30 уӕд ӕз уыдтӕн йӕ фарсмӕ куыд дӕсны кусӕг+. Ӕз уыдтӕн йе стыр цин+ алы бон дӕр, ӕмӕ алкӕддӕр цин кодтон йӕ разы+.
31 Ӕз цин кодтон, йе сконд зӕхх куыд хъӕздыг у, уый уынгӕйӕ+, ӕмӕ ме стыр цин уыдысты зӕххон адӕм+.
32 Уӕдӕ мӕм байхъусут, мӕ хъӕбултӕ. Мӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы, уыдон амондджын сты+.
33 Байхъусут зондамындмӕ, ӕмӕ суат зондджын+, куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕм ма кӕсут+.
34 Амондджын у уыцы адӕймаг, алы бон дӕр мӕ къӕсӕрыл чи лӕууы, мӕ бахизӕны чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй мӕм байхъуса+.
35 Уымӕн ӕмӕ, мӕн чи ссара, уый ссардзӕн цард+ ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх+.
36 Чи мӕ не ссара, уый та йӕхи сафы+. Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уыдон се ’ппӕт дӕр уарзынц мӕлӕт+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «коралтӕй».