Рацыд 9:1—35
9 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ+: „Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной.
2 Ацы хатт дӕр та сӕ куы нӕ ауадзай, куы сӕ уромай+,
3 уӕд Йегъовӕ йӕ къух+ сисдзӕн дӕ фосмӕ+. Дӕ бӕхтыл, дӕ хӕрджытыл, дӕ теуатыл, де стуртыл ӕмӕ дын дӕ фыстыл фыдниз бафтаудзӕн+.
4 Фӕлӕ Йегъовӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Израилы фос Египеты фосӕй, ӕмӕ Израилы фыртты фосӕй иу дӕр нӕ амӕлдзӕн“»+.
5 Стӕй ма Йегъовӕ снысан кодта рӕстӕг дӕр, афтӕ загъта: «Уыцы хъуыддаг Йегъовӕ ацы зӕххыл бакӕндзӕн райсом»+.
6 Иннӕ бон Йегъовӕ бакодта, куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ египетӕгты фос иууылдӕр мӕлын райдыдтой+. Израилы фыртты фосӕй та иу дӕр нӕ амард.
7 Фараон йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста, ӕмӕ федтой, Израилы фосӕй иу дӕр кӕй нӕ амард. Фӕлӕ та фараонмӕ* уӕддӕр ницы бахъардта+ ӕмӕ адӕмы нӕ ауагъта.
8 Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Дурсудзӕн пецӕй дыууӕ армы дзаг фӕнык райсут+, ӕмӕ йӕ Моисей фараоны раз хӕрдмӕ скалӕд.
9 Ӕмӕ фӕнык ӕгас Египеты сӕрмӕ фестдзӕн рыг, ӕмӕ ӕгас Египеты адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр фӕзындзӕн сынчъытӕ»+.
10 Гъемӕ уыдон дӕр дурсудзӕн пецӕй фӕнык райстой ӕмӕ фараоны раз ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ Моисей уыцы фӕнык хӕрдмӕ скалдта, ӕмӕ адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр фӕзынд сынчъытӕ+.
11 Ӕмӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд Моисейы раз лӕууын, уымӕн ӕмӕ сынчъытӕ фӕзынд уыдоныл дӕр ӕмӕ египетӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр+.
12 Фӕлӕ Йегъовӕ фараоны йӕхи бар ауагъта, ӕмӕ та фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ сӕм нӕ байхъуыста – Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ+.
13 Ӕмӕ та уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Райсомӕй раджы сыст, бацу фараонмӕ+ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной+.
14 Ацы хатт дӕр сӕ куы нӕ ауадзай, уӕд дыл бӕллӕхтӕ иууылдӕр ныккалдзынӕн – дӕуыл, дӕ лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ дӕ адӕмыл, цӕмӕй базонай, ӕгас зӕххыл мӕн хуызӕн кӕй нӕй+.
15 Мӕнӕн мӕ бон раджы уыди дӕумӕ мӕ къух сисын ӕмӕ дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр фыдниз бафтауын, ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесӕфтаис+.
16 Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй+, цӕмӕй дын равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр+.
17 Ныр дӕр ма мын мӕ адӕммӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсыс, ныр дӕр ма сӕ нӕ уадзыс?+
18 Уӕдӕ тӕккӕ райсом ацафон ӕз ахӕм их рауадздзынӕн, ӕмӕ Египет куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ дзы ахӕм никуы уыд+.
19 Дӕ адӕмы арвит, цӕмӕй дын дӕ фос ӕмӕ дын быдыры цыдӕриддӕр ис, уыдон мидӕмӕ бакӕной. Адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр быдыры чи баззайа, хӕдзары чи нӕ уа, уыдоны та их ныххойдзӕн+ ӕмӕ амӕлдзысты“».
20 Фараоны лӕггадгӕнджытӕй Йегъовӕйы ныхас тас кӕй зӕрдӕты бауагъта, уыдон сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос тагъд-тагъд мидӕмӕ бакӕнын кодтой+.
21 Йегъовӕйы ныхас йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, чи йӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос быдыры ныууагътой+.
22 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух+ арвмӕ сдар, цӕмӕй рацӕуа их+ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр: адӕмыл, фосыл ӕмӕ, Египеты цыдӕриддӕр зайы, уыдоныл».
23 Моисей дӕр йӕ лӕдзӕг арвмӕ сдардта, ӕмӕ Йегъовӕ арв ныннӕрын кодта ӕмӕ их рауагъта+. Арвы цӕхӕртӕ зӕххыл ӕмбӕлдысты, ӕмӕ Йегъовӕ Египеты зӕххыл их ныууарын кодта.
24 Их уарыд ӕмӕ арв цӕхӕртӕ калдта. Ахӕм их рацыд, ӕмӕ, Египет куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзы ахӕм никуы уыд+.
25 Египеты зӕххыл ницыуал баззад. Их ныххоста, быдыры цыдӕриддӕр уыди, уый: адӕмы дӕр, фос дӕр, быдырты цыдӕриддӕр зад, уыдон дӕр, ӕмӕ ныссаста бӕлӕстӕ дӕр+.
26 Их нӕ уыди ӕрмӕстдӕр Гесемы, Израилы фырттӕ кӕм цардысты, уым+.
27 Фӕстагмӕ фараон арвыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ йӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сын загъта: «Ацы хатт тӕригъӕд ракодтон+. Йегъовӕ раст у+, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та стӕм аххосджын.
28 Скувут Йегъовӕмӕ, цӕмӕй арв мауал нӕра ӕмӕ их банцайа+. Уӕд уӕ ауадздзынӕн, нал уӕ уромдзынӕн».
29 Гъемӕ йын Моисей загъта: «Куыддӕр горӕтӕй ахизон, афтӕ мӕ къухтӕ Йегъовӕмӕ сдардзынӕн ӕмӕ йӕм скувдзынӕн+. Ӕмӕ арв йӕ нӕрынӕй банцайдзӕн ӕмӕ их нал уардзӕн, ӕмӕ йӕ базондзынӕ, зӕхх Йегъовӕйы кӕй у+.
30 Фӕлӕ йӕ ӕз зонын, ды уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕ Йегъовӕ Хуыцауӕй – нӕдӕр дӕхӕдӕг, нӕдӕр дӕ лӕггадгӕнджытӕ»+.
31 Гӕн ӕмӕ хъӕбӕрхоры хуымтӕ фесӕфтысты, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг хъӕбӕрхор ӕфсир ӕфтыдта, гӕн та дидинӕг калдта+.
32 Мӕнӕуы+ хуымтӕ* та аирвӕзтысты, уымӕн ӕмӕ мӕнӕу фӕстӕдӕр сцӕттӕ вӕййы.
33 Моисей та рацыди фараонӕй, ӕмӕ горӕтӕй куы ахызт, уӕд йӕ къухтӕ Йегъовӕмӕ сдардта ӕмӕ йӕм скуывта, ӕмӕ арв нал нӕрыд, их дӕр банцад, ӕмӕ къӕвда дӕр нал уарыд+.
34 Фараон уый куы федта, ӕмӕ къӕвда ӕмӕ их банцадысты, арв дӕр нал нӕры, уӕд та ногӕй тӕригъӕд ракодта: йӕ зӕрдӕ та ныддур кодта+ – йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр.
35 Ницы та бахъардта фараонмӕ ӕмӕ нӕ ауагъта Израилы фыртты – Йегъовӕ Моисейы уылты куыддӕриддӕр дзырдта, афтӕ+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «фараоны зӕрдӕмӕ». Кӕс 35 ст. дӕр.
^ Дзут. тексты дзырд цӕуы мӕнӕуы дыууӕ мыггагыл. Иу дзы ахӕм хорз мыггаг нӕу, сагътой йӕ рагон Египеты.