Псалом 94:1—23

94  О мастисӕг Хуыцау Йегъовӕ+,О мастисӕг Хуыцау, хурау ракӕс!+   Сыст, о зӕххы Тӕрхонгӕнӕг+.Цы ’мбӕлы, уый бакӕн сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн+.   Кӕдмӕ, о Йегъовӕ+,Кӕдмӕ цин кӕндзысты фыдгӕнджытӕ?+   Стыр ныхас кӕнынц, бауромӕн сын нӕй+.Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон сӕхицӕй ӕппӕлынц+.   О Йегъовӕ, дӕ адӕмы дын ссӕндынц+,Бынӕн кӕй равзӕрстай, уыдоны ӕфхӕрынц+.   Идӕдз устыты ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты цӕгъдынц+,Сидзӕрты марынц+.   Ӕмӕ дзурынц: «Йагъ ӕй нӕ уыны+,Иаковы Хуыцау нӕ зоны, цы цӕуы, уый»+.   Бамбарут, ӕнӕмбаргӕ адӕм+.Ӕмӕ сымах, ӕнӕзӕндтӕ, кӕд бамбардзыстут исты?+   Ау, адӕймагӕн хъустӕ чи радта, уый ницы хъусы?+Кӕнӕ, цӕстытӕ чи скодта, уый ницы уыны?+ 10  Ау, адӕмтӕн зонд чи амоны+Ӕмӕ адӕймагӕн зонындзинӕдтӕ чи дӕтты, уый уайдзӕф нӕ бакӕндзӕн?+ 11  Йегъовӕ зоны адӕймаджы хъуыдытӕ, зоны, комулӕфтӕй уӕлдай кӕй не сты+. 12  Амондджын у, о Йагъ, ды зонд кӕмӕн амоныс+Ӕмӕ дӕ закъоныл кӕй ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаг+, 13  Цӕмӕй йын удӕнцой раттай бӕллӕхы бон+,Цалынмӕ фыдгӕнӕгӕн дзыхъхъ къахт не ’рцӕуа, уӕдмӕ+. 14  Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы+Ӕмӕ йӕ бынтӕ нӕ ныууадздзӕн+. 15  Тӕрхоны уынаффӕтӕ та ногӕй уыдзысты раст+,Ӕмӕ рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон сӕ ӕххӕст кӕндзысты. 16  Чи рахӕцдзӕн мӕ сӕрыл, чи сыстдзӕн ӕвзӕргӕнджыты ныхмӕ?+Фыдгӕнджыты ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн мӕн тыххӕй?+ 17  Йегъовӕ мын куы не ’ххуыс кодтаид+,Уӕд афонмӕ мӕ* кой дӕр нал уаид+. 18  Куы-иу загътон: «Ныр мӕ къах фӕцуддзӕни»+,Уӕд мын де ’нувыд уарзт, о Йегъовӕ, хъарутӕ лӕвӕрдта+. 19  Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой+,Уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд+. 20  Ау, мӕнгард хицӕуттӕ,Закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ аразынвӕнд чи кӕны, уыдон де ’мбӕлттӕ уыдзысты?+ 21  Ӕгъатырӕй сӕхи ныццӕвынц рӕстгӕнӕджы удыл+Ӕмӕ ӕнаххосы фӕаххосджын кӕнынц, цӕмӕй йын йӕ туг ныккалой+. 22  Фӕлӕ Йегъовӕ уыдзӕн мӕ бӕрзонд хох+,Мӕ Хуыцау уыдзӕн ме ’мбӕхсӕн къӕдзӕх+. 23  Сӕ фыдвӕндтӕ сын сӕхирдӕм фӕкӕндзӕн+.Сӕ фыддзинад сын сӕхиуыл бафтаудзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уыдзысты+.Нӕ Хуыцау Йегъовӕ сын афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уыдзысты+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «мӕ уды»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.