Псалом 74:1—23
Маскил*. Асафы+ псалом.
74 О Хуыцау, ӕнустӕм нӕ цӕмӕн ныууагътай?+Дӕ маст цӕмӕн судзы, кӕй хизыс, уыцы фыстӕм?+
2 Ӕрхъуыды кӕн, раджы дӕхицӕн кӕй самал кодтай, уыцы ӕмбырд+,Дӕхицӕн кӕй балхӕдтай, бынӕн кӕй райстай, уыцы адӕмы*+Ӕмӕ ацы хох Сион – дӕ цӕрӕнбынат+.
3 Де ’ргом аздах ӕнусон хӕлддзӕгтӕм+.Знаг ницыуал ныууагъта сыгъдӕг бынаты+.
4 Де знӕгты хъӕр цӕуы де ’мбырдгӕнӕн бынаты астӕуӕй+.Уыдон ӕрсагътой сӕхи нысӕнттӕ+.
5 Уыдон зындгонд сты, сӕ фӕрӕт хӕрдмӕ кӕй сисынц ӕмӕ тархъӕды фӕндаг кӕй акӕнынц, уымӕй.
6 Ӕмӕ ныр кувӕндоны нывӕфтыд къултӕ иууылдӕр фӕрӕттӕй ӕмӕ ӕфсӕйнаг хъилтӕй хойынц+.
7 Дӕ кувӕндон дын арты хай бакодтой+.Дӕ ном чи хӕссы, уыцы цатырӕй фӕхынджылӕг кодтой, зӕххы йӕ ныссӕстой+.
8 Уыдон сӕ байзӕддӕгтимӕ сӕхинымӕр ӕмхуызонӕй загътой:«Ацы зӕххыл Хуыцауӕн цыдӕриддӕр ӕмбырдгӕнӕн бынӕттӕ ис, уыдон арты хай бауыдзысты»+.
9 Никуы уынӕм нӕ нысӕнттӕ. Иу пехуымпар дӕр нал ис+,Иу дӕр нӕ нӕ зоны, цас ма уыдзӕн афтӕ.
10 О Хуыцау, цас ма дӕ ӕфхӕрдзӕн фыдгул?+Знаг дын дӕ ном ӕнустӕм кӕндзӕн хынджылӕггаг?+
11 Дӕ къух, дӕ рахиз къух, дӕ дӕлармӕй куы райстай, хӕрдмӕ йӕ куы систай,Уӕд ӕй цӕмӕн уромыс?+ Ай мӕнӕ сӕфгӕ куы кӕнӕм!
12 Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцау у мӕ Паддзах раджы замантӕй фӕстӕмӕ+,Уый стыр ирвӕзындзинад дӕтты зӕххыл+.
13 Ды дӕ хъаруйӕ сызмӕлын кодтай денджыз+,Денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойтӕн доны мидӕг сӕ сӕртӕ ныппырх кодтай+.
14 Ды ныцъцъӕл кодтай левиафаны* сӕртӕ+.Ӕмӕ йӕ хӕрынӕн радтай адӕмӕн, ӕнӕдон бӕстӕйы чи цӕры, уыдонӕн+.
15 Ды суадонӕн бакодтай фӕндаг, ӕмӕ дон рагуылф кодта+.Ды бахус кодтай ӕнӕсысгӕ цӕугӕдӕттӕ+.
16 Бон дӕр дӕу у ӕмӕ ӕхсӕв дӕр+.Ды скодтай рухсгӕнӕн – хур+.
17 Ды сӕвӕрдтай зӕххы арӕнтӕ иууылдӕр+.Ды скодтай сӕрд дӕр ӕмӕ зымӕг дӕр+.
18 Ӕрхъуыды кӕн, о Йегъовӕ, знаг дӕ кӕй ӕфхӕры+Ӕмӕ дын ӕнӕзонд адӕм дӕ ном хынджылӕггаг кӕй кӕнынц+.
19 Де ’хсинӕджы уд хъӕддаг сырды амӕттаг ма фӕкӕн+.Дӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдоны цард ӕнустӕм ма ферох кӕн+.
20 Ӕрхъуыды кӕн дӕ бадзырд+,Уымӕн ӕмӕ зӕххыл цы талынг рӕттӕ ис, уыдон байдзаг сты тыхгӕнджыты бадӕнтӕй+.
21 Ма бауадз, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕймаг ӕгады бынаты уа+.Ӕфхӕрд адӕймаг ӕмӕ дын мӕгуыр адӕймаг дӕ ном скадджын кӕнӕнт+.
22 О Хуыцау, сыст ӕмӕ дӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг рӕстӕй равзар+.Ӕрхъуыды кӕн, ӕнӕзонд адӕймаг дӕ ӕнӕхъӕн бон куыд ӕфхӕрдта, уый+.
23 Ма ферох кӕн де знӕгты хъӕлӕс+.Дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ хъӕлӕба ӕдзух уӕларвмӕ хӕццӕ кӕны+.