Псалом 71:1—24

71  О Йегъовӕ, де уазӕг бакодтон мӕхи+.Ма бауадз, цӕмӕй фӕхудинаг уон+.   Дӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ мӕ ссӕрибар кӕн ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн+.Дӕ хъус мӕм ӕрдар ӕмӕ мын баххуыс кӕн+.   У мын къӕдзӕхыл ӕвӕрд фидар мӕсыг, мӕ бон алкӕддӕр кӕдӕм уа алидзын+.Бардзырд ратт, цӕмӕй мӕ фервӕзын кӕной+,Уымӕн ӕмӕ ды дӕ мӕ айнӕг къӕдзӕх ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг+.   О мӕ Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн фыдгӕнӕджы къухӕй+,Хӕрамӕй чи архайы ӕмӕ иннӕты чи ссӕнды, уый къухӕй+.   Ды дӕ мӕ ныфс+, о Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ*+.   Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, гуыбыны куы уыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ+.Ды мӕ ракодтай мӕ мады гуыбынӕй+.Дӕу кадджын кӕнын ӕдзухдӕр+.   Бирӕтӕ мӕм кӕсынц диссагмӕ кӕсӕгау+,Фӕлӕ ды дӕ мӕ фидар ӕмбӕхсӕн+.   Мӕ дзыхӕй дӕ кады кой йеддӕмӕ ницы цӕуы+,Ӕнӕхъӕн бон дзурын дӕ рӕсугъддзинадыл+.   Куы базӕронд уон, уӕд мӕ ма аппар+.Хъару мӕм куы нал уа, уӕд мӕ ма ныууадз+. 10  Ме знӕгтӕ мӕ кой кӕнынц+,Марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон уынаффӕ кӕнынц сӕ кӕрӕдзиимӕ+. 11  Уыдон дзурынц: «Хуыцау ӕй ныууагъта+.Асурут ӕй ӕмӕ йӕ ’рцахсут, уымӕн ӕмӕ йын ирвӕзынгӕнӕг нӕй»+. 12  О Хуыцау, дард ма лӕуу+.О мӕ Хуыцау, тагъддӕр мӕм фӕзын ӕххуысмӕ+. 13  Мӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон ныххудинаг уӕнт, сӕ кӕрон ӕрцӕуӕд+.Фыдбылыз ракӕнынмӕ мын чи хъавы, уыдон худинаг ӕмӕ ӕгаддзинады бын фӕуӕнт+. 14  Ӕз та алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн дӕумӕ+Ӕмӕ дын дӕ кад ноджы бӕрзонддӕр сисдзынӕн. 15  Ме ’взаг дзурдзӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй+,Цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый тыххӕй дзурдзынӕн ӕнӕхъӕн бон+,Уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын дӕр нӕ бауыдзӕн+. 16  Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ радзурдзынӕн де стыр хъомысы тыххӕй+, о Дунедарӕг+ Хуыцау Йегъовӕ.Ӕз дзурдзынӕн дӕ рӕстдзинады тыххӕй, ӕрмӕстдӕр дӕу рӕстдзинады тыххӕй+. 17  О Хуыцау, ды мӕ ахуыр кодтай мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ+,Ӕмӕ ныры онг дӕр дзурын дӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй+. 18  Ӕмӕ куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ, о Хуыцау, ма ныууадз+,Цӕмӕй дӕ цонджы хъаруйы тыххӕй радзурон иннӕ фӕлтӕрӕн+,Дӕ хъомысы тыххӕй – ӕрцӕуинаг чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 19  Дӕ рӕстдзинад, о Хуыцау, хӕццӕ кӕны бӕрзондмӕ+.Ды сарӕзтай стыр хъуыддӕгтӕ+,Ӕмӕ чи у дӕу хуызӕн, о Хуыцау?+ 20  Бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ мын бирӕ бӕллӕхтӕ фенын кодтай+,Ӕмӕ мӕ ногӕй уд бауадз+.Зӕххы арф дӕттӕй мӕ ногӕй сис+. 21  Бафтау мын мӕ кадыл+,Бахъахъхъӕн мӕ ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕн+. 22  Ӕмӕ дӕ ӕз кадджын кӕндзынӕн хъисфӕндырыл цӕгъдгӕйӕ+,Кадджын дын кӕндзынӕн дӕ рӕстдзинад*, о мӕ Хуыцау+.Дыууадӕстӕнон фӕндырыл дын цӕгъддзынӕн, о Израилы сыгъдӕг Хуыцау+. 23  Мӕ зӕрдӕ-иу куы зӕгъа дӕуӕн зарын, уӕд-иу ме ’взаг фырцинӕй ныззардзӕн+,Ныззардзӕн-иу мӕ уд дӕр, ды кӕй фервӕзын кодтай, уый+. 24  Мӕ дзыхӕй ӕнӕхъӕн бон цӕудзӕн дӕ рӕстдзинады кой+,Уымӕн ӕмӕ мын фыдбылыз ракӕнынмӕ чи хъавы, уыдон фӕхудинаг сты, сӕ худинаджы хъӕр айхъуыст+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ме ’рыгонӕй фӕстӕмӕ».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».