Псалом 60:1—12

Амонӕгӕн. Лили*, зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн. Михтам*. Давиды псалом. Иннӕты ахуыр кӕнынӕн+. Арам-Нагараим ӕмӕ Арам-Цовӕйы ӕфсӕдтимӕ куы хӕцыд, ӕмӕ Иоав куы раздӕхт ӕмӕ Цӕххы дӕлвӕзы едомӕгтӕй дыууадӕс мины куы ныццагъта, уӕд+. 60  О Хуыцау, дӕхицӕй нӕ аппӕрстай, нӕ рӕнхъытӕ нын батыдтай+,Смӕсты нӕм дӕ. Фӕстӕмӕ нӕ дӕ хорзӕхӕй схайджын кӕн+.   Зӕхх базмӕлын кодтай, дыууӕ дихы йӕ фӕкодтай+.Байгас ын кӕн йе скъуыдтӕ, уымӕн ӕмӕ банкъуысыд+.   Дӕ адӕмӕн зындзинӕдтӕ бавзарын кодтай+.Сӕн нын бадардтай, ӕмӕ нӕ къахыл нал лӕууӕм+.   Чи дӕ тӕрсы, уыдонӕн амонӕн сӕвӕрдтай+,Цӕмӕй алидзой ӕмӕ ӕрдынӕй аирвӕзой. (Села́)   Баххуыс нын кӕн дӕ рахиз къухӕй ӕмӕ нын дзуапп ратт+,Цӕмӕй, кӕй уарзыс, уыдон фервӕзой+.   Хуыцау, сыгъдӕг Хуыцау, загъта+:«Ӕз цин кӕндзынӕн. Сихем ратдзынӕн, кӕмӕн мӕ фӕнды, уымӕн+,Сокхофы дӕлвӕз дӕр, кӕмӕн мӕ фӕнды, уымӕн сбардзынӕн ӕмӕ йын ӕй ратдзынӕн+.   Галаад дӕр мӕн у ӕмӕ Манасси дӕр+.Ефрем у ме ’вӕрд сӕргълӕууӕджы фидар.Иудӕ мын у хицауы лӕдзӕг+.   Моав у мӕ къӕхтӕхсӕн аг*+.Едомыл фехсдзынӕн мӕ дзабыр+.Филистийыл фӕуӕлахиз уыдзынӕн ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕндзынӕн»+.   Чи мӕ бакӕндзӕн, знаг кӕуыл ӕртыхст, уыцы горӕтмӕ?+Чи мӕ фӕхӕццӕ кӕндзӕн Едоммӕ?+ 10  Дӕу йеддӕмӕ ничи, о Хуыцау – йӕхицӕй нӕ чи аппӕрста+Ӕмӕ не ’фсӕдтимӕ хӕстмӕ чи нӕ рацӕуы, уыцы Хуыцау+. 11  Фервӕзын нӕ кӕн тыхст уавӕрӕй+,Уымӕн ӕмӕ нӕ зӕххон адӕймаг нӕ фервӕзын кӕндзӕн+. 12  Хуыцау нын ратдзӕн хъару+,Уый йӕхӕдӕг ныссӕнддзӕн не знӕгты+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Пс 45:разн., фип.
Кӕс Пс 16:разн., фип.
Комк. «ӕхсӕн аг».