Псалом 17:1—15

Давиды куывд. 17  Раст цы у, уымӕ байхъус, о Йегъовӕ, фехъус мын мӕ дзыназын+.Мӕ куывдмӕ мын дӕ хъус ӕрдар, ме ’взагыл хиндзинад нӕй+.   Рӕстӕй мын стӕрхон кӕн+,Дӕ цӕстытӕ фенӕнт рӕстдзинад+.   Ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, ӕхсӕвыгон мӕ басгӕрстай+,Ссыгъдӕг мӕ кодтай. Ды фендзынӕ, мӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыди ӕвзӕр фӕнд+.Ӕз ме ’взагӕй тӕригъӕд нӕ ракӕндзынӕн+.   Адӕмы хъуыддӕгты тыххӕй куы зӕгъон,Уӕд ӕз дӕ дзыхы ныхасы фӕрцы мӕхи хъахъхъӕдтон абырджыты фӕндӕгтӕй+.   Сфидар уӕнт мӕ къахдзӕфтӕ дӕ фӕндӕгтыл+,Уӕд мӕ къах нӕ фӕцуддзӕн+.   Дӕумӕ сидын, о Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мын ды дзуапп ратдзынӕ+.Дӕ хъус мӕм ӕрдар. Фехъус мын мӕ ныхӕстӕ+.   Дӕ рахиз къухы+ ныхмӕ цӕуджытӕй чи лидзы, уыдон сӕхи де уазӕг кӕнынц.О сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, равдис де ’нувыд уарзт+ де стыр хъуыддӕгтӕй.   Цӕстыгагуыйау+ мӕ хъахъхъӕн,Дӕ базырты аууоны мӕ бамбӕхс+,   Чи мӕм лӕбуры, уыцы фыдгӕнджытӕй.Мӕ уды знӕгтӕ мыл алырдыгӕй ӕртыхстысты+. 10  Уыдон фиуӕй цъар сӕвӕрдтой+,Сӕ дзыхӕй цӕуы схъӕл ныхас+. 11  Кӕдӕмфӕнды ма акъахдзӕф кӕнӕм, алырдыгӕй ныл ӕртыхсынц+,Сӕ цӕстытӕ нӕ ныссагътой, цӕмӕй нӕ бабын кӕной+. 12  Алчидӕр сӕ у, йӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынмӕ гӕппӕввонгӕй чи лӕууы, ахӕм домбайы хуызӕн+,Йе ’мбӕхсӕн бынаты чи ӕрхуыссыд, ахӕм ӕвзонг домбайы хуызӕн. 13  Сыст, о Йегъовӕ, ӕрлӕуу йӕ ныхмӕ+,Йӕ зонгуытыл ӕй ӕрлӕууын кӕн. Дӕ хъамайы+ фӕрцы мын мӕ уд фыдгӕнӕгӕй фервӕзын кӕн. 14  Дӕ къухы фӕрцы мӕ адӕмӕй фервӕзын кӕн, о Йегъовӕ+,Ацы дунейы адӕмӕй+, сӕ мӕт ацы цард кӕмӕн у+,Сӕ хуылф дӕ хорздзинӕдтӕй кӕмӕн дзаг кӕныс+,Бирӕ фырттӕ+ кӕмӕн исӔмӕ сӕ сывӕллӕттӕн бынтӕ чи скӕны, уыдонӕй+. 15  Ӕз та рӕстӕй цӕргӕйӕ уындзынӕн дӕ цӕсгом+,Цин кӕндзынӕн, куы-иу райхъал уон ӕмӕ-иу дӕ куы фенон, уӕд+.

Фиппаинӕгтӕ