Псалом 149:1—9
149 Кадджын кӕнут Йагъы!+Зарут Йегъовӕйӕн ног зарӕг+,Кӕнут ын кады зарджытӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕмбырды+.
2 Израил цин кӕнӕд йе сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауыл+,Сионы фырттӕн сӕ Паддзах уӕд сӕ цин+.
3 Кафгӕйӕ йын кадджын кӕнут йӕ ном+.Зарут ын далайы ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъдмӕ+.
4 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад+.Сабыртыл рӕсугъд уӕлӕдарӕсау скӕны ирвӕзындзинад+.
5 Иузӕрдион ыл чи у, уыдон цин кӕнӕнт сӕ кадыл,Сӕ хуыссӕнты фырцинӕй зарӕнт+.
6 Сӕ дзыхӕй хъуысӕнт Хуыцауы кады зарджытӕ+,Сӕ къухы уӕд дыууӕкомон хъама+,
7 Цӕмӕй адӕмтӕй сӕ маст райсой+,Адӕмыхӕттыты бафхӕрой+,
8 Цӕмӕй сын сӕ паддзӕхты рӕхыстӕй сбӕттой+,Сӕ кадджын лӕгтыл сын ӕфсӕйнаг хъадамантӕ бакӕной,
9 Цӕмӕй сыл сӕххӕст кӕной фыст тӕрхон+.Уыцы кадӕй хайджын сты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр+.Кадджын кӕнут Йагъы!+