Псалом 146:1—10
146 Кадджын кӕнут Йагъы!+Кадджын кӕн Йегъовӕйы, о мӕ уд+.
2 Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн цӕрӕнбонты+.Зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ+.
3 Уӕ зӕрдӕ ма дарут кадджын лӕгтыл+,Адӕймаджы фыртыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу ирвӕзын кӕнын+.
4 Йӕ царды тых* рацӕуы+, ӕмӕ сыджытмӕ аздӕхы+.Уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр+.
5 Амондджын у уыцы адӕймаг, Иаковы Хуыцау йе ’ххуысгӕнӕг кӕмӕн у+,Йӕ ныфс йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи дары+.
6 Уый скодта арв ӕмӕ зӕхх+,Денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый+.Уый иузӕрдион у ӕнустӕм+.
7 Уый рахӕцы, кӕй сайынц, уыдоны сӕрыл+.Ӕххормаг чи у, уыдонӕн дӕтты хӕринаг+.Йегъовӕ ссӕрибар кӕны, ахст чи у, уыдоны+.
8 Йегъовӕ байгом кӕны куырмыты цӕстытӕ+.Йегъовӕ схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл+.Йегъовӕ уарзы рӕстгӕнджыты+.
9 Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты+.Ӕххуыс кӕны сидзӕртӕн ӕмӕ идӕдзтӕн+,Фыдгӕнджытӕн та сӕ фӕндаг+ ныззылынтӕ кӕны+.
10 Йегъовӕ паддзах уыдзӕн ӕнустӕм+.Дӕ Хуыцау, о Сион, паддзах уыдзӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ+.Кадджын кӕнут Йагъы!+
Фиппаинӕгтӕ
^ Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.