Псалом 13:1—6

Амонӕгӕн. Давиды зарӕг. 13  О Йегъовӕ, кӕдмӕ дӕ уыдзынӕн рох?+ Ӕнустӕм?+Кӕдмӕ мӕ ӕмбӕхсдзынӕ дӕ цӕсгом?+   Кӕдмӕ ма тох кӕндзӕн мӕ удӔмӕ мӕ бонтӕ хъыгзӕрдӕйӕ кӕдмӕ ӕрвитдзынӕн?Кӕдмӕ мыл уӕлахиз кӕндзӕн ме знаг?+   О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт.Мӕ цӕстыты цӕхӕр мын ссудз+, цӕмӕй ма амӕлон*+,   Цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн!»Цӕмӕй мӕ фыдгултӕ ма цин кӕной, кӕй фӕцудыдтон, ууыл+.   Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын де ’нувыд уарзтыл+.Уадз цин кӕнӕд мӕ зӕрдӕ, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, ууыл+.   Ӕз зардзынӕн Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ рӕвдыд дӕн йӕ хорздзинӕдтӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «мӕрдвынӕй ма бауон».