Псалом 116:1—19
116 Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы+Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ мӕ лӕгъстӕтӕ+.
2 Йӕ хъус мӕм ӕрдардта+,Ӕмӕ йӕм ӕз ӕххуысмӕ сиддзынӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ+.
3 Мӕлӕты бӕндӕнтӕ мыл ӕртыхстысты+.Къуындӕг уавӕрты бахаудтӕн, цыма ингӕны* уыдтӕн, афтӕ+.Ӕз бавзӕрстон бирӕ бӕллӕхтӕ ӕмӕ мӕстытӕ+.
4 Фӕлӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скуывтон+:«О Йегъовӕ, мӕ уд мын фервӕзын кӕн!»+
5 Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау+,Нӕ Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ+.
6 Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕвӕлтӕрдты+.Хъару мӕм нал баззад, ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта+.
7 Ӕрсабыр у, мӕ уд+,Уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ хорздзинад ракодта+.
8 Ды мын бахызтай мӕ уд мӕлӕтӕй+,Мӕ цӕстытӕ – цӕссыгӕй, мӕ къах мын фӕцудын нӕ бауагътай+.
9 Ӕз цӕудзынӕн+ Йегъовӕйы раз удӕгӕсты зӕххыл+.
10 Мӕнмӕ уыд уырнындзинад+, ӕмӕ дзырдтон+.Ӕз уыдтӕн тынг уынгӕджы.
11 Ӕмӕ мӕ фыртыхстӕй загътон+:«Алы адӕймаг дӕр у мӕнгард»+.
12 Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ+Цӕмӕй бафиддзынӕн?+
13 Стыр ирвӕзындзинады нуазӕн райсдзынӕн+Ӕмӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скувдзынӕн+.
14 Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн+,Сӕххӕст сӕ кӕндзынӕн йӕ адӕмы раз.
15 Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы*Йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты мӕлӕтмӕ+.
16 О Йегъовӕ+,Ӕз дӕн дӕ лӕггадгӕнӕг+.Ӕз дӕн дӕ лӕггадгӕнӕг, дӕ цагъар-сылгоймаджы фырт+.Ды мын райхӕлдтай мӕ бӕттӕнтӕ+.
17 Дӕуӕн ӕрхӕсдзынӕн арфӕйы нывонд+,Йегъовӕмӕ йӕ номӕй скувдзынӕн+.
18 Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн+,Сӕххӕст сӕ кӕндзынӕн йӕ адӕмы раз+,
19 Йегъовӕйы хӕдзары кӕртыты+,Дӕ астӕу, о Иерусалим+.Кадджын кӕнут Йагъы!+