Псалом 112:1—10
112 Кадджын кӕнут Йагъы!+
א [А́леф]Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы+,ב [Бет]Йӕ фӕдзӕхстытӕ+ стыр циндзинад кӕмӕн хӕссынц, уыцы адӕймаг+.
ג [Ги́мел]
2 Зӕххыл йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты тыхджын+.
ד [Да́лет]Рӕстзӕрдӕ адӕм уыдзысты арфӕгонд+.
ה [Хе]
3 Йӕ хӕдзары – хорздзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинад+.ו [Вав]Йӕ рӕстдзинад уыдзӕн ӕнустӕм+.
ז [За́йин]
4 Уый рӕстзӕрдӕ адӕмӕн рухсау ӕрттивы талынджы+.
ח [Хет]Уый у тӕригъӕдгӕнаг, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг+.
ט [Тет]
5 Хорз адӕймаг уый у, хӕларзӕрдӕ+ чи у ӕмӕ ӕфстау+ чи дӕтты.
י [Йод]Уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй+.
כ [Каф]
6 Уый никуы фӕцуддзӕн+.
ל [Ла́мед]Рӕстгӕнӕджы нӕ ферох кӕндзысты ӕнустӕм дӕр+.
מ [Мем]
7 Уый ӕвзӕр хабӕрттӕй нӕ фӕтӕрсдзӕн+.
נ [Нун]Йӕ зӕрдӕ у фидар+, Йегъовӕйӕ ныфсджын+.
ס [Са́мех]
8 Йӕ зӕрдӕ у ӕнӕфӕцудгӕ+, ницӕмӕй фӕтӕрсдзӕн+ע [А́йин]Ӕмӕ йе знӕгтӕм кӕсдзӕн сӕрыстырӕй+.
פ [Пе]
9 Уый дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕххуыс кӕны мӕгуыртӕн+.
צ [Ца́де]Йӕ рӕстдзинад уыдзӕн ӕнустӕм+.
ק [Коф]Йӕ сыкъа сбӕрзонд уыдзӕн, скадджын уыдзӕн+.
ר [Реш]
10 Фыдгӕнӕг уый фендзӕн ӕмӕ смӕсты уыдзӕн+.
ש [Шин]Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ атайдзӕн+.
ת [Тав]Фыдгӕнджытӕн сӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн+.