Псалом 105:1—45
105 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, кувут ӕм йӕ номӕй+,Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурут адӕмтӕн+.
2 Цӕгъдут ӕмӕ йын зарут+,Хъуыды кӕнут йе ’ппӕт диссаджы хъуыддӕгтыл+.
3 Сӕрыстыр ут йӕ сыгъдӕг номӕй+.Йегъовӕйы чи агуры, уыдоны зӕрдӕтӕ цин кӕнӕнт+.
4 Агурут Йегъовӕйы ӕмӕ дзы курут, цӕмӕй уын йӕ хъаруйӕ бахай кӕна+.Ӕдзухдӕр ын агурут йӕ хорзӕх*+.
5 Ма рох кӕнут, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон+,Йӕ диссӕгтӕ ӕмӕ, йӕ дзыхӕй чи рацыд, уыцы тӕрхӕттӕ+,
6 Сымах, йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамы байзӕддӕгтӕ+,Иаковы фырттӕ, кӕй равзӕрста, уыдон+.
7 Уый у нӕ Хуыцау Йегъовӕ+.Йӕ тӕрхӕттӕн тых ис ӕгас зӕххыл дӕр+.
8 Уый йӕ бадзырд йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕнустӕм+,Цы бафӕдзӕхста, уый – мин фӕлтӕры дӕр+.
9 Уыцы бадзырд скодта Авраамимӕ+Ӕмӕ расомы кодта Исахъӕн+.
10 Уыцы сомыйӕ скодта закъон Иаковӕн,Ӕнустӕм дзы скодта бадзырд Израилӕн+.
11 Уый загъта: «Дӕуӕн ратдзынӕн Ханааны зӕхх+ бынӕн,Уый уыдзӕн дӕ хай»+.
12 Уӕд гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыдысты+.О, тынг гыццыл, ӕмӕ уыцы зӕххыл уыдысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ+.
13 Цыдысты иу адӕмӕй иннӕмӕ+,Иу паддзахадӕй иннӕ адӕмыхатмӕ+.
14 Никӕй уагъта, цӕмӕй сӕ сайдтаиккой+,Фӕлӕ-иу уыдоны тыххӕй паддзӕхтӕн карзӕй загъта+:
15 «Ма мын бавналут мӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕм+,Мӕ пехуымпартӕн мын мацы ӕвзӕрдзинад ракӕнут»+.
16 Йӕ ныхасӕй зӕххыл скодта ӕххормаг заман+.Уый ныссаста, гуылтӕ* ауыгъд кӕуыл уыдысты, уыцы хъилтӕ иууылдӕр+.
17 Сӕ разӕй сын арвыста,Цагъарӕй кӕй ауӕй кодтой, уыцы адӕймаджы – Иосифы+.
18 Йӕ къӕхтӕ йын хъадамантӕй балхъывтой+,Йӕ уд ын ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй сбастой+.
19 Цалынмӕ, Йегъовӕ цы загъта, уый нӕ сӕххӕст+,Уӕдмӕ йӕ Йӕ ныхас сыгъдӕг кодта+.
20 Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй йӕ ссӕрибар кӕной+,Адӕмты хицау загъта, цӕмӕй йӕ рауадзой.
21 Сӕвӕрдта йӕ йӕ хӕдзаронтӕн хистӕрӕй+,Йе ’ппӕт исбонӕн – хицауӕй+.
22 Йӕ дӕлбар ын бакодта йӕ кънйӕзты+,Ӕмӕ зонд амыдта зӕронд лӕгтӕн+.
23 Ӕмӕ Израил ӕрцыд Египетмӕ+,Иаков Хамы зӕххыл уыд ӕрцӕуӕггаг+.
24 Хуыцау тынг сбирӕ кодта йӕ адӕмы+,Скодта сӕ се знӕгтӕй тыхджындӕр+.
25 Уый бауагъта, цӕмӕй се знӕгты зӕрдӕ фӕивтаид ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй се сӕфт федтаиккой+,Цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджытыл хинӕй цыдаиккой+.
26 Уый арвыста йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы+Ӕмӕ йе ’взӕрст лӕг Аароны+.
27 Уыдон равдыстой сӕ разы йӕ нысӕнттӕ+,Хамы зӕххыл равдыстой йӕ диссӕгтӕ+.
28 Уый рауагъта талынг, ӕмӕ бӕстӕ саудалынг баци+.Уыдон йӕ ныхӕсты ныхмӕ нӕ рацыдысты+.
29 Сӕ дӕттӕ сын туг фестын кодта+,Ӕмӕ сын сӕ кӕсӕгты ныццагъта+.
30 Сӕ бӕстӕ хӕфсытӕй байдзаг+,Байдзаг сӕ сты сӕ паддзӕхты рӕбинаг уӕттӕ дӕр.
31 Уый загъта, цӕмӕй фӕзындаиккой хӕцаг бындзытӕ+Ӕмӕ къогъотӕ сӕ бӕстӕйы алкуы дӕр+.
32 Къӕвдайы бӕсты сыл ныккалдта их+,Судзгӕ цӕхӕртӕ сын рауагъта сӕ зӕххыл+.
33 Ныххоста сын сӕ сӕнӕфсир ӕмӕ сӕ легъуибӕлӕстӕ,Сӕ бӕстӕйы цыдӕриддӕр бӕлӕстӕ уыд, уыдон сын ныцъцъӕл кодта+.
34 Загъта, цӕмӕй рацыдаиккой мӕтыхтӕ+,Ӕнӕнымӕц мӕтыхтӕ*+.
35 Ӕмӕ сӕ зӕххыл цыдӕриддӕр зад, уый бахордтой+,Бахордтой сын сӕ зӕххы тыллӕг дӕр иууылдӕр.
36 Ныццагъта сын сӕ фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр+ –Сӕ лӕджы хъаруйы райдиан+.
37 Йӕ адӕмы ракодта ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринимӕ+.Йӕ мыггӕгты ’хсӕн нӕ уыди, чи фӕцудыдта, ахӕм адӕймаг.
38 Куы рацыдысты, уӕд Египет цин кодта,Уымӕн ӕмӕ сӕ стыр тас бауагътой+.
39 Мигъ айтыгъта ӕмбӕрзӕнау+Ӕмӕ радта арт, цӕмӕй ӕхсӕвы рухс кодтаид+.
40 Куырдтой дзы дзидза, ӕмӕ сын уӕрццытӕ радта+,Ӕфсӕста сӕ уӕларвон дзулӕй+.
41 Фегом кодта къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон ракалд+,Цӕугӕдонау агуылф кодта ӕнӕдон рӕттӕм+.
42 Уымӕй рох нӕ уыд йӕ сыгъдӕг ныхас, йӕ лӕггадгӕнӕг Авраамӕн кӕй загъта, уыцы ныхас+.
43 Уымӕ гӕсгӕ ракодта йӕ адӕмы, ӕмӕ цин кодтой+,Йе ’взӕрст адӕм фырцинӕй зарыдысты+.
44 Иу иннӕйы фӕдыл сын радта адӕмты зӕххытӕ+,Ӕмӕ-иу адӕмыхӕттыты фӕллой сӕхи бакодтой+,
45 Цӕмӕй йын йӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцыдаиккой+Ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кодтаиккой+.Кадджын кӕнут Йагъы!+