Михей 5:1—15

5  «Ныр та дӕхи ныллыгтӕ кӕн+, кӕмӕ бырсынц, уыцы горӕт. Знаг ныл ӕртыхст+. Израилы тӕрхонгӕнӕджы русыл лӕдзӕгӕй балӕудзысты+.  Ды дӕр, Вифлеем Ефрафӕ+, ӕгӕр гыццыл дӕ, цӕмӕй Иудӕйы минты ’хсӕн уай+. Дӕуӕй+ рацӕудзӕн, Израилы мӕ номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау+ – раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый+.  Уӕдӕ уал сӕ Хуыцау ныууадздзӕн+, цалынмӕ арӕг сылгоймаг нӕ ныййара, уӕдмӕ+. Йӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ та Израилы фырттӕм ӕрыздӕхдзысты.  Уый сыстдзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Йегъовӕйы хъаруйӕ+, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы стыр номы кадимӕ+. Ӕмӕ уыдон ӕдасӕй цӕрдзысты+, уымӕн ӕмӕ уӕд йӕ кад нӕрдзӕн ӕгас зӕххыл+.  Уый ӕрхӕсдзӕн фарн+. Ӕмӕ ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ куы ’рбацӕуой ӕмӕ нын нӕ цӕрӕн мӕсгуытыл куы балӕгӕрдой+, уӕд сын сӕ ныхмӕ ракӕндзыстӕм авд фыййауы, аст кънйазы адӕмы ’хсӕнӕй.  Ӕмӕ уыдон Ассирийы бӕстӕ ӕмӕ Нимроды+ зӕхх йӕ бахизӕнты хъамайӕ бафхӕрдзысты*+. Ӕмӕ ассириӕгтӕ+ нӕ бӕстӕмӕ куы ’рбацӕуой, нӕ зӕххыл нын куы лӕгӕрдой, уӕд нӕ уый фервӕзын кӕндзӕн.  Иаковы байзӕддӕгтӕй ма чи баззайа+, уыдон бирӕ адӕмты ’хсӕн уыдзысты, Йегъовӕйӕ цы ӕртӕх ӕрцӕуы, уый хуызӕн+ ӕмӕ, кӕрдӕг донӕй чи бафсады, уыцы тӕрккъӕвдаты хуызӕн+ – сӕ ныфс адӕймаг кӕмӕн нӕу ӕмӕ зӕххон адӕймаджы фырттӕм чи не ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны хуызӕн+.  Иаковы байзӕддӕгтӕй ма чи баззайа, уыдон адӕмты ’хсӕн, бирӕ адӕмты ’хсӕн уыдзысты, домбай хъӕды сырдты ’хсӕн куыд вӕййы, тыхджын домбай фысты дзугты ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ – се ’хсӕнты куы ацӕуы, уӕд сӕ йӕ къӕхты бын ныссӕнды ӕмӕ сӕ акъабӕзтӕ кӕны+, ӕмӕ сӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕ вӕййы.  Ды дӕ къух де знӕгты сӕрмӕ бӕрзонд сисдзынӕ+, ӕмӕ де знӕгтӕ иууылдӕр фӕцагъды уыдзысты»+. 10  «Уыцы бон дын ӕз,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ бӕхты фесафдзынӕн ӕмӕ дын дӕ бӕхуӕрдӕттӕ ныссӕтдзынӕн+. 11  Уӕ зӕххыл цы горӕттӕ ис, уыдон фесафдзынӕн ӕмӕ уын уӕ фидаргонд горӕттӕ иууылдӕр ныппырх кӕндзынӕн+. 12  Дӕ хинтӕ дын дӕ къухӕй стондзынӕн, ӕмӕ дӕм кӕлӕнгӕнджытӕ нал уыдзӕн+. 13  Дӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ ӕмӕ дын дӕ кувӕн дуртӕ фесафдзынӕн, ӕмӕ, дӕ къухтӕй цы скодтай, уыдӕтты раз дӕ зонгуытыл нал хаудзынӕ+. 14  Дӕ кувӕн цӕджындзтӕй+ дын иу дӕр нал ныууадздзынӕн ӕмӕ дын дӕ горӕттӕ ныппырх кӕндзынӕн. 15  Ӕз мӕ фыдӕх ныккалдзынӕн, мӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыцы адӕмтыл ӕмӕ сӕ мӕ маст райсдзынӕн»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хиздзысты».