Матфейы 21:1—46

21  Иерусалиммӕ куы ӕрбаввахс сты ӕмӕ Оливӕбӕлӕсты хохыл Виффагимӕ куы схӕццӕ сты, уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста+  ӕмӕ сын загъта: «Дӕлӕ разӕй цы хъӕу уынут, уырдӕм ацӕут. Уым ссардзыстут хӕрӕг йӕ къӕлӕуимӕ бастӕй. Суӕгъд-иу сӕ кӕнут ӕмӕ-иу сӕ ардӕм ӕрбакӕнут+.  Исчи уӕм исты куы дзура, уӕд-иу ын зӕгъут, Хицауы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ уайтагъд рауадздзӕн».  Ацы хабар ӕрцыд, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпар цы загъта, уый:  «Зӕгъут Сионы чызгӕн: „Мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг+ Паддзах фӕцӕуы+ хӕрӕгыл, о, къӕлӕуыл – уаргъхӕссӕг цӕрӕгойы лӕппыныл“»+.  Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ сын Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой.  Хӕрӕг ӕмӕ йӕм къӕлӕуы ӕрбакодтой, сӕвӕрдтой сыл се ’ддаг дарӕс, ӕмӕ Йесо къӕлӕуыл сбадт+.  Адӕмӕн сӕ фылдӕр се ’ддаг дарӕс фӕндагыл тыдтой+, иннӕтӕ та бӕлӕсты къалиутӕ састой ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ ӕппӕрстой+.  Йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон та хъӕр кодтой: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын кӕн+ Давиды Фырты!+ Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!+ О бӕрзондылбадӕг Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн!»+ 10  Иерусалиммӕ куы бацыд+, уӕд горӕт ӕгасӕй дӕр ӕмызмӕлд сси, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи фарстой: «Чи у ацы адӕймаг?» 11  Ӕмӕ дзырдтой: «Уый у пехуымпар+ Йесо галилейаг горӕт Назаретӕй!» 12  Йесо бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ дзы уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ+. 13  Ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ фыст у: „Мӕ хӕдзар мын хондзысты кувӕн хӕдзар“+, сымах та дзы абырджыты лӕгӕт аразут»+. 14  Уым, кувӕндоны, Йесомӕ цыдысты куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодта. 15  Цы диссӕгтӕ аразы, уый сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ куы федтой+, стӕй кувӕндоны гыццыл лӕппутӕ куыд хъӕр кӕнынц, о Хуыцау, фервӕзын кӕн+ Давиды Фырты+, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд тынг смӕсты сты 16  ӕмӕ йын загътой: «Цы дзурынц, уый нӕ хъусыс?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын. Ау, никуы бакастыстут+ ахӕм ныхӕстӕ: „Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ дӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ кадджын кӕнынц“?»+ 17  Уыйадыл сӕ ныууагъта, горӕтӕй рацыди ӕмӕ ацыд Вифанимӕ, ӕмӕ ӕхсӕвы уым баззад+. 18  Райсомӕй раджы фӕстӕмӕ горӕтмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд сӕххормаг+. 19  Иу ран фӕндаггӕрон ауыдта легъуибӕлас, хӕстӕг ӕм бацыди, фӕлӕ йыл сыфтӕр йеддӕмӕ куы ницы ссардта+, уӕд ын загъта: «Дыргъ дыл макуыуал ӕрзайӕд»+. Ӕмӕ легъуибӕлас ӕвиппайды бахус. 20  Уый фенгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дисы бацыдысты: «Легъуибӕлас афтӕ ӕвиппайды куыд бахус?»+ 21  Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕнат+, уӕд, ӕз ацы легъуибӕласӕн цы сарӕзтон, канд уый нӕ сараздзыстут, фӕлӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат, сыст ӕмӕ дӕхи уӕртӕ денджызы баппар, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ бакӕндзӕн+. 22  Уырнындзинад уӕм уӕд, ӕндӕр Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурат,– сӕххӕст уын кӕндзӕн уӕ курдиат»+. 23  Кувӕндонмӕ куы бацыд ӕмӕ уым адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд ӕм бацыдысты сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ йӕ бафарстой+: «Кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта?»+ 24  Йесо та сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Кӕд мын дзуапп раттат, уӕд уын ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, кӕцӕй мӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар+. 25  Иоанмӕ донаргъуыд дӕттыны бар кӕцӕй уыд? Уӕларвӕй, ӕви йын ӕй адӕм радтой?»+ Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут+, зӕгъгӕ. 26  Афтӕ куы зӕгъӕм: „Адӕм ын радтой уыцы бар“, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у+, уымӕн ӕмӕ Иоанны иууылдӕр пехуымпарыл нымайынц»+. 27  Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп радтой: «Нӕ йӕ зонӕм». Ӕмӕ сын уӕд уый дӕр загъта: «Гъемӕ уын ӕй ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар мӕм кӕцӕй ис+. 28  Цы зӕгъдзыстут ай тыххӕй та? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты+. Уыцы лӕг йӕ фырттӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хъӕбул, ацу ӕмӕ абон сӕнӕфсирдоны бакус“. 29  Уый йын загъта: „Цӕуын, мӕ фыд“+, фӕлӕ нӕ ацыд. 30  Бацыд иннӕ фыртмӕ дӕр, ӕмӕ уымӕн дӕр афтӕ загъта. Уый та йын загъта: „Нӕ ацӕудзынӕн“, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт+, ӕмӕ ацыди. 31  Уӕдӕ дыууӕ фыртӕй йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?»+ Уыдон ын загътой: «Дыккаг». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадмӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ уӕ разӕй бацӕудзысты, 32  уымӕн ӕмӕ уӕм Иоанн ӕрцыд ӕмӕ уын рӕстдзинады фӕндаг амыдта+, фӕлӕ йыл сымах нӕ баууӕндыдыстут+. Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ та йыл баууӕндыдысты+. Ӕмӕ кӕд сымах уый федтат, уӕддӕр уӕ зӕрдӕ уӕхиуыл не ’рхудт ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут. 33  Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ дӕр. Иу лӕг+ скодта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕндуцӕн ӕмӕ дзы сарӕзта мӕсыг дӕр+. Уый фӕстӕ сӕнӕфсирдон радта ӕххуырст кусджытӕм, йӕхӕдӕг та ацыди ӕндӕр бӕстӕм+. 34  Сӕнӕфсир тоныны афон куы ’рцыд, уӕд йӕ цагъарты арвыста сӕнӕфсирдоны кусджытӕм йӕ сӕнӕфсир райсынмӕ. 35  Фӕлӕ йын кусджытӕ йӕ цагъарты ӕрцахстой, ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй фӕхостой+. 36  Арвыста та сӕм ӕндӕр цагъарты дӕр – фыццӕгтӕй ноджы фылдӕр,– фӕлӕ та уыдонӕн дӕр ахӕм митӕ бакодтой+. 37  Ӕппынфӕстаг сӕм арвыста йӕ фырты, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ. 38  Фӕлӕ йын кусджытӕ йӕ фырты куы ауыдтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай бындар у+. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсирдон нӕхи бакӕнӕм!+ 39  Гъемӕ йӕ ӕрцахстой, сӕнӕфсирдонӕй йӕ раппӕрстой ӕмӕ йӕ амардтой+. 40  Уӕдӕ ныр сӕнӕфсирдоны хицау куы ’рцӕуа, уӕд уыцы кусджытӕн цы бакӕндзӕни?» 41  Уыдон ын дзуапп радтой: «Фыдгӕнджытӕ сты, ӕмӕ сӕ фыдмард акӕндзӕн+. Сӕнӕфсирдон та ратдзӕн, йӕ сӕнӕфсир ын афоныл чи дӕтта, ахӕм кусджытӕм»+. 42  Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Фыстад зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой+, уый сси фисыны сӕйраг дур+. Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“. Никуы бакастыстут уыцы ныхӕстӕ? 43  Гъе уымӕн уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна*, уыцы адӕмӕн+. 44  Ӕмӕ уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн. Дур йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн»+. 45  Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ йын фарисейтӕ йӕ фӕсномыг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕй бамбӕрстой, сӕ кой кӕй кодта+. 46  Ӕмӕ йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм нымадтой пехуымпарыл+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «паддзахады дыргъ чи хӕсса».