Колоссӕгтӕм 1:1—29
1 Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ Йесо Чырыстийы апостол, не ’фсымӕр Тимофеимӕ+
2 фыссы, Колоссты Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.
Нӕ Фыд Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.
3 Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм+, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм+ Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн,
4 уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Йесо Чырыстийыл куыд тынг ӕууӕндут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты+ дӕр куыд тынг уарзут, уый тыххӕй.
5 Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ уӕ ныфс+ ис, Хуыцау уын уӕлӕрвты+ цы ӕрцӕттӕ кодта, уый кӕй райсдзыстут. Уыцы ныфсы тыххӕй сымах базыдтат, рӕстдзинад*, ома хорз хабар, куы фехъуыстат, уӕд+.
6 Уыцы хорз хабар ӕрхӕццӕ сымахмӕ. Ӕмӕ ӕгас дунейы+ куыд хӕссы дыргъ+ ӕмӕ куыд парахат кӕны+, афтӕ дыргъ хӕссы ӕмӕ парахат кӕны сымахмӕ дӕр, Хуыцауы стыр хорзӕхы+ тыххӕй цы бон фехъуыстат ӕмӕ, уыцы хорзӕх ӕцӕгӕй цы у, уый бӕлвырдӕй цы бон базыдтат+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ.
7 Гъе уыцы стыр хорзӕхы тыххӕй базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Епафрасӕй+. Уый у Чырыстийы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ уын лӕггад кӕны мах бӕсты.
8 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕм цы уарзондзинад+ ис, уый тыххӕй дӕр нын уый радзырдта.
9 Уӕ уарзондзинад ӕмӕ уын уӕ уырнындзинады тыххӕй цы бон фехъуыстам, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ дӕр уымӕн кувӕм+, ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй йын йӕ фӕндон бӕлвырдӕй зонат+ ӕмӕ уӕм уа ӕппӕт зонд+ ӕмӕ, сыгъдӕг тых цы ӕмбарындзинад+ дӕтты, уый.
10 Уӕд цӕрдзыстут, Йегъовӕйы+ раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ+ ӕмӕ йын алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстут. Стӕй уын бирӕ ӕнтысдзӕн алы хорз хъуыддаджы+ дӕр ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый хуыздӕрӕй-хуыздӕр зондзыстут+.
11 Стыр тыхы хицау чи у+, уыцы Хуыцау уын уыйбӕрц хъару раттӕд, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууат+,
12 стӕй арфӕ кӕнат нӕ уӕларвон Фыдӕн, рухсы+ чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕн+ цы бынтӕ ӕрцӕттӕ кодта+, уыдонӕй уӕ хай райсыны аккаг чи скодта, уымӕн.
13 Уый нӕ фервӕзын кодта, талынджы бар ныл нал цӕуы+, ӕмӕ нӕ бакодта*+ йӕ уарзон+ Фырты паддзахадмӕ+.
14 Йӕ Фырт нӕ кӕй балхӕдта*, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм, ома нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты+.
15 Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй+, уыцы Хуыцауы хуызӕн+, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг*+,
16 уымӕн ӕмӕ, уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй+: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр; цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕ дӕр – паддзахбадӕнтӕ уой, сӕргълӕуджытӕ, хицауӕдтӕ ӕви хицаудзинӕдтӕ+. О, ӕппӕт дӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй+ ӕмӕ уымӕн.
17 Уый уыди ӕппӕтӕй дӕр раздӕр+, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр уый ӕххуысӕй сфӕлдыста+,
18 ӕмӕ уый у буары сӕр, ома ӕмбырды+ сӕр дӕр. Уый у райдиан, мӕрдтӕй фыццаг уый райгас+, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр уый у фыццаг+,
19 уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Фырты мидӕг уой йӕ миниуджытӕ иууылдӕр+
20 ӕмӕ цӕмӕй йӕ Фырты фӕрцы йӕхиимӕ бафидауын кӕна+ алкӕй дӕр+ – зӕххыл чи ис, уыдон уой ӕви, уӕлӕрвты чи ис, уыдон. Фидауын та сӕ кӕны+, йӕ Фырт хъизӕмӕртты хъӕдыл+ цы туг+ ныккалдта, уый фӕрцы.
21 О, кӕддӕр сымах Хуыцауӕй уыдыстут дард+ ӕмӕ уыдыстут йе знӕгтӕ, уӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй уыдысты+, уымӕ гӕсгӕ.
22 Фӕлӕ уӕ ныр йӕхиимӕ бафидауын кодта+, чи амард, уымӕн йӕ зӕххон буары фӕрцы+, цӕмӕй уӕ йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй+ ӕмӕ ӕнӕфауӕй+ ӕрлӕууын кӕна.
23 Ӕрмӕст хъуамӕ фидар лӕууат уырнындзинады+: хъуамӕ йӕ бындурыл+ ныффидар уат ӕмӕ уат ӕнӕфӕцудгӕ+, стӕй ма адзӕгъӕл уат, цы хорз хабар фехъуыстат+, уый фӕрцы уын цы ныфс фӕзынд, уымӕй. Уыцы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд+ арвы бын ӕппӕт адӕмӕн+ дӕр. Ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн уыцы хорз хабар хъусынгӕнӕг+.
24 Ӕз цин кӕнын, сымах тыххӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын+, уыдоныл, ӕмӕ йӕ ӕмбарын, мӕ буары мидӕг мӕ Чырыстийы тыххӕй цас фӕхъизӕмар кӕнын хъӕуы, нырма уыйбӕрц кӕй нӕ фӕхъизӕмар кодтон йӕ буары тыххӕй+, ома ӕмбырды+ тыххӕй.
25 Ӕз уыцы ӕмбырдӕн лӕггадгӕнӕг+ сдӕн, Хуыцау мын сымах тыххӕй мӕ бар+ цы бакодта, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй кӕронмӕ фехъусын кӕнон Хуыцауы ныхас –
26 ивгъуыд заманты+ ӕмӕ раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом чи нӕ уыд, уыцы сусӕгдзинад*+. Фӕлӕ йӕ ныр раргом кодта+ йӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕн.
27 Хуыцауы бафӕндыд уыцы сусӕгдзинады+ диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ+ иннӕ адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад у, Чырысти+ сымахимӕ иудзинады кӕй ис ӕмӕ, сымах дӕр йемӕ кӕй скадджын уыдзыстут, уыцы ныфс уӕ кӕй ис, уый+.
28 Ӕмӕ хъусын дӕр Чырыстийы тыххӕй кӕнӕм+, алкӕмӕн дӕр амонӕм ӕмӕ, зондӕй архайгӕйӕ+, алкӕй дӕр ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаджы дӕр Хуыцауы раз ӕрлӕууын кӕнӕм Чырыстийы фӕлтӕрд*+ фӕдылдзӕуӕгӕй.
29 Гъе уый тыххӕй фыдӕбон кӕнын ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайын+, цы тыхӕй+ мӕ фидар кӕны+, уый руаджы.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
^ Комк. «рахаста».
^ Комк. «ахӕсты аргъ кӕй бафыста».
^ Комк. «фыццаггуырд».
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинад». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.
^ Кӕнӕ «ӕххӕст; ӕнӕхъӕн».