Есфир 6:1—14

6  Уыцы ӕхсӕв паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъд+. Гъемӕ азфыстыты чиныг+ ӕрбахӕссын кодта, ӕмӕ йӕ паддзахӕн кӕсын райдыдтой.  Чиныджы фыст уыд, Мардохей кӕй фӕхабар кодта+, паддзах Ахашверошы марынвӕнд чи скодта, уыцы дыууӕ фӕсдзӕуины+ тыххӕй, дуаргӕстӕ Бигфан ӕмӕ Терешы тыххӕй.  Уӕд паддзах бафарста: «Уый тыххӕй Мардохейӕн исты кад скодтой ӕмӕ йын исты хӕрзиуӕг радтой?» Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ дзуапп радтой: «Ӕппындӕр ницы»+.  Ӕмӕ уӕд паддзах бафарста: «Кӕрты ныртӕккӕ чи ис?» Уыцы рӕстӕг паддзахы хӕдзары ӕддаг кӕрты+ уыди Аман – паддзахмӕ ӕрбацыд, цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзын кодтаид, цы хъӕд+ ын ӕрцӕттӕ кодта, ууыл.  Ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ паддзахӕн загътой: «Аман+ лӕууы кӕрты». Паддзах загъта: «Мидӕмӕ рацӕуӕд».  Аман мидӕмӕ куы бацыд, уӕд ӕй паддзах бафарста: «Паддзахы искӕмӕн скад кӕнын куы бафӕнда, уӕд уыцы адӕймагӕн цы хъуамӕ сараза?»+ Аман ахъуыды кодта: «Мӕн йеддӕмӕ ма кӕмӕн хъуамӕ скад кӕна паддзах?»+  Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Паддзахы искӕмӕн скад кӕнын куы бафӕнда, уӕд уыцы адӕймагӕн  ӕрбахӕссӕнт паддзахы уӕлӕдарӕс+, паддзахӕн йӕхи уӕлӕ чи вӕййы, уый. Стӕй йын ракӕнӕнт, паддзах кӕуыл фӕбады ӕмӕ йӕ сӕрыл паддзахы худ кӕмӕн вӕййы, уыцы бӕхы+.  Уӕлӕдарӕс ӕмӕ бӕхы раттӕнт паддзахы кадджындӕр кънйӕзтӕй сӕ иумӕ+. Ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ уыцы уӕлӕдарӕс скӕнӕнт, паддзахы скад кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыцы адӕймагыл, стӕй йӕ бӕхыл сбадын кӕнӕнт ӕмӕ йӕ горӕты+ фӕзыл+ ӕрзилын кӕнӕнт. Сӕхӕдӕг та йӕ разӕй цӕуӕнт ӕмӕ хъӕрӕй дзурӕнт: „Афтӕ бакӕнынц, паддзахы скад кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыцы адӕймагӕн!“»+ 10  Уӕд паддзах Аманӕн загъта: «Рӕвдздӕр, дарӕс райс, бӕхы ракӕн ӕмӕ, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн дзуттаг Мардохейӕн, паддзахы кулдуары раз чи фӕбады, уымӕн. Цы загътай, уыдӕттӕй дӕ мацы ферох уӕд»+. 11  Аман дӕр дарӕс райста+, бӕхы ракодта, дарӕс Мардохейыл скодта+, стӕй йӕ бӕхыл сбадын кодта ӕмӕ йӕ горӕты фӕзыл ӕрзилын кодта+, йӕхӕдӕг та йӕ разӕй цыд ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта+: «Афтӕ бакӕнынц, паддзахы скад кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыцы адӕймагӕн!»+. 12  Уый фӕстӕ Мардохей паддзахы кулдуары размӕ ӕрбаздӕхт+. Аман та йӕ сӕр бамбӕрзта ӕмӕ зӕрдӕсастӕй йӕ хӕдзармӕ атагъд кодта+. 13  Ӕмӕ йыл цы ’рцыд, уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ ус Зерешӕн+ ӕмӕ йе ’рдхӕрдтӕн радзырдта. Ӕмӕ йын уӕд йӕ зондджынтӕ+ ӕмӕ йӕ ус Зереш загътой: «Кӕй разы фӕцудыдтай, уыцы Мардохей кӕд дзуттаг у, уӕд ыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ, фӕлӕ де сӕфт ӕрцӕудзӕн»+. 14  Аманимӕ ныхас нӕма фесты, афтӕ паддзахы фӕсдзӕуинтӕ ӕрбахӕццӕ сты+ ӕмӕ Аманы акодтой, Есфир цы куывд скодта, уырдӕм+.

Фиппаинӕгтӕ