Екклесиаст 2:1—26
2 Ӕз мӕхицӕн загътон+: «Цӕй, бавзарон, цы у циндзинад+. Царды хорздзинӕдтӕ фенон»+. Ӕмӕ бамбӕрстон: уый дӕр у дзӕгъӕлы.
2 Худынӕй загътон: «Уый у ӕнӕзонддзинад!»+ Ӕмӕ циндзинадӕй+: «Цы пайда у?»
3 Ӕз арф хъуыды кодтон, ӕдылыдзинад цы у, ууыл, мӕхи сӕнӕй хъӕлдзӕг кӕнгӕйӕ+, фӕлӕ уӕддӕр архайдтон зондӕй+. Хъуыды та йыл уый тыххӕй кодтон, цӕмӕй бамбӕрстаин, адӕймаджы фырттӕ арвы бын цӕрӕнбонты цытӕ аразынц, уым хорзӕй цы ис+.
4 Ӕз сарӕзтон стыр хъуыддӕгтӕ+. Мӕхицӕн сарӕзтон хӕдзӕрттӕ+, скодтон сӕнӕфсирдӕттӕ+.
5 Скодтон дыргъдӕттӕ ӕмӕ парктӕ+ ӕмӕ дзы ныссагътон алыхуызон дыргъбӕлӕстӕ.
6 Мӕхицӕн скодтон доны цадтӕ+, цӕмӕй, мӕ хъӕды цы бӕлӕстӕ ис сагъд, уыдон донӕй ӕфсадон+.
7 Мӕхицӕн скодтон лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕ+. Уыди мӕм, мӕ хӕдзары чи райгуырд, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ дӕр+. Уыйбӕрц фос, уыйбӕрц фыстӕ ӕмӕ стуртӕ скодтон, ӕмӕ, Иерусалимы мӕ размӕ чи уыди, уыдонӕй уыйбӕрц никӕмӕ уыд+.
8 Мӕхицӕн ӕрӕмбырд кодтон бирӕ ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин+, стӕй алы диссӕгтӕ паддзӕхтӕй ӕмӕ мӕ дӕлбар зӕххытӕй+. Уыди мӕм зарӕггӕнджытӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ+, стӕй бирӕ рӕсугъд сылгоймӕгтӕ+ – адӕймаджы фырттӕн тынг ӕхсызгон+ цы у, уый.
9 Иерусалимы мӕ размӕ чи уыди, уыдонӕй мӕнӕй кадджындӕр ӕмӕ мӕнӕй хъӕздыгдӕр нӕ уыд+. Уыимӕ мӕ зонд дӕр уыди ме ’мбал+.
10 Мӕ цӕст цӕмӕфӕнды ма бабӕллыдаид,– ницы йын хӕлӕг кодтон+. Мӕ зӕрдӕйӕн циндзинадӕй ницы ӕвгъау кодтон, уымӕн ӕмӕ цин кодтон мӕ фыдӕбоныл+. Уый мын уыди лӕвар ме ’ппӕт фыдӕбӕтты тыххӕй+.
11 Ӕмӕ акастӕн, мӕ къухтӕ цы сарӕзтой ӕмӕ уӕззау фыдӕбон цӕуыл фӕкодтон, ӕппӕт уыдӕттӕм+, ӕмӕ бамбӕрстон: ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау+, ӕмӕ хуры бын ницӕмӕй ис пайда+.
12 Ӕмӕ акастӕн, цӕмӕй базыдтаин зонд+, ӕнӕзонддзинад ӕмӕ ӕдылыдзинад+, ӕмӕ ахъуыды кодтон: цы сараздзӕни, паддзахы фӕстӕ чи ’рцӕуа, уыцы адӕймаг? Адӕм ныры онг цы сарӕзтой, уымӕй уӕлдай ницы.
13 Ӕмӕ йӕ бамбӕрстон: зонд хуыздӕр у ӕдылыдзинадӕй+, рухс талынгӕй хуыздӕр куыд у, афтӕ+.
14 Зондджын адӕймаг уыны йӕ фӕндаг*+, ӕнӕзонд та цӕуы саудалынджы+. Фӕлӕ ӕз федтон, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у+.
15 Ӕмӕ мӕхицӕн загътон+: «Ӕнӕзондмӕ цы кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы+, ахӕм кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕнмӕ дӕр»+. Ӕмӕ ма мӕ уӕд цӕмӕ хъуыди ахӕм стыр зонд?+ Ӕмӕ мӕхицӕн загътон: «Уый дӕр у дзӕгъӕлы».
16 Ӕнӕзонды ӕнустӕм куыд нӕ хъуыды кӕнынц, афтӕ нӕ хъуыды кӕндзысты зондджыны дӕр+. Райсом алчидӕр ферох уыдзӕн. Ӕмӕ зондджын дӕр амӕлдзӕн, ӕнӕзонд куыд амӕлы, афтӕ+.
17 Ӕмӕ мын цард фенад+, уымӕн ӕмӕ хуры бын цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдон мӕм фӕкастысты фыдӕбойнаг+. Ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау+.
18 Ӕмӕ мын фенад сты, хуры бын уӕззау фыдӕбон цӕуыл фӕкодтон, уыдӕттӕ иууылдӕр+, уымӕн ӕмӕ баззайдзысты, мӕ фӕстӕ чи уыдзӕн, уымӕн+.
19 Ӕмӕ йын чи цы зоны, зондджын уыдзӕн ӕви ӕнӕзонд?+ Фӕлӕ уый уыдзӕн хицау, хуры бын уӕззау фыдӕбон цӕуыл фӕкодтон, зонды фӕрцы цы сарӕзтон, ӕппӕт уыдӕттӕн+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы.
20 Ӕмӕ мӕ зӕрдӕ фӕрыст+, хуры бын уӕззау фыдӕбон цӕуыл фӕкодтон, ӕппӕт уыдӕттыл.
21 Вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймаг фӕфыдӕбон кӕны, нӕ бавгъау кӕны йӕ зонд, йӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ арӕхстдзинад+, фӕлӕ йӕ фӕллӕйттӕ баззайынц, чи сыл нӕ фыдӕбон кодта, уымӕн+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы ӕмӕ стыр бӕллӕх+.
22 Цы пайда сты адӕймагӕн, хуры бын уӕззау фыдӕбон цӕуыл кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы, ӕппӕт уыдӕттӕ?+
23 Цӕрӕнбонты йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты маст ӕмӕ катаимӕ+, ӕмӕ ма ӕхсӕв дӕр йӕ зӕрдӕ не ’рсабыр вӕййы+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы.
24 Царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна+. Ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, уый дӕр кӕй у ӕцӕг Хуыцауы лӕвар+.
25 Искӕмӕ ис мӕнӕй хуыздӕр+ хӕрд+ ӕмӕ нозт?
26 Хуыцауы цӕсты хорз адӕймаг чи у+, уымӕн уый дӕтты зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ циндзинад+. Тӕригъӕдджыны та бафтауы мулк ӕмӕ фӕллӕйттӕ ӕмбырд кӕныныл, цӕмӕй сӕ стӕй ныууадза, ӕцӕг Хуыцауы цӕсты хорз чи у, уыцы адӕймагӕн+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «йӕ цӕстытӕ сты йӕ сӕры».