Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

John Moore/Getty Images

Ӕнӕниздзинад. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Ӕнӕниздзинад. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

 «Кӕд ӕгас дунейы дӕр коронавирусы пандемийӕ фӕци, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕмы ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг нал у... Иннӕ пандемийӕ куы райдайа – уый та ӕнӕмӕнг уыдзӕн – уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм» (Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы сӕйраг директор Тедрос Адханом Гебрейесус, 2023 аз, 22 май).

 Коронавирусӕй рынчын чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕн се ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта ӕмӕ арӕхдӕр рынчыны кӕнынц психикӕимӕ баст низтӕй. Цымӕ хицауӕдтӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнӕг организацитӕ иннӕ пандемийӕмӕ цӕттӕ разындзысты? Сӕ бон у, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕной, ныртӕккӕ цы низтимӕ тох кӕнӕм, уыдонӕй?

 Библийӕ базонӕн ис, не ’ппӕт низтӕй дӕр нӕ чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы хицауады тыххӕй. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, «уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн... паддзахад», ома хицауад (Данел 2:44). Уыцы хицауад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд «адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Адӕм се ’ппӕт дӕр уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ хъаруджын (Иов 33:25).