Хуыцауы закъӕттӕ сыгъдӕгдзинады фӕдыл наукӕйы разӕй фесты
Иу-35 ӕнусы размӕ Израилы адӕм Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уымӕй сын гыццыл раздӕр Хуыцау загъта, кӕй сӕ хъахъхъӕндзӕн, Египеты цы «фыднизтӕ» зыдтой, уыдонӕй (Дыккаг закъон 7:15). Уый тыххӕй сын, зӕгъӕм, радта бӕлвырд амындтӕ сыгъдӕгдзинады фӕдыл ӕмӕ сӕ цы кӕнын хъуыди, цӕмӕй ма рынчын кодтаиккой ӕмӕ низтӕ ма парахат кодтаиккой, уый фӕдыл. Мӕнӕ цалдӕр цӕвиттоны:
Израилӕгты закъӕттӕм гӕсгӕ ӕнӕмӕнг уыди хи найын ӕмӕ уӕлӕдарӕс ӕхсын (Левит 15:4–27).
Адӕймаг ӕддӕмӕ цы ацӕуы, уыдоны тыххӕй Хуыцау загъта: «Цатырты ӕдде уын хъуамӕ уа хибар бынат, ӕмӕ-иу уырдӕм ацу. Дӕ хӕцӕнгӕрзтӕй уӕлдай ма демӕ хъуамӕ уа бел дӕр, ӕмӕ-иу цатырты ӕдде куы ’рбадай, уӕд-иу дзыхъхъ скъах ӕмӕ-иу дӕ чъизитӕ баныгӕн» (Дыккаг закъон 23:12, 13).
Хӕцгӕ низӕй рынчын ӕнхъӕл-иу кӕмӕй уыдысты, уыдоны-иу бакодтой карантины – рӕстӕгмӕ-иу сӕ иннӕтӕй ахибар кодтой. Йӕ низӕй-иу чи сдзӕбӕх, уыдон-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхыны размӕ хъуамӕ сӕ уӕлӕдарӕс ныхсадтаиккой ӕмӕ-иу сӕхи ныннадтаиккой, цӕмӕй-иу «сыгъдӕгыл» нымад ӕрцыдаиккой (Левит 14:8, 9).
Мардмӕ-иу чи бавнӕлдта, уый-иу бакодтой карантины (Левит 5:2, 3; Нымӕцтӕ 19:16).
Израилы закъӕтты медицинӕимӕ ӕмӕ сыгъдӕгдзинадимӕ баст фарстаты фӕдыл цы фыст уыд, уыдӕттӕ наукӕйы разӕй фесты.
Израилӕй фӕстӕмӕ иннӕ рӕтты сыгъдӕгдзинад нымады дӕр никӕмӕ уыд. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ:
Уынгтӕ тынг чъизи уыдысты чъизи дӕттӕй, хӕрынӕн чи нӕ бӕззыд, ахӕм хӕринӕгтӕй ӕмӕ алыхуызон ӕнӕхъӕугӕ уӕлдӕйттӕй, ӕмӕ уый аххосӕй бирӕтӕ рынчын кодтой ӕмӕ бирӕ сывӕллӕттӕ мард.
Раджы заманты дохтыртӕ бирӕ нӕ зыдтой кӕнӕ та ӕппындӕр ницы зыдтой бактериты ӕмӕ, низтӕ чи ӕвзӕрын кӕны, ахӕм микробты тыххӕй. Египетӕгтӕ сӕхи цы «хостӕй» дзӕбӕх кодтой, уыдон уыдысты, зӕгъӕм, гӕккуырийы туг, пеликаны фаджыс, мард мыст, мизынцъаг ӕмӕ хъуына дзул. Низтӕ дзӕбӕх кӕнгӕйӕ ма арӕх пайда кодтой, адӕймаг ӕддӕмӕ цы ацӕуы, уымӕй, стӕй фосы фаджысӕй.
Рагон Египеты цӕрджытыл-иу низтӕ бахӕцыд, Нилы цӕугӕдоны ӕмӕ дзы сӕ зӕххытӕм дон цы къанӕутты цыди, уым цы дуне алыхуызон паразиттӕ уыди, уыдонӕй. Египеты бирӕ гыццыл сывӕллӕттӕ марди гуыбыннизӕй ӕмӕ, чи нал фӕбӕззы, уыцы хӕринӕгтӕй чи фӕзыны, ӕндӕр ахӕм низтӕй.
Израилӕгтӕ та, Хуыцауы закъоны цы уагӕвӕрдтӕ уыд, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй цардысты, уый сын стыр пайда хаста ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ абаргӕйӕ ӕнӕниздӕр уыдысты.